1 Азфыстыты 9:1—44

9  Израилӕгты се ’ппӕты дӕр хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕм бахастой+ ӕмӕ сӕ Израилы паддзӕхты чиныджы ныффыстой. Иудӕйы адӕмы та Вавилонмӕ уацары акодтой+, Хуыцауыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты, уый тыххӕй.  Сӕ зӕххытӕм, сӕ горӕттӕм фӕстӕмӕ фыццаг ӕрыздӕхтысты израилӕгтӕ+, сауджынтӕ+, левиттӕ+ ӕмӕ нефинейтӕ*+.  Иерусалимы+ цардысты Иудӕйы+ фырттӕй, Вениамины+ фырттӕй, стӕй Ефрем ӕмӕ Манассийы фырттӕй иуӕй-иутӕ:  Уфай (Уфай уыд Амиуды фырт, Амиуд – Амврийы фырт, Амври – Имрийы фырт, Имри – Ванийы фырт, Вани – Фаресы+ фырттӕй, Фарес та уыд Иудӕйы+ фырт),  Шелӕйы байзӕддӕгтӕй+ – йӕ хистӕр фырт Асайӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ,  Зарайы+ фырттӕй – Йеуил ӕмӕ сӕ ӕхсӕзсӕдӕ нӕуӕдз ӕфсымӕры.  Вениамины фырттӕй: Саллу (Саллу уыд Мешулламы фырт, Мешуллам – Годавийы фырт, Годави – Гассенуйы фырт),  стӕй Йерохамы фырт Ивни ӕмӕ Илӕ (Илӕ уыд Уззийы фырт, Уззи та – Михрийы фырт), стӕй Мешуллам (Мешуллам уыд Сафатийы фырт, Сафати – Рагуилы фырт, Рагуил та – Ивнийы фырт).  Се ’фсымӕртӕ фыст уыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ уыдысты фарастсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз адӕймаджы. Се ’ппӕт дӕр – хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. 10  Сауджынтӕй: Йедайӕ, Йегъоиарив, Иахин+ 11  ӕмӕ Азари+, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хистӕртӕй сӕ иу (Азари уыд Хелкийы фырт, Хелки – Мешулламы фырт, Мешуллам – Садокы фырт, Садок – Мераиофы фырт, Мераиоф та – Ахитувы фырт), 12  Адай (Адай уыд Йерохамы фырт, Йерохам – Пашхуры фырт, Пашхур – Малхийы фырт) ӕмӕ Маасай (Маасай уыд Адиилы фырт, Адиил – Иахзеры фырт, Иахзер – Мешулламы фырт, Мешуллам – Мешиллемифы+ фырт, Мешиллемиф та – Иммеры фырт), 13  стӕй се ’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, иу мин авдсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы, тыхджын лӕгтӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уый аразынмӕ чи арӕхст+, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ. 14  Левиттӕй: Шемайӕ (Шемайӕ уыд Хашшувы фырт, Хашшув – Азрикамы фырт, Азрикам – Хашавийы+ фырт, Мерарийы фырттӕй), 15  Вакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Матфани (Матфани+ уыд Михайы+ фырт, Миха – Зихрийы+ фырт, Зихри та – Асафы+ фырт), 16  стӕй Овади (Овади уыд Шемайӕйы+ фырт, Шемайӕ – Галалы фырт, Галал – Идифуны+ фырт, Идифун – Берехийы фырт, Берехи – Асӕйы фырт, Асӕ та – Елхъаны фырт. Уый цард нетофафӕгты+ хъӕуты). 17  Дуаргӕстӕ+ уыдысты Шаллум+, Аккув, Талмон ӕмӕ Ахиман. Се ’фсымӕр Шаллум сын уыд хистӕр. 18  Раздӕр уый лӕууыд паддзахы кулдуары+ раз, скӕсӕнырдыгӕй. Ацы дуаргӕстӕ хъахъхъӕдтой Левийы+ фыртты цатыртӕ. 19  Шаллум (Шаллум уыд Корӕйы фырт, Корӕ – Евиасафы+ фырт, Евиасаф та – Корейы+ фырт+) ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, Корейы байзӕддӕгтӕ+, дзуапп лӕвӕрдтой, цатыры дуаргӕстӕм+ цы куыст хауд, уымӕн, сӕ фыдӕлтӕн та бахӕс кодтой, Йегъовӕ кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм бахизӕн хъахъхъӕнын. 20  Раздӕр сӕ хистӕр уыд Елеазары+ фырт Финеес+. Йегъовӕ уыди йемӕ+. 21  Мешелемийы фырт Захари+ дуаргӕсӕй лӕууыд ӕмбырды цатыры бахизӕны. 22  Къӕсӕртӕ хъахъхъӕнджытӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс адӕймаджы. Ӕмӕ цардысты+ сӕ цӕрӕнбынӕтты, сӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды+ куыд фыст уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Давид+ ӕмӕ, цӕстылуайӕнтӕ+ чи уыдта, уыцы Самуил сӕ сӕвӕрдтой уыцы бынӕтты, ӕууӕнкджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй+. 23  Уыдонӕн ӕмӕ сӕ фырттӕн сӕ хӕс уыд Йегъовӕйы хӕдзары кулдуӕрттӕ, ома цатыр*, хъахъхъӕнын+. 24  Дуаргӕстӕ лӕууыдысты цыппарырдыгӕй: скӕсӕнырдыгӕй+, ныгуылӕнырдыгӕй+, цӕгатырдыгӕй+ ӕмӕ хуссарырдыгӕй+. 25  Се ’фсымӕртӕ-иу сӕм, кӕм цардысты, уырдыгӕй авд+ бонмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу сын ӕххуыс кодтой. 26  Дуаргӕстӕй цыппар арӕхстджын лӕгӕн, ӕууӕнкджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй, сӕ бар бакодтой ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕрӕндӕттӕ+ ӕмӕ хӕзнадӕттӕ+. Уыдон уыдысты левиттӕ. 27  Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв-иу лӕууыдысты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары алыварс, уымӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнджытӕй+ сӕвӕрдтой. Стӕй ма сын сӕ бар бакодтой дӕгъӕл дӕр, цӕмӕй-иу райсомӕй дуӕрттӕ байгом кодтаиккой+. 28  Иутӕ сӕ дзуапп лӕвӕрдтой, лӕггад кӕнгӕйӕ цы мигӕнӕнтӕй+ архайдтой, уыдоны тыххӕй: куы-иу сӕ ӕрбахастой, уӕд дӕр-иу сӕ банымадтой, ӕмӕ-иу сӕ куы рахастой, уӕд дӕр. 29  Иннӕтӕ та дзуапп лӕвӕрдтой иннӕ мигӕнӕнты тыххӕй, стӕй табуйаг+ дзауматы тыххӕй ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр ссад+, сӕн+, сой+, буд+ ӕмӕ бальзамы сойы+ тыххӕй дӕр. 30  Сауджынты фырттӕй чидӕртӕ бальзамы сойӕ арӕзтой хӕрздӕф сойтӕ+. 31  Левит Маттифи, Корейы байзӕддӕгтӕй Шаллумы+ хистӕр фырт, ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый тыххӕй, дзуапп лӕвӕрдта, тебӕты цы фыхтой, уый тыххӕй+. 32  Се ’фсымӕртӕн, ома Каафы байзӕддӕгтӕй кӕмӕндӕрты, бахӕс кодтой, цӕмӕй-иу алы сабат+ дӕр скодтаиккой нывонд дзултӕ+. 33  Уыцы зарӕггӕнджытӕ+ уыдысты левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕмӕ-иу уыдысты хӕрӕндӕтты+. Уыдон иннӕ куыстытӕй сӕрибар уыдысты+, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ куысты лӕуд уыдысты+. 34  Адон сты левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сӕргълӕуджытӕ, фыст ӕрцыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ цардысты Иерусалимы+. 35  Гаваоны фыд Йеиел цард Гаваоны+. Йӕ ус хуынди Маахӕ. 36  Йӕ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Авдон, стӕй Цур, Кис, Ваал, Нир, Надав, 37  Гедор, Ахио, Захари+ ӕмӕ Миклоф. 38  Миклофӕн райгуырд Шимеам. Уыдон се ’фсымӕртимӕ цардысты Иерусалимы, сӕ иннӕ ӕфсымӕрты фарсмӕ. 39  Нирӕн+ райгуырд Кис+. Кисӕн райгуырд Саул+. Саулӕн райгуырдысты Ионафан+, Малхисуа+, Аминадав+ ӕмӕ Ешваал+. 40  Ионафаны фырт уыд Мерив-Ваал+. Мерив-Ваалӕн райгуырд Миха+. 41  Михайы фырттӕ уыдысты Пифон, Мелех, Фарей ӕмӕ Ахаз+. 42  Ахазӕн райгуырд Иаер. Иаерӕн райгуырдысты Алемеф, Азмавеф ӕмӕ Зимри. Зимрийӕн райгуырд Моцӕ. 43  Моцӕйӕн райгуырд Биней, Бинейӕн райгуырд Рефай, Рефайӕн+ – Елеасӕ, Елеасӕйӕн та – Ацел. 44  Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты. Сӕ нӕмттӕ сты Азрикам, Бохру, Измаил, Шеари, Овади ӕмӕ Ханан. Адон сты Ацелы+ фырттӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Ома «кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы цагъартӕ». Комк. «лӕвӕрд чи у, уыдон». Кӕс Нм 3:9, фип.
Комк. «цатыры хӕдзар».