1 Коринфӕгтӕм 11:1—34
11 Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ+.
2 Фӕнды мӕ сымахӕй раппӕлын, алы хъуыддаджы дӕр мӕ уӕ зӕрдыл кӕй дарут ӕмӕ уын цы* бацамыдтон, уыдӕттыл фидар кӕй хӕцут+, уый тыххӕй.
3 Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти+, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг+, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау+.
4 Нӕлгоймагӕн йӕ сӕрыл исты куы уа, афтӕмӕй куы кува кӕнӕ пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд йӕ сӕр худинаг кӕны+.
5 Сылгоймаг та гомсӕрӕй куы кува кӕнӕ пехуымпариуӕг куы кӕна+, уӕд уый дӕр йӕ сӕр* худинаг кӕны+, уымӕн ӕмӕ ницы уӕлдай у, фӕнды гом сӕрӕй уӕд, фӕнды йӕ сӕр даст уӕд+.
6 Ӕмӕ кӕд сылгоймаг йӕ сӕр не ’мбӕрзы, уӕд йӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр цыбыр алвынӕд. Фӕлӕ кӕд сылгоймагӕн худинаг у, ӕмӕ йӕ сӕр цыбырӕлвыд кӕнӕ даст уа+, уӕд та йӕ сӕр бамбӕрзӕд+.
7 Нӕлгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ мацы уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста+ ӕмӕ уый у Хуыцауы кад+, сылгоймаг та у нӕлгоймаджы кад+.
8 Нӕлгоймаг сылгоймагӕй нӕу, фӕлӕ сылгоймаг – нӕлгоймагӕй+.
9 Стӕй Хуыцау нӕлгоймаджы сылгоймагӕн не сфӕлдыста, фӕлӕ сылгоймаджы сфӕлдыста нӕлгоймагӕн+.
10 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа, хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн+ – зӕдты+ тыххӕй.
11 Фӕлӕ уӕддӕр нӕ Хицауы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн нӕдӕр сылгоймаг ис ӕнӕ нӕлгоймагӕй, нӕдӕр нӕлгоймаг – ӕнӕ сылгоймагӕй+,
12 уымӕн ӕмӕ, сылгоймаг нӕлгоймагӕй куыд у+, афтӕ нӕлгоймаг дӕр сылгоймаджы фӕрцы у+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Хуыцауӕй+.
13 Уӕхӕдӕг-ма йыл ахъуыды кӕнут: сылгоймагӕн Хуыцаумӕ гомсӕрӕй кувын ӕмбӕлы?
14 Ӕрдз ӕй йӕхӕдӕг нӕ амоны, ӕмӕ нӕлгоймагыл даргъ сӕрыхъуынтӕ куы уа, уӕд ын уый худинаг кӕй у,
15 ӕмӕ сылгоймагӕн куы уа даргъ дзыккутӕ, уӕд уымӕн та уый кад кӕй у?+ Хуыцау ын дзыккутӕ сӕрбӕттӕны бӕсты радта+.
16 Фӕлӕ кӕд исчи ӕндӕр ӕгъдауы+ сӕрыл дзуры+, уӕд та йӕ зонӕм, махмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы ӕмбырдты дӕр ӕндӕр ӕгъдау кӕй нӕй.
17 Фӕлӕ уын адӕттӕ амонгӕйӕ, ӕз сымахӕй ӕппӕлгӕ нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд вӕййут, хуыздӕр цы у, уымӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕрдӕр цы у, уымӕн+.
18 Ӕз фехъуыстон, ӕмӕ, ӕмбырды куы вӕййут, уӕд къордтыл кӕй дихтӕ кӕнут+, ӕмӕ мӕ уый уырнгӕ дӕр кӕны.
19 Уӕвгӕ уӕм сектӕтӕ+ дӕр уыдзӕн, фӕлӕ уый фӕрцы рабӕрӕг уыдзысты, уе ’хсӕн Хуыцау райгонд кӕмӕй у, уыдон+.
20 Уымӕ гӕсгӕ, иу ранмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд Хицауы ӕхсӕвӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ бӕрӕг кӕнӕн нӕ вӕййы+.
21 Йӕ бӕрӕг кӕныны афон куы ’рцӕуы, уӕдмӕ уе ’хсӕвӕр бахӕрут, ӕмӕ чи ӕххормаг вӕййы, чи та – нозтджын.
22 Ау, уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ нӕй, кӕм хӕрат ӕмӕ кӕм нуазат?+ Ӕви Хуыцауы ӕмбырд ницӕмӕ дарут ӕмӕ уӕ афтӕ фӕнды, цӕмӕй, кӕмӕ ницы ис+, уыдонмӕ худинаг ӕркӕса? Цы уын зӕгъон? Ӕппӕлгӕ уӕ ракӕнон? Уый тыххӕй уӕ нӕ раппӕлдзынӕн.
23 Нӕ Хицауӕй цы базыдтон, сымахӕн дӕр уый бацамыдтон: нӕ Хицау Йесойы цы ’хсӕв+ ауӕй кодтой, уыцы ӕхсӕв дзул райста,
24 ӕмӕ, Хуыцауӕн бузныг куы загъта, уӕд ӕй ӕрсаста+ ӕмӕ загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар+ – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны+ тыххӕй».
25 Ӕмӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны къус+ дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд+ – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй+. Цал хатты дзы нуазат, уал хатты афтӕ кӕнут мӕн ӕрымысыны+ тыххӕй».
26 Гъемӕ алы хатт дӕр+, ацы дзул куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕны къусӕй куы фӕнуазут, уӕд фӕхъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты+ тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ+.
27 Уӕдӕ кӕд исчи, аккаг нӕу, афтӕмӕй уыцы дзулӕй хӕры кӕнӕ Хицауы сӕны къусӕй нуазы, уӕд ууыл уыдзӕн тӕригъӕд+ Хицауӕн йӕ буар ӕмӕ йӕ туджы+ ныхмӕ.
28 Фыццаг уал алчидӕр йӕхимӕ ӕркӕсӕд+ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнӕд, аккаг у ӕви нӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд уыцы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд уыцы сӕны къусӕй.
29 Уыцы буар цы нысан кӕны, уый чи не ’мбары, афтӕмӕй чи хӕры ӕмӕ чи нуазы, уый та йӕхи тӕрхоны аккаг кӕны+.
30 Бирӕтӕ уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ рынчын дӕр уымӕн сты, стӕй уӕм гыццыл нӕй, мард чи у*+, ахӕмтӕ дӕр.
31 Фӕлӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый-иу куы базониккам, уӕд тӕрхонгонд нӕ уаиккам+.
32 Тӕрхонгонд куы вӕййӕм+, уӕд та нӕ Йегъовӕ раст зондыл фӕаразы+, цӕмӕй ацы дунеимӕ+ ма уӕм тӕрхонгонд+.
33 Уымӕ гӕсгӕ, ме ’фсымӕртӕ, уыцы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнынмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут+, уӕд-иу кӕрӕдзимӕ банхъӕлмӕ кӕсут.
34 Кӕд уӕ исчи ӕххормаг у, уӕд-иу йӕ хӕдзары бахӕрӕд+, цӕмӕй-иу, иумӕ куы ӕрӕмбырд уат, уӕд тӕрхонгонд ма уат+. Иннӕ хъуыддӕгтӕм та ӕркӕсдзынӕн, куы ’рцӕуон, уӕд.