1 Коринфӕгтӕм 13:1—13
13 Адӕмы ӕвзӕгтӕй+ дӕр ӕмӕ зӕдты ӕвзагӕй дӕр куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз зӕлланггӕнаг ӕрхуыйӕ кӕнӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгътӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕн+.
2 Ӕмӕ мӕм пехуымпариуӕг кӕныны+ курдиат куы уа, Хуыцауы сусӕгдзинӕдтӕ+ мын иууылдӕр ӕргом куы уой, алцыдӕр куы зонон+, ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын+, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн+.
3 Ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый иннӕты бафсадынӕн куы раттон+, ӕмӕ мӕ цард дӕр нывондӕн куы ’рхӕссон+, цӕмӕй мӕхицӕй раппӕлон, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа+, уӕд мын уыдӕттӕ ницы пайда сты.
4 Уарзондзинад+ бирӕ фӕразы+ ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны+, йӕхицӕй не ’ппӕлы+, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы+,
5 чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны+, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны+, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы+. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы+.
6 Раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны+, фӕлӕ цин кӕны рӕстдзинадыл+.
7 Алцӕмӕн дӕр быхсы+, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды+, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары+, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы+.
8 Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн*+. Кӕд искӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны курдиат ис, уӕд уый та нал уыдзӕн, кӕд искӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат ис, уӕд уый дӕр фесӕфдзӕн, ӕмӕ кӕд исчи диссаджы хуызы исты базоны, уӕд уыцы курдиат дӕр нал уыдзӕн+.
9 Ныртӕккӕ цы зонӕм, уый ӕххӕстӕй нӕ зонӕм+, ӕмӕ пехуымпариуӕг дӕр ӕххӕстӕй нӕ кӕнӕм+.
10 Фӕлӕ алцыдӕр хорз куы базонӕм, уӕд+, ӕххӕстӕй цы нӕ зонӕм, ахӕмӕй ницыуал уыдзӕн.
11 Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд кодтон сабийы ныхӕстӕ, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, хъуыды кодтон сабийау, фӕлӕ куы слӕг дӕн+, уӕд сывӕллоны митӕ ныууагътон.
12 Ныртӕккӕ мах кӕсӕм, дзӕбӕх кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ+, уӕд та алцыдӕр уындзыстӕм дзӕбӕх*+. Ныртӕккӕ Хуыцауы тыххӕй ӕххӕстӕй нӕ зонын, уӕд та алцыдӕр зондзынӕн бӕлвырд, Хуыцау мӕн тыххӕй алцыдӕр бӕлвырд куыд зоны, афтӕ+.
13 Фӕлӕ ацы ӕртӕ уыдзысты: уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад. Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад+.