1 Азфыстыты 2:1—55

2  Израилы+ фырттӕ уыдысты Рувим+, Симеон+, Леви+, Иудӕ+, Иссахар+, Завулон+,  Дан+, Иосиф+, Вениамин+, Неффалим+, Гад+ ӕмӕ Асир+.  Иудӕйы фырттӕ уыдысты Ир+, Онан+ ӕмӕ Шелӕ+. Ацы ӕртӕ лӕппуйы йын райгуырдысты Шуӕйы чызгӕй, ханаайнаг сылгоймагӕй. Иудӕйы хистӕр фырт Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, ӕмӕ йӕ Хуыцау амардта+.  Йӕ чындз Фамар+ ын ныййардта Фаресы+ ӕмӕ Зарайы. Иудӕйӕн ӕдӕппӕтӕй уыди фондз фырты.  Фаресы фырттӕ уыдысты Есром ӕмӕ Хамул+.  Зарайы+ фырттӕ уыдысты Зимри, Ефан, Еман, Халкол ӕмӕ Дардӕ+ – ӕдӕппӕтӕй фондз фырты.  Ахар* уыд Хармийы+ фырт. Уый Израилы+ фыдбылызы баппӕрста – сӕфты хай бакӕнын цы хъуыди, уый тыххӕй цы загъд уыд, уымӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд ракодта+.  Азари уыд Ефаны+ фырт.  Есромӕн+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон уыдысты Йерахмеил+, Арам+ ӕмӕ Хелувай*. 10  Арамӕн райгуырд Аминадав+, Аминадавӕн райгуырд Наассон+ – Иудӕйы мыггаджы хистӕр. 11  Наассонӕн райгуырд Салмон+. Салмонӕн райгуырд Вооз+. 12  Воозӕн райгуырд Овид+. Овидӕн райгуырд Йессей+. 13  Йессейӕн райгуырдысты: йӕ хистӕр фырт – Елиав+, дыккаг – Аминадав+, ӕртыккаг – Шимӕ+, 14  цыппӕрӕм – Нафанаил, фӕндзӕм – Раддай, 15  ӕхсӕзӕм – Оцем ӕмӕ ӕвдӕм – Давид+. 16  Сӕ хотӕ та уыдысты Саруйӕ ӕмӕ Авигейӕ+. Саруйӕйы фырттӕ уыдысты Авессӕ+, Иоав+ ӕмӕ Асаил+ – ӕдӕппӕтӕй ӕртӕ фырты. 17  Авигейӕйӕн та райгуырд Амессай+. Амессайӕн йӕ фыд уыд измаилаг Йефер+. 18  Есромы+ фырт Халевӕн лӕппутӕ райгуырд йӕ устытӕ Азувӕ ӕмӕ Йериофӕйӕ. Йӕ фырттӕ уыдысты Йешер, Шовав ӕмӕ Ардон. 19  Азувӕ куы амард, уӕд Халев ракуырдта Ефрафӕйы+, ӕмӕ йын уымӕй райгуырд Хур+. 20  Хурӕн райгуырд Ури+. Урийӕн та райгуырд Веселеил+. 21  Есром ӕмуат ӕрцыд Галаады+ фыд Махиры+ чызгимӕ. Куы йӕ ракуырдта, уӕд Есромыл цыд ӕхсай азы, ӕмӕ йын Махиры чызг ныййардта Сегувы. 22  Сегувӕн та райгуырд Иаир+. Иаирӕн Галаады зӕххыл уыди дыууын ӕртӕ горӕты+. 23  Фӕстӕдӕр сӕ Гессур+ ӕмӕ Сири+ байстой Хаввоф-Иаир+, ӕмӕ ма йемӕ Кенаф+ дӕр йӕ дӕлбар горӕттимӕ – ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты. Адон иууылдӕр уыдысты Галаады фыд Махиры фырттӕ. 24  Есром+ Халев-Ефрафӕйы куы амард, уый фӕстӕ йын йӕ ус Ави ныййардта Ашхуры, Фекойӕйы+ фыды*. 25  Есромӕн йӕ хистӕр фырт Йерахмеилы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Арам+, стӕй Вунӕ, Орен, Оцем ӕмӕ Ахи. 26  Йерахмеилӕн ма уыд ӕндӕр ус дӕр, Афарӕ, зӕгъгӕ. Уый уыд Онамы мад. 27  Йерахмеилы хистӕр фырт Арамы+ фырттӕ уыдысты Маац, Иамин ӕмӕ Екер. 28  Онамы+ фырттӕ уыдысты Шаммай ӕмӕ Иадӕ. Шаммайы фырттӕ уыдысты Надав ӕмӕ Авишур. 29  Авишурӕн йӕ ус хуынди Авихаилӕ, ӕмӕ йын ныййардта Ахбаны ӕмӕ Молиды. 30  Надавы+ фырттӕ уыдысты Селед ӕмӕ Афаим. Селед амард ӕнӕзӕнӕгӕй. 31  Иши уыд Афаимы фырт. Шешан+ уыд Ишийы фырт. Ахлай та уыд Шешаны фырт. 32  Шаммайы ӕфсымӕр Иадӕйы фырттӕ уыдысты Йефер ӕмӕ Ионафан. Йефер амард ӕнӕзӕнӕгӕй. 33  Ионафаны фырттӕ та уыдысты Пелеф ӕмӕ Зазӕ. Адон сты Йерахмеилы фырттӕ. 34  Шешанӕн+ лӕппутӕ нӕ уыд, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр чызджытӕ. Шешанӕн уыди египетаг лӕггадгӕнӕг+, Иархӕ, зӕгъгӕ. 35  Гъемӕ Шешан йӕ чызджы йӕ лӕггадгӕнӕг Иархӕйӕн радта, ӕмӕ йын ныййардта Аттайы. 36  Аттайӕн райгуырд Нафан. Нафанӕн та райгуырд Завад+. 37  Завадӕн райгуырд Ефлал. Ефлалӕн райгуырд Овид. 38  Овидӕн райгуырд Ииуй. Ииуйӕн райгуырд Азари. 39  Азарийӕн райгуырд Хелец. Хелецӕн райгуырд Елеасӕ. 40  Елеасӕйӕн райгуырд Сисмай. Сисмайӕн райгуырд Шаллум. 41  Шаллумӕн райгуырд Йеками. Йекамийӕн райгуырд Елишамӕ. 42  Йерахмеилы ӕфсымӕр Халевы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Месӕ, Зифы фыд, ӕмӕ Хевроны фыд Марешы фырттӕ. 43  Хевроны фырттӕ уыдысты Корей, Таппуах, Рекем ӕмӕ Шемӕ. 44  Шемӕйӕн райгуырд Рахам, Иоркеамы фыд. Рекемӕн райгуырд Шаммай. 45  Шаммайы фырт уыд Маон. Маон уыд Беф-Цуры+ фыд. 46  Халевӕн йӕ номылус Ефӕ ныййардта Хараны, Моцы ӕмӕ Газезы. Харанӕн райгуырд Газез. 47  Йегдайы фырттӕ уыдысты Регем, Иофам, Гешан, Пелет, Ефӕ ӕмӕ Шааф. 48  Халевӕн йӕ иннӕ номылус Маахӕ та ныййардта Шеверы ӕмӕ Фирханы. 49  Уый фӕстӕ та ныййардта Шаафы, Мадманӕйы+ фыды, ӕмӕ Шевӕйы, Махбен ӕмӕ Гевейы+ фыды. Халевы+ чызг та хуынди Ахсӕ+. 50  Адон иууылдӕр сты Халевы цот. Ефрафӕйӕн+ йӕ хистӕр фырт Хуры+ фырттӕ уыдысты Шовал+, Кириаф-Иаримы бындурӕвӕрӕг*+, 51  Салмон, Вифлеемы+ бындурӕвӕрӕг, ӕмӕ Хареф, Бефгадеры бындурӕвӕрӕг. 52  Кириаф-Иаримы бындурӕвӕрӕг Шовалы+ фырттӕ уыдысты Гарое ӕмӕ Менухоты адӕмы ӕмбис. 53  Кириаф-Иаримӕй цы мыггӕгтӕ рацыд, уыдон уыдысты: ифриӕгтӕ+, футиӕгтӕ, шумафӕгтӕ ӕмӕ мидраинӕгтӕ. Уыдонӕй рацыдысты цорафӕгтӕ+ ӕмӕ естаолӕгтӕ+. 54  Салмоны фырттӕ уыдысты Вифлеем+, стӕй нетофафӕгтӕ+, Атароф-Беф-Иоав, манахафӕгты ӕмбис ӕмӕ цорӕйӕгтӕ. 55  Иабецы+ цардысты писырты мыггӕгтӕ: тирейтӕ, шимейтӕ ӕмӕ сухайтӕ. Уыдон уыдысты кенейтӕ+, Рехавы+ хӕдзарвӕндаджы фыд Хамафӕй чи рацыд, уыдон.

Фиппаинӕгтӕ

ЙсН 7:1, 18 у «Ахан».
18, 19, 42 ст. у «Халев».
Кӕнӕ «бындурӕвӕрӕджы».
Кӕнӕ «Кириаф-Иаримы цӕрӕг адӕмы фыд».