1 Иоанны 4:1—21
4 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, алы пехуымпар-ныхасыл ма ӕууӕндут+, фӕлӕ-иу базонут, пехуымпар-ныхӕстӕ Хуыцауӕй сты ӕви нӕ+, уымӕн ӕмӕ дунейы бирӕ мӕнг пехуымпартӕ фӕзынд+.
2 Пехуымпар-ныхас Хуыцауӕй кӕй у, уый афтӕ базондзыстут+: Йесо Чырысти адӕймагӕй ӕрцыд, зӕгъгӕ, цы пехуымпар-ныхас дзуры, уый Хуыцауӕй у+.
3 Йесойы тыххӕй афтӕ чи нӕ дзуры, уыцы пехуымпар-ныхас та Хуыцауӕй нӕу+. Уыцы пехуымпар-ныхас у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕгӕй. Ӕмӕ уый кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй сымах хъусгӕ дӕр фӕкодтат+, ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр дунейы ис+.
4 Мӕ хъӕбултӕ, сымах стут Хуыцауӕй, ӕмӕ мӕнг пехуымпартыл фӕуӕлахиз стут+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, уемӕ иудзинады чи ис+, уый, бирӕ уӕлдӕр у+ Хӕйрӕгӕй, ацы дунеимӕ иудзинады чи ис, уымӕй+.
5 Уыдон сты ацы дунейӕ+, ӕмӕ дзургӕ дӕр кӕнынц, ацы дунейӕ цы цӕуы, уый. Ӕмӕ сӕм ацы дуне хъусы+.
6 Мах та стӕм Хуыцауӕй+, ӕмӕ, Хуыцауы чи базоны, уый нӕм хъусы+. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы+. Афтӕмӕй нӕ бон у базонын, пехуымпар-ныхӕстӕй ӕцӕг кӕцы у ӕмӕ мӕнг кӕцы у, уый+.
7 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм+, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад+ Хуыцауӕй цӕуы. Ӕмӕ чидӕриддӕр уарзы, уый райгуырд Хуыцауӕй+ ӕмӕ Хуыцауы зоны+.
8 Чи нӕ уарзы, уый та Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад+.
9 Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста+, ӕмӕ йӕ иунӕг* Фырты+ дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм+.
10 Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты+ тыххӕй фидауынгӕнӕг+ нывондӕн+ ӕрхастаид.
11 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕд нӕ Хуыцау афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм+.
12 Хуыцауы никуы ничи федта+. Кӕд нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ, ӕмӕ нӕ цы уарзтӕй уарзы, уый ӕххӕстӕй равдыста+.
13 Хуыцауимӕ иудзинады кӕй стӕм+ ӕмӕ уый дӕр немӕ иудзинады кӕй ис+, уый зонӕм, йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ кӕй схайджын кодта+, уымӕй.
14 Уымӕй уӕлдай ма мах нӕхӕдӕг федтам+ ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм+: Фыд йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй суыдаид дунейы Ирвӕзынгӕнӕг+.
15 Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй ӕргом чи дзуры+, уый Хуыцауимӕ ис иудзинады, ӕмӕ Хуыцау дӕр ис йемӕ иудзинады+.
16 Ӕмӕ нӕ Хуыцау кӕй уарзы, уый мах нӕхӕдӕг базыдтам ӕмӕ уыцы уарзтыл баууӕндыдыстӕм+.
Хуыцау у уарзондзинад+, ӕмӕ алкӕддӕр чи уарзы+, уый Хуыцауимӕ ис иудзинады, ӕмӕ Хуыцау дӕр ис йемӕ иудзинады+.
17 Афтӕмӕй нӕ уарзондзинад свӕййы алцӕмӕй ӕххӕст, цӕмӕй тӕрхоны бон+ нӕ бон уа ныфсджынӕй дзурын+, уымӕн ӕмӕ мах ацы дунейы стӕм, уый* куыд у, афтӕ+.
18 Уарзондзинад кӕм ис, уым тас нӕй+. Алцӕмӕй ӕххӕст уарзондзинад зӕрдӕйӕ тас сургӕ кӕны+, уымӕн ӕмӕ тас адӕймаджы нӕуӕндаг кӕны. Чи тӕрсы, уымӕ ӕххӕст уарзондзинад нӕй+.
19 Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта+.
20 Афтӕ чи зӕгъы, ӕз Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт уыны, уый сайгӕ кӕны+. Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы+, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?+
21 Ӕмӕ нын ацы фӕдзӕхст дӕр уый радта+: Хуыцауы чи уарзы, уый хъуамӕ йе ’фсымӕры дӕр уарза+.