1 Иоанны 3:1—24
3 Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта+ – мах хуыйнӕм Хуыцауы хъӕбултӕ!+ Ӕмӕ мах ӕцӕгдӕр йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне+ дӕр нӕ уымӕн нӕ зоны, ӕмӕ Хуыцауы нӕ базыдта+.
2 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, мах ныр стӕм Хуыцауы хъӕбултӕ+, фӕлӕ фидӕны цыхуызӕн уыдзыстӕм, уый нӕма раргом+. Ӕрмӕст зонӕм уый, ӕмӕ, куы раргом уа+, уӕд уый хуызӕн суыдзыстӕм+, уымӕн ӕмӕ, цыхуызӕн у, ахӕмӕй йӕ фендзыстӕм+.
3 Ӕмӕ уыцы ныфс кӕмӕн ис, уыдон иууылдӕр сӕхи сыгъдӕг кӕнынц+, уымӕн ӕмӕ уый сыгъдӕг у+.
4 Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи кӕны+, уый закъон халы+. Уымӕ гӕсгӕ, тӕригъӕдджын+ хъуыддаг ракӕнын ӕмӕ закъон фехалын иу у.
5 Сымах ма уый дӕр зонут, Чырысти уый тыххӕй кӕй раргом, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсса+. Йӕхӕдӕг та у ӕнӕтӕригъӕд+.
6 Ӕмӕ йемӕ иудзинады+ чидӕриддӕр ис, уый тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ нӕ кӕны+. Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй та йӕ иу дӕр уынгӕ дӕр нӕ фӕкодта, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакодта+.
7 Мӕ хъӕбултӕ, мачи уӕ фӕсайӕд. Раст хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый у рӕстгӕнӕг, Чырысти куыд у рӕстгӕнӕг+, афтӕ.
8 Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та у Хӕйрӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг райдианӕй фӕстӕмӕ+ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ кӕны. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй ӕрцыд+, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала+.
9 Хуыцауӕй чи райгуырд, уый тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ нӕ кӕны+, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг ис йӕ сыгъдӕг тых*. Ахӕм адӕймагӕн тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ кӕнын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕй райгуырд+.
10 Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты афтӕ ис базонӕн: раст хъуыддӕгтӕ+ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр+.
11 Уӕ зӕрдыл дарут, райдианы+ кӕй фехъуыстат, уыцы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм+
12 ӕмӕ, Фыдбылызӕй чи уыд ӕмӕ йе ’фсымӕры фыдмард+ чи акодта, уыцы Каины хуызӕн ма уӕм. Фыдмард та йӕ цӕмӕн акодта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ уыдысты хӕрам+, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст+.
13 Ме ’фсымӕртӕ, ацы дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, ууыл дис ма кӕнут+.
14 Мах ӕй зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рацыдыстӕм+, уымӕн ӕмӕ уарзӕм не ’фсымӕрты+. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый та мӕлӕты къухы ис+.
15 Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны+, уый у лӕгмар+. Сымах та йӕ зонут: лӕгмарӕн+ ӕнусон цардӕй хай нӕй+.
16 Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам+, Чырысти йӕ уд* мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй+. Ӕмӕ мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй не ’фсымӕрты тыххӕй нӕ удтӕ дӕттӕм+.
17 Фӕлӕ, хъуаг чи ницӕмӕй ӕййафы+, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына+ ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна+, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы?+
18 Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй+ ма уарзӕм+, фӕлӕ хъуыддагӕй+, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+.
19 Гъе уымӕй базондзыстӕм, рӕстдзинады*+ фарс кӕй стӕм, уый, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕууӕндын кӕндзыстӕм, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, ууыл.
20 Ӕмӕ ныл нӕ зӕрдӕ цыфӕнды хъуыддаджы тыххӕй ма худа+, уӕддӕр Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны+.
21 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, нӕ зӕрдӕ ныл куы нӕ худа, уӕд нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы раз ныфсджынӕй дзурын+.
22 Ӕмӕ дзы цыфӕнды ма ракурӕм, – райсдзыстӕм ӕй+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм+.
23 Йӕ фӕдзӕхст та у ахӕм: хъуамӕ ӕууӕндӕм йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл*+ ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм+, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.
24 Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уый Хуыцауимӕ иудзинады ис, ӕмӕ Хуыцау дӕр йемӕ ис иудзинады+. Цы сыгъдӕг тыхӕй* нӕ схайджын кодта+, уый фӕрцы йӕ зонӕм, Хуыцау немӕ иудзинады кӕй ис+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «мыггаг».
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
^ Комк. «Йесо Чырыстийы номыл».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.