1 Коринфӕгтӕм 3:1—23
3 Гъемӕ, ме ’фсымӕртӕ, мӕ бон нӕ уыд, сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕймӕгтимӕ+ куыд ныхас кӕнай, уемӕ афтӕ ныхас кӕнын. Ӕз уемӕ ныхас кодтон, зӕххон зондӕй чи цӕры, чырыстон фӕндагыл нырма саби+ чи у, ахӕмтимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ.
2 Ӕз уын лӕвӕрдтон ӕхсыр, хъӕбӕр хӕринаг нӕ, фӕлӕ+, уымӕн ӕмӕ уӕ бон хӕрын нӕма уыди. Уӕвгӕ, ныр дӕр уӕ бон нӕма у хӕрын+,
3 уымӕн ӕмӕ нырма зӕххон зондӕй цӕрут+. Кӕд кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут ӕмӕ хыл кӕнут+, уӕд зӕххон зондӕй нӕ цӕрут? Ӕмӕ иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ нӕ кӕнут?+
4 Кӕд уӕ иу афтӕ дзуры: «Ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», иннӕ та: «Ӕз Аполлосы»+, уӕд иннӕ адӕмы хуызӕн не стут?
5 Фӕлӕ чи у Аполлос?+ Науӕд чи у Павел? Уыдон сты, сымах уырнджытӕ кӕй фӕрцы систут, уыцы лӕггадгӕнджытӕ+ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц, Хицау сын цы куыст бахӕс кодта, уый.
6 Ӕз сагътон+, Аполлос дон кодта+, фӕлӕ йӕ рӕзын та кодта Хуыцау+.
7 Уӕдӕ, садзгӕ чи кӕны, уый дӕр ницы у+ ӕмӕ, дон чи кӕны, уый дӕр – кад ӕмбӕлы Хуыцаумӕ, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕ+.
8 Садзгӕ чи кӕны ӕмӕ дон чи кӕны, уыдон иу хъуыддаг аразынц+, фӕлӕ сӕ алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ+.
9 Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ+. Сымах та стут, Хуыцау кӕмӕ зилы, уыцы хуым+, Хуыцау кӕй аразы, уыцы хӕдзар+.
10 Хуыцау мын цы стыр хорзӕхӕй+ бахай кодта, уый фӕрцы арӕзтады дӕсны разамонӕгау ӕз бындур ӕрӕвӕрдтон+, аразгӕ та йыл ӕндӕр чидӕр кӕны. Фӕлӕ алчидӕр лӕмбынӕг кӕсӕд, куыд аразы, уымӕ+.
11 Ӕвӕрд цы бындур ӕрцыд+, уый йеддӕмӕ ӕндӕр бындур никӕй бон у сӕвӕрын, ӕмӕ уыцы бындур та у Йесо Чырысти+.
12 Ныр уыцы бындурыл исчи сызгъӕринӕй аразы, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй, хъӕдӕрмӕгӕй, хосӕй ӕви хъӕмпӕй,–
13 алкӕй куыст дӕр рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фӕлварӕны бон алцыдӕр арты разындзӕн+ ӕмӕ арт бафӕлвардзӕн, чи куыд бакуыста, уый.
14 Кӕд, адӕймаг уыцы бындурыл цы сарӕзта, уый арты нӕ басудза+, уӕд райсдзӕн хӕрзиуӕг+.
15 Цы сарӕзта, уый арты куы басудза, уӕд та зиан баййафдзӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг аирвӕздзӕн+, ӕрмӕст цыма артӕй раирвӕзт, афтӕ+.
16 Нӕ йӕ зонут, сымах Хуыцауы кувӕндон+ кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых уе ’хсӕн кӕй цӕры?+
17 Хуыцауы кувӕндон чи фесафа, уымӕн Хуыцау йӕхи фесафдзӕн+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кувӕндон у сыгъдӕг+, ӕмӕ уыцы кувӕндон+ та стут сымах+.
18 Уӕдӕ йӕхи мачи сайӕд: кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы цӕсты зондджын у+, уӕд суӕд ӕнӕзонд, цӕмӕй ӕцӕгӕй зондджын суа+,
19 уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад+. Фыст дӕр афтӕ у: «Хуыцау зондджынты ӕрцахсы сӕхи хиндзинадӕй»+.
20 Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Йегъовӕ йӕ зоны, зондджынты ныхӕстӕ ӕнӕпайда кӕй сты»+.
21 Уӕдӕ адӕмӕй сӕрыстыр мачи уӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у+:
22 Павел уа, Аполлос+ уа, Кифӕ уа, ацы дуне уа, цард уа ӕви мӕлӕт уа, ныртӕккӕ цы ис, уыдӕттӕ уой ӕви, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ+,– ӕппӕт дӕр у сымах.
23 Сымах та стут Чырыстийы+, Чырысти та – Хуыцауы+.