1 Азфыстыты 21:1—30

21  Сайтан* Израилы ныхмӕ рацыд ӕмӕ Давиды уыцы зондыл скодта+, цӕмӕй Израилы адӕмы банымадтаид.  Ӕмӕ Давид Иоавӕн+ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ израилӕгты Вирсавийӕ+ суанг Даны+ онг банымайут+ ӕмӕ мын зӕгъут, цас сты, уый, цӕмӕй йӕ зонон»+.  Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Йегъовӕ йӕ адӕмы, цы сты, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр фӕкӕнӕд+. Мӕ буц хицау, паддзах, се ’ппӕт дӕр дӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты? Цӕмӕн фӕнды мӕ буц хицауы уыцы хъуыддаг бакӕнын?+ Израилы адӕмы тӕригъӕды цӕмӕн ӕфтауы?»  Фӕлӕ паддзахы ныхас+ Иоавы ныхасыл фӕтых. Гъемӕ Иоав дӕр ацыд+ ӕмӕ ӕнӕхъӕн Израилыл ӕрзылд, стӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+.  Ӕмӕ Иоав Давидмӕ бахаста, кӕй ныффыстой, уыцы адӕмы нымӕц: ӕгас Израилы уыди иу милуан сӕдӕ мин хӕстоны+, Иудӕйы та – цыппарсӕдӕ ӕвдай мин хӕстоны.  Фӕлӕ Иоав Левийы+ мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг семӕ нӕ банымадта+, уымӕн ӕмӕ йын паддзахы ныхас тынг ӕнад уыд.  Ацы хъуыддаг ӕцӕг Хуыцауы цӕсты уыд стыр тӕригъӕд+, ӕмӕ уый тыххӕй Израилы ӕрцавта.  Уӕд Давид ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ацы хъуыддаг кӕй бакодтон, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтон+. Курӕг дӕ дӕн, дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн+, уымӕн ӕмӕ тынг ӕнӕзонд ми бакодтон»+.  Ӕмӕ Йегъовӕ Гадӕн+, Давидӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг чи уыд, уымӕн+, загъта: 10  «Ацу ӕмӕ Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕнӕ дын ӕртӕ ӕфхӕрды+. Кӕцы дӕ фӕнды, уый дзы равзар, ӕмӕ дӕ афтӕ бафхӕрдзынӕн“»+. 11  Гад ӕрбацыд Давидмӕ+ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Равзар: 12  ӕртӕ азы ӕххормаг заман уа+, ӕртӕ мӕйы дӕ де знӕгтӕ цӕгъдой+ ӕмӕ дӕ сӕ хъама ӕййафа ӕви ӕртӕ боны зӕххыл цӕуа Йегъовӕйы хъама+, ома фыдниз+, Йегъовӕйы зӕд ӕгас Израилы зӕххыл цӕгъдгӕ+ куы ацӕуа, уӕд“. Уӕдӕ зӕгъ, цы дзуапп раттон, чи мӕ рарвыста, уымӕн». 13  Давид Гадӕн загъта: «Тынг зын мын у! Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау адӕмы къухтӕм бахауон+, фӕлтау Йегъовӕйы къухмӕ бахауон+, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тынг стыр у»+. 14  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Израилыл фыдниз бафтыдта+, ӕмӕ израилӕгтӕй фӕцагъды ӕвдай мины+. 15  Стӕй ма ӕцӕг Хуыцау Иерусалиммӕ арвыста зӕды дӕр, цӕмӕй адӕмы фӕцагътаид+. Ӕмӕ сӕ цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕ уый федта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст*, уыцы бӕллӕх сыл кӕй ӕруагъта, ууыл+. Ӕмӕ, адӕмы чи цагъта, уыцы зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у!+ Ӕруадз дӕ къух». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕд лӕууыд йевусаг+ Орнӕйы*+ найгӕнӕн мусы цур. 16  Давид акаст ӕмӕ федта Йегъовӕйы зӕды+, уый лӕууыд зӕхх ӕмӕ арвы ’хсӕн, йӕ къухы та уыд хъама+. Зӕд йӕ хъама дардта Иерусалимы ’рдӕм. Ӕмӕ уӕд Давид ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ+, афтӕмӕй дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+. 17  Ӕмӕ Давид ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Ӕз нӕ ракодтон тӕригъӕд ӕмӕ ӕз нӕ сарӕзтон фыдхъуыддаг?+ Фӕлӕ ацы фыстӕ+ та цы ракодтой? О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, курын дӕ, фӕлтау мӕн ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар ӕрцӕв, фӕлӕ дӕ адӕмы ма ныццӕгъд»+. 18  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы зӕд Гадӕн+ загъта, зӕгъгӕ, Давидӕн зӕгъ, цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ Йегъовӕйӕн йевусаг Орнӕйы найгӕнӕн мусы нывондхӕссӕн сараза+. 19  Гъемӕ Давид дӕр ацыд, Гад ын Йегъовӕйы номӕй куыд загъта, афтӕ+. 20  Уыцы рӕстӕг Орнӕ+ мӕнӕу най кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ зӕды федта. Уым йемӕ уыдысты йӕ цыппар фырты дӕр, ӕмӕ уыдон бамбӕхстысты. 21  Уӕдмӕ Давид дӕр Орнӕйы размӕ ӕрбахӕццӕ. Орнӕ куы акаст ӕмӕ Давиды куы федта+, уӕд уайтагъд найгӕнӕн мусӕй рацыд, Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта. 22  Давид Орнӕйӕн загъта: «Дӕ найгӕнӕн мус мын ратт, цӕмӕй йӕ бынаты Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн саразон. Йӕ аргъ+ дын ӕнӕхъӕнӕй бафиддзынӕн+, ӕмӕ мын ӕй ратт, цӕмӕй адӕм мауал цагъды кӕной»+. 23  Фӕлӕ Орнӕ Давидӕн загъта: «Афтӕ йӕ айс+, ӕмӕ мӕ буц хицауы, паддзахы цыдӕриддӕр фӕнды, уый бакӕнӕд. Мӕнӕ дын стуртӕ+ судзинаг нывондӕн, найгӕнӕн+ дзоныгъ – сугӕн+, мӕнӕу та – хоры кувинагӕн. Иууылдӕр сӕ дӕттын»+. 24  Фӕлӕ паддзах Давид Орнӕйӕн загъта: «Нӕ, ӕлхӕнгӕ йӕ кӕнын, йӕ аргъ дын ӕнӕхъӕнӕй бафиддзынӕн+. Ӕз Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, дӕу цы у ӕмӕ мӕм лӕвар цы ’рхауд, уый не ’рхӕсдзынӕн». 25  Ӕмӕ Давид Орнӕйӕн уыцы бынаты тыххӕй радта ӕхсӕзсӕдӕ сиклы сызгъӕрин+. 26  Давид уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн+ сарӕзта, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ йыл фарны нывӕндтӕ ӕрхаста ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+, ӕмӕ йын уый йӕ куывд фехъуыста – судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл уыд, уыцы нывондхӕссӕныл уӕларвӕй арт+ рауагъта. 27  Уый фӕстӕ Йегъовӕ зӕдӕн загъта+, цӕмӕй йӕ хъама фӕстӕмӕ йӕ кӕрддзӕмы нывӕрдтаид, ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта. 28  Давид куы федта, Йегъовӕ йын йевусаг Орнӕйы найгӕнӕн мусы йӕ куывд кӕй фехъуыста, уӕд нывӕндтӕ хӕссын уым райдыдта+. 29  Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы цатыр, Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уый, ӕмӕ, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн уыдысты Гаваоны кувӕн бынаты+. 30  Давидӕн йӕ бон нӕ уыд уырдӕм Хуыцауы бафӕрсынмӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ тарст+ Йегъовӕйы зӕды хъамайӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Ныхмӕлӕууӕг».
2См 24:16 у «Аравнӕ».
Комк. «Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта».