1 Азфыстыты 26:1—32

26  Адон сты дуаргӕсты+ къордтӕ. Корейы+ байзӕддӕгтӕй: Мешелеми+, Корӕйы фырт, Асафы фырттӕй.  Мешелемийы фырттӕ уыдысты: хистӕр фырт – Захари, дыккаг – Йедиаил, ӕртыккаг – Зевади, цыппӕрӕм – Иафниил,  фӕндзӕм – Елам, ӕхсӕзӕм – Йегъоханан, ӕвдӕм – Елегоенай.  Овед-Едомы+ фырттӕ уыдысты: хистӕр фырт – Шемайӕ, дыккаг – Йегъозавад, ӕртыккаг – Иоах, цыппӕрӕм – Сахар, фӕндзӕм – Нафанаил,  ӕхсӕзӕм – Амиил, ӕвдӕм – Иссахар, ӕстӕм – Пеулфай. Хуыцау ын афтӕ раарфӕ кодта+.  Йӕ фырт Шемайӕйӕн райгуырд фырттӕ. Уыдон уыдысты сӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдысты сӕрӕн ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ.  Шемайӕйы фырттӕ уыдысты Офни, Рефаил, Овид, стӕй Елзавад – йе ’фсымӕртӕ Елиуй ӕмӕ Семахи уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ.  Адон иууылдӕр уыдысты Овед-Едомы фырттӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се ’фсымӕртӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, лӕггад кӕнынмӕ хорз чи арӕхст, ахӕмтӕ. Овед-Едомы фырттӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай дыууӕ адӕймаджы.  Мешелемийы+ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыдысты ӕстдӕс, уыдон уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ. 10  Мерарийы байзӕддӕгтӕй чи уыд, уыцы Хосӕйӕн уыд фырттӕ. Хистӕр уыд Шимри – хистӕр фырт уый нӕ уыд+, фӕлӕ йӕ йӕ фыд хистӕрӕй сӕвӕрдта+. 11  Дыккаг уыд Хелки, ӕртыккаг – Тевали, цыппӕрӕм – Захари. Хосӕйы фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртындӕс. 12  Дуаргӕсты къордты хистӕртӕн дӕр ӕмӕ се ’фсымӕртӕн дӕр+ Йегъовӕйы хӕдзары лӕггадгӕнгӕйӕ уыди сӕхи хӕстӕ. 13  Ӕмӕ гыццыл бинонтӕ дӕр ӕмӕ стыр бинонтӕ дӕр сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+ хӕлттӕ сӕппӕрстой+, чи сӕ кӕцы кулдуары раз лӕудзӕн, уый сбӕрӕг кӕнынӕн. 14  Скӕсӕн фарс ӕрхауд Шелемимӕ+. Стӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой йӕ фырт Захарийӕн+, зондджын уынаффӕгӕнӕгӕн+, ӕмӕ уымӕ та ӕрхауд цӕгат фарс+. 15  Овед-Едоммӕ ӕрхауд хуссар фарс, йӕ фырттӕм+ та – къӕбицтӕ+. 16  Шупим ӕмӕ Хосӕмӕ+ ӕрхауд ныгуылӕн фарс. Уый ис Шаллехеты кулдуары цур, хӕрдмӕ чи цӕуы, уыцы стыр фӕндаджы раз. Хъахъхъӕнджыты иу къорд+ лӕууыд иннӕ къорды раз+. 17  Скӕсӕнырдыгӕй лӕууыд ӕхсӕз левиты, цӕгатырдыгӕй алы бон дӕр – цыппар, хуссарырдыгӕй алы бон дӕр+ – цыппар, къӕбицты+ раз та – дыууӕ хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ ма сӕ фарсмӕ ноджыдӕр дыууӕ хъахъхъӕнӕджы. 18  Ныгуылӕнырдыгӕй, тыргъ кӕм уыди, уым цыппарӕй лӕууыдысты стыр фӕндаджы раз+, дыууӕйӕ та – тыргъы раз. 19  Адон уыдысты, Корейы+ фырттӕй ӕмӕ Мерарийы+ фырттӕй дуаргӕстӕ чи уыд, уыдоны къордтӕ. 20  Иннӕ левиттӕй та Ахийӕн йӕ бар уыдысты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕ+ ӕмӕ-иу Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдон+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕттӕ. 21  Гирсоны байзӕддаг чи уыд, уыцы Лаеданы+ фырттӕй, ома Гирсоны байзӕддаг Лаеданӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕй дзы уыд Йехиел+. 22  Йехиелы фырттӕн, Зефам ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоилӕн+, сӕ бар уыдысты Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадӕттӕ+. 23  Амрамы фырттӕй, Ицгары фырттӕй, Хевроны фырттӕй ӕмӕ Узиилы+ фырттӕй та дзы уыд: 24  Шевуил+, Моисейӕн йӕ фырт Гирсоны фырт, уый уыд къӕбицты хицау. 25  Йе ’фсымӕртӕй, Елиезеры+ фырттӕй дзы уыд: йӕ фырт Рехави+, уый фырт Йешайӕ, уый фырт Иорам, уый фырт Зихри ӕмӕ уый фырт Шеломоф. 26  Паддзах Давид+, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, минты сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон, стӕй ӕфсады хистӕртӕ Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдон+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕттӕ уыдысты Шеломоф ӕмӕ йе ’фсымӕрты бар. 27  Хӕстыты-иу+ знагӕй цы байстой+, уымӕн-иу йӕ иу хай снывонд кодтой Йегъовӕйы хӕдзармӕ зилынӕн. 28  Цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ Самуил, Кисы фырт Саул, Ниры фырт Авенир+ ӕмӕ Саруйӕйы+ фырт Иоав+ Хуыцауӕн цы снывонд кодтой ӕмӕ адӕм дӕр Хуыцауӕн цыдӕриддӕр снывонд кодтой, уыдон иууылдӕр уыдысты Шеломиф ӕмӕ йе ’фсымӕрты бар. 29  Ицгары+ фырттӕй дзы уыди Хенани ӕмӕ йӕ фырттӕ. Уыдон Израилы уыдысты хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ+, ӕмӕ сӕ хӕстӕ баст уыдысты, Хуыцауы хӕдзары ӕдде+ цы хъуыддӕгтӕ уыд, уыдонимӕ. 30  Хевроны+ фырттӕй: Хашави ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ – иу мин авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы+. Уыдонӕн сӕ бар уыдысты, Израилы Иорданӕй ныгуылӕнырдӕм цы зӕххытӕ уыд, уым Йегъовӕйӕн ӕмӕ паддзахӕн лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон. 31  Хевроны фырттӕй Йери+ уыд, Хевронӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕр. Давид цыппорӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд Хевроны фыртты ’хсӕн агурын райдыдтой хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты ӕмӕ сӕ ссардтой Иазеры+, Галаады+ зӕххыл. 32  Йе ’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ+ – ӕдӕппӕтӕй дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы. Ӕмӕ сӕ паддзах Давид сӕвӕрдта Рувимы мыггаджы, Гады мыггаджы ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисы сӕргъы. Сӕ бар уыдысты ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ӕмӕ паддзахы хъуыддӕгтӕ+ дӕр.

Фиппаинӕгтӕ