1 Азфыстыты 7:1—40
7 Иссахары фырттӕ уыдысты Фолӕ+, Фуӕ+, Иашув ӕмӕ Шимрон+ – цыппар фырты.
2 Фолӕйы фырттӕ уыдысты Уззи, Рефайӕ, Йериил, Иахмай, Ивсам ӕмӕ Самуил – се ’ппӕт дӕр хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Фолӕйӕ рацыд хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕм. Давиды+ рӕстӕджы уыдысты дыууын дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.
3 Уззийы фырттӕ уыдысты: Израхи. Израхийы фырттӕ уыдысты Михаил, Овади, Иоил, Ишши ӕмӕ...* – фондз фырты. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ.
4 Уыдис сын, хӕсты рӕстӕг хӕцынмӕ чи рацыдаид, ахӕм ӕфсӕдтӕ – чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Уыцы ӕфсӕдты уыд ӕртын ӕхсӕз мин хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕмӕ бирӕ фырттӕ уыд+.
5 Се ’фсымӕртӕ, Иссахары байзӕддӕгтӕ, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ+. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕстай авд мины+.
6 Вениамины+ фырттӕ уыдысты Белӕ+, Бехер+ ӕмӕ Йедиаил+ – ӕртӕ фырты.
7 Белӕйы+ фырттӕ уыдысты Ецбон, Уззи, Узиил, Йеримоф ӕмӕ Ири – фондз фырты. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ уыдысты дыууын дыууӕ мин ӕртын цыппар адӕймаджы.
8 Бехеры фырттӕ уыдысты Земирӕ, Иоас, Елиезер, Елиоенай, Амври, Йеремоф, Ави, Анафоф ӕмӕ Алемеф. Адон иууылдӕр сты Бехеры фырттӕ.
9 Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ уыдысты дыууын мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы, фыст уыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ, ома сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты нӕмттӕм гӕсгӕ. Се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ.
10 Йедиаилы+ фырттӕ уыдысты: Билган. Билганы фырттӕ уыдысты Йеус, Вениамин, Аод, Хенаан, Зефан, Фарсис ӕмӕ Ахишахар.
11 Йедиаилы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты нӕмттӕм гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы, хӕцынхъом чи уыд, ахӕмтӕ. Се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ+.
12 Иры+ фырттӕ уыдысты Шупим+ ӕмӕ Хуппим+. Хушим уыд Ахеры фырт.
13 Неффалимы+ фырттӕ уыдысты Иахцеил+, Гуни+, Йецер ӕмӕ Шаллум+. Адон сты Валлӕйы+ цот.
14 Манассийӕн+ уыди фырттӕ. Йӕ иу фырт уыд Асриил, ныййардта йын ӕй йӕ сириаг номылус. (Уыцы номылус ныййардта Махиры+, Галаады фыды.
15 Махир Хуппимӕн ӕмӕ Шупимӕн устытӕ ӕрхаста, сӕ хо та хуынди Маахӕ.) Йӕ иннӕ фырт хуынди Салпаад+. Салпаадӕн уыди ӕрмӕстдӕр чызджытӕ+.
16 Махирӕн йӕ ус Маахӕ фырт ныййардта ӕмӕ йӕ схуыдта Кереш. Йе ’фсымӕр та хуынди Шереш. Йӕ фырттӕ уыдысты Улам ӕмӕ Рекем.
17 Бедан уыд Уламы фырт. Адон иууылдӕр сты Манассийы фырт Махирӕн йӕ фырт Галаады фырттӕ.
18 Уыди йын хо дӕр, Молехеф, зӕгъгӕ. Молехеф ныййардта Ишгоды, Авиезеры+ ӕмӕ Махлӕйы.
19 Шемидӕйы фырттӕ уыдысты Ахиан, Сихем, Ликхи ӕмӕ Аниам.
20 Ефремы+ фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Шутелах+, Шутелахы фырт Беред, Береды фырт Тахаф, Тахафы фырт Елеадӕ, Елеадӕйы фырт Тахаф,
21 Тахафы фырт Завад, Завады фырт Шутелах, стӕй ма Езер ӕмӕ Елеад дӕр. Езер ӕмӕ Елеады амардтой Гефы+ цӕрджытӕ, ома уыцы зӕххыл чи райгуырд, уыдон, сӕ фос байсынмӕ сӕм кӕй ӕрбацыдысты, уый тыххӕй.
22 Сӕ фыд Ефрем сыл бирӕ рӕстӕг куыдта+, ӕмӕ-иу ӕм йе ’фсымӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕй сабыр кодтой.
23 Уый фӕстӕ йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ус басывӕрджын+ ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ӕмӕ йӕ Ефрем схуыдта Бери*, уымӕн ӕмӕ йын ӕй, йӕ бинонтыл фыдбылыз+ куы ’рцыд, уӕд ныййардта.
24 Йӕ чызг та хуынди Шеерӕ. Шеерӕ сарӕзта Дӕллаг+ ӕмӕ Уӕллаг+ Беф-Орон+, стӕй Уззен-Шеерӕ.
25 Рефай ӕмӕ Решеф уыдысты Ефремы байзӕддӕгтӕ. Решефы фырт уыд Фелах, Фелахы фырт Тахан,
26 Таханы фырт Лаедан, Лаеданы фырт Амиуд, Амиуды фырт Елишамӕ,
27 Елишамӕйы фырт Навин+, Навины фырт Йесо+.
28 Сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдысты Вефил+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, скӕсӕнырдыгӕй – Нааран+, ныгуылӕнырдыгӕй – Газер+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Сихем+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, суанг Газӕ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты онг,
29 Манассийы фыртты фарсмӕ – Беф-Сан+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Фаанах+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Мегиддо+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Дор+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ. Уыцы горӕтты цардысты Израилы фырт Иосифы+ фырттӕ.
30 Асиры+ фырттӕ уыдысты Имнӕ+, Ишвӕ, Ишви+ ӕмӕ Бери+. Серах та уыд сӕ хо.
31 Берийы фырттӕ уыдысты Хевер ӕмӕ Малхиил, Бирзаифы фыд.
32 Хеверӕн райгуырдысты Иафлет, Шомер ӕмӕ Хофам, стӕй сӕ хо Шуӕ.
33 Иафлеты фырттӕ уыдысты Пасах, Бимгал ӕмӕ Ашваф. Адон сты Иафлеты фырттӕ.
34 Шемеры фырттӕ уыдысты Ахи, Рохгӕ, Ихуббӕ ӕмӕ Арам.
35 Йе ’фсымӕр Гелемы фырттӕ уыдысты Цофах, Имнӕ, Шелеш ӕмӕ Амал.
36 Цофахы фырттӕ уыдысты Суах, Харнефер, Шуал, Бери, Имрӕ,
37 Бецер, Год, Шаммӕ, Шилшӕ, Ифран ӕмӕ Беерӕ.
38 Йеферы фырттӕ уыдысты Йефонни, Фиспӕ ӕмӕ Арӕ.
39 Уллӕйы фырттӕ уыдысты Арах, Ханниил ӕмӕ Рици.
40 Адон иууылдӕр уыдысты Асиры фырттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, хуыздӕр хӕстонтӕ, хъӕбатыр+ ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ, ӕфсады хистӕрты сӕргълӕуджытӕ. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ сӕм, хӕсты рӕстӕг хӕцынмӕ чи рацыдаид, ахӕмтӕ уыди дыууын ӕхсӕз мин адӕймаджы+.