1 Коринфӕгтӕм 15:1—58
15 Ме ’фсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнын, цы хорз хабар+ уын фехъусын кодтон+, уый – сымах уыцы хорз хабарыл баууӕндыдыстут ӕмӕ йыл фидар хӕцут+.
2 Мӕнӕй цы хорз хабар фехъуыстат, ирвӕзгӕ дӕр уый фӕрцы кӕнут+,– ӕрмӕст ыл кӕд фидар хӕцут, уӕд. Кӕд нӕ, уӕд та уырнджытӕ дзӕгъӕлы систут+.
3 Ӕз уын фыццаджыдӕр фехъусын кодтон, мӕхӕдӕг цы базыдтон, уый+: Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй+
4 ӕмӕ йӕ бавӕрдтой+, фӕлӕ ӕртыккаг+ бон райгас+, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ+.
5 Ӕмӕ фӕзынд Кифӕмӕ+, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ+.
6 Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты+, чидӕртӕ та дзы амард*.
7 Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ+, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр+.
8 Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ+, цыма афонӕй раздӕр райгуырдтӕн, афтӕ.
9 Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр+ ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон+ Хуыцауы ӕмбырд.
10 Фӕлӕ мыл ацы хӕс ис Хуыцауы стыр хорзӕхы+ фӕрцы. Ӕмӕ мын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци+ – ӕз бафыдӕбон кодтон уыдонӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр+, уӕвгӕ ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕх, хайджын кӕмӕй дӕн, уый+.
11 Фӕлӕ мах – ӕз кӕнӕ иннӕ апостолтӕ – уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ сымах афтӕмӕй баууӕндыдыстут+.
12 Гъемӕ кӕд Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнӕм, мӕрдтӕй райгас+, зӕгъгӕ, уӕд сымахӕй чидӕртӕ афтӕ куыд дзурынц, ӕмӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты?+
13 Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас+.
14 Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та хъусын дӕр дзӕгъӕлы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у+.
15 Уымӕй уӕлдай ма уӕд Хуыцауӕн мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр стӕм+, уымӕн ӕмӕ кӕд мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр нӕ райгас уыдзысты+, уӕд мах та Хуыцауӕй афтӕ дзурӕм+, зӕгъгӕ, райгас кодта+, кӕй нӕ райгас кодта, уыцы Чырыстийы.
16 Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас.
17 Стӕй кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд уӕ уырнындзинад ницы пайда у – ныр дӕр ма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут+.
18 Ӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард+, уыдон дӕр бынтондӕр фесӕфтысты+.
19 Кӕд Чырыстийыл нӕ ныфс ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм+, уӕд махӕй ӕнамонддӕр адӕм нӕй.
20 Фӕлӕ Чырысти ӕцӕгдӕр райгас+ – чи амард+, уыдонӕй уый райгас фыццаг*+.
21 Мӕлӕт+ адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц+.
22 Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц+, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты+.
23 Ӕрмӕст алчидӕр йӕхи афон: фыццаг*+ – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа*+, уӕд.
24 Стӕй кӕроны, ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд, паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм+.
25 Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ+.
26 Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт+.
27 Уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын»+. Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъы, ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдта+, зӕгъгӕ, уӕддӕр бӕлвырд у – ам дзырд нӕ цӕуы Хуыцауыл, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, ууыл+.
28 Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна+, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау+.
29 Кӕд афтӕ нӕу, уӕд цы зӕгъӕн ис, цӕмӕй амӕла, уый тыххӕй аргъуыд чи райста, уыдонӕй?+ Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты+, уӕд ахӕм аргъуыд+ цӕмӕн райстой?
30 Ӕмӕ мах дӕр ӕдзух тӕссаг уавӕры цӕмӕн вӕййӕм?+
31 Ме ’фсымӕртӕ, ӕз сымахӕй, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй, куыд сӕрыстыр дӕн+, уымӕй сомы кӕнын: ӕз алы бон дӕр кӕсын мӕлӕты цӕстытӕм+.
32 Кӕд Ефесы+ хъӕддаг сырдтимӕ иннӕ адӕмау тох кодтон, уӕд мын уый цы пайда у? Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд «хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм»+.
33 Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц+.
34 Райхъал ут+ ӕмӕ рӕстӕй архайут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымахӕй чидӕртӕ Хуыцауы нӕ зонынц+. Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй уӕм худинаг ӕркӕса+.
35 Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Ӕмӕ сын цавӕр буар уыдзӕни?»+
36 Куыд ӕнӕмбаргӕ дӕ! Цы байтауай, уый куы нӕ бамбийа*, уӕд нӕ сырӕздзӕн*+.
37 Стӕй ды, цы зайӕгой* сырӕздзӕн, уый нӕ тауыс – ды тауыс нӕмыг+, мӕнӕуы нӕмыг уа ӕви ӕндӕр истӕй нӕмыг.
38 Хуыцау та йын дӕтты, цавӕр ӕй фӕнды+, ахӕм буар+, ӕмӕ алы нӕмыгӕн дӕр дӕтты йӕхи буар.
39 Буӕрттӕ та ӕмхуызон не сты. Адӕмӕн иу буар ис, фосӕн – ӕндӕр буар, мӕргътӕн – ӕндӕр, ӕмӕ кӕсӕгтӕн дӕр – ӕндӕр+.
40 Ис уӕларвон+ буӕрттӕ ӕмӕ зӕххон буӕрттӕ+, фӕлӕ уӕларвон буӕрттӕн сӕ кад+ иу у, зӕххон буӕрттӕн та – ӕндӕр.
41 Хурӕн+ йӕ кад иу у, мӕйӕн+ – ӕндӕр, ӕмӕ стъалытӕн+ дӕр ӕндӕр у сӕ кад, уӕвгӕ, стъалытӕн дӕр сӕ кад иу нӕу.
42 Афтӕ у мӕрдты райгасы хабар дӕр+. Байтыдӕуы ӕмбийгӕ буар, райгас вӕййы ӕнӕмбийгӕ буар+.
43 Байтыдӕуы ӕгадӕй+, райгас вӕййы кадджынӕй+. Байтыдӕуы лӕмӕгъӕй+, райгас вӕййы тыхджынӕй+.
44 Байтыдӕуы туг ӕмӕ стӕгӕй буар+, райгас вӕййы уӕларвон* буар+. Ӕмӕ кӕд ис туг ӕмӕ стӕгӕй буар, уӕд ис уӕларвон буар дӕр.
45 Фыст дӕр афтӕ у: «Фыццаг Адам сси цӕрӕг уд*»+. Фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг+ уӕларвон удгоймаг*+.
46 Фӕлӕ фыццаг уӕларвон* нӕ уыд, фӕлӕ, туг ӕмӕ стӕгӕй чи уыд, уый, стӕй та – уӕларвон+.
47 Фыццаг адӕймаг уыд зӕххон, ӕмӕ конд уыд сыджытӕй+, дыккаг та у уӕларвӕй+.
48 Сыджытӕй+ конд чи уыд, уый цавӕр у, ахӕм сты, сыджытӕй конд ма ноджыдӕр чи у, уыдон дӕр. Ӕмӕ‚ уӕлӕрвты+ чи ис, уыдон сты, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн+.
49 Ӕмӕ, сыджытӕй конд чи уыд, уый хуызӕн+ куыд стӕм, афтӕ уыдзыстӕм, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн+ дӕр.
50 Фӕлӕ уый зӕгъдзынӕн, ме ’фсымӕртӕ, ӕмӕ туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы паддзахад+ бынӕн райсын, ӕмӕ‚ ӕмбийгӕ цы кӕны, уый дӕр, ӕнӕмбийгӕ цы у, уый бынӕн нӕ райсдзӕн+.
51 Зӕгъын уын сусӕгдзинад*: не ’ппӕт мӕрдвынӕй нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фӕивдзыстӕм+
52 ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд. Уадындз+ ныууасдзӕн, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕнӕмӕлгӕйӕ, ӕмӕ мах та фӕивдзыстӕм.
53 Уымӕн ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый хъуамӕ суа ӕнӕмбийгӕ+, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы+, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ.
54 Ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый ӕнӕмбийгӕ куы суа, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд та сӕххӕст уыдзӕн, фыст цы у, уый: «Уый фесӕфта* мӕлӕт+ ӕнустӕм»+.
55 «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат?»+
56 Мӕлӕт чи расайы‚ уыцы маргджын фат+ у тӕригъӕд, тӕригъӕдӕн та тых ис Закъоны+ фӕрцы.
57 Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг – уый нын дӕтты уӕлахиз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!+
58 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар+ ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы+ хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «бафынӕй». Кӕс 18, 20 ст. дӕр.
^ Комк. «уыдонӕй фыццаг тыллӕг».
^ Комк. «фыццаг тыллӕг».
^ Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
^ Комк. «куы нӕ амӕла».
^ Комк. «нӕ райгас уыдзӕн».
^ Комк. «буар».
^ Грекъ. пневматико́н. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Грекъ. пневматико́н. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
^ Комк. «аныхъуырдта».