1 Иоанны 5:1—21
5 Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, ууыл чи ӕууӕнды, уый райгуырд Хуыцауӕй+. Ӕмӕ Фыды чи уарзы, уый йын уарзы йӕ хъӕбулы дӕр+.
2 Хуыцауы хъӕбулты+ кӕй уарзӕм+, уый та зонӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй+.
3 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы кӕй уарзӕм+, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм+. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты+,
4 уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд+, уый уӕлахиз кӕны ацы дунейыл+. Дунейыл та фӕуӕлахиз стӕм+ нӕ уырнындзинадӕй+.
5 Ацы дунейыл+ чи уӕлахиз кӕны?+ Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у+, ууыл чи ӕууӕнды, уый йыл нӕ уӕлахиз кӕны?+
6 Уый у, дон ӕмӕ туджы фӕрцы чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Уый ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ+ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ+. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы Хуыцауы сыгъдӕг тых+, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых у ӕцӕг ӕвдисӕн.
7 Ис ӕртӕ ӕвдисӕны*:
8 Хуыцауы сыгъдӕг тых+, дон+ ӕмӕ туг+. Ӕмӕ ӕртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у+.
9 Кӕд, адӕймаг ӕвдисӕн куы ныллӕууы+, уӕд ын йӕ ныхӕстыл баууӕндӕм, уӕд Хуыцауы ныхасы та стырдӕр уӕз ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг ныллӕууыд ӕвдисӕн Фырты тыххӕй+.
10 Хуыцауы Фыртыл чи ’ууӕнды, уый ӕууӕнды, Хуыцау ын ӕвдисӕн+ цӕмӕн ныллӕууыд, ууыл. Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уый та йӕ ахӕм бынаты ӕвӕры, цыма сайгӕ кӕны+, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд+, Хуыцау йӕ Фырты тыххӕй ӕвдисӕн+ цӕмӕн ныллӕууыд, ууыл.
11 Ӕвдисӕн цы ныхасӕй ныллӕууыд, уый та у ахӕм: Хуыцау нын радта ӕнусон цард+, ӕмӕ уыцы цард ис йӕ Фырты мидӕг+.
12 Фыртимӕ иудзинады чи ис, уый хайджын у ӕнусон цардӕй. Хуыцауы Фыртимӕ иудзинады чи нӕй, уый та ӕнусон цардӕй хайджын нӕу+.
13 Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл* чи баууӕндыд, уыдонмӕ+, цӕмӕй зонат, ӕнусон цардӕй хайджын кӕй стут, уый+.
14 Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм+, – хъусы нӕ+.
15 Ӕмӕ иугӕр уый зонӕм, ӕмӕ дзы цыфӕнды ма курӕм+, уӕддӕр нӕ кӕй хъусы, уӕд ма уый дӕр зонӕм, ӕмӕ дзы цы курӕм, уый кӕй райсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы куырдтам+.
16 Исчи йе ’фсымӕры, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд аразгӕ куы фена+, уӕд йе ’фсымӕры тыххӕй кувӕд, ӕмӕ Хуыцау уыцы ӕфсымӕрӕн ратдзӕн цард+. Ӕз ам дзурын, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд чи ракодта, уыдоны тыххӕй+. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд. Ӕмӕ ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, цӕмӕй, ахӕм тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаджы тыххӕй кува Хуыцаумӕ+.
17 Алы ӕвзӕр хъуыддаг дӕр у тӕригъӕд+, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд.
18 Мах зонӕм, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый+ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ ахӕм адӕймаджы хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи райгуырд, уый*+, ӕмӕ йын Фыдбылызы* бон ницы у+.
19 Мах ӕй зонӕм: мах стӕм Хуыцауӕй+, ӕгас дуне та ис Фыдбылызы къухы+.
20 Зонӕм уый дӕр, Хуыцауы Фырт кӕй ӕрцыд+ ӕмӕ нын кӕй радта ӕмбарындзинад+, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы базонӕм+. Ӕмӕ мах ӕцӕг Хуыцауимӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы стӕм иудзинады+. О, уый у ӕцӕг+ Хуыцау ӕмӕ, ӕнусон цард+ чи дӕтты, уый.
21 Мӕ хъӕбултӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй+.