1 Коринфӕгтӕм 6:1—20

6  Уӕ иу иннӕимӕ куы нӕ фӕфидауы+, уӕд йӕ хъаст сыгъдӕджытӕм+ нӕ, фӕлӕ ӕнӕуырнджыты тӕрхонмӕ куыд бахӕссы?+  Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ дунейӕн+ сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты?+ Ӕмӕ кӕд дунейӕн тӕрхон сымах кӕндзыстут, уӕд ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ+ уӕ бон нӕу равзарын?  Нӕ йӕ зонут, зӕдтӕн дӕр мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм?+ Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕу ацы царды хъуыддӕгтӕ равзарын?  Ӕмӕ уын кӕд ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзаринаг ис+, уӕд, ӕмбырды цӕсты кад кӕмӕн нӕй, уыдоны цӕмӕн ӕвӕрут уӕхицӕн тӕрхонгӕнджытӕй?+  Афтӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕм худинаг ӕркӕса+. Ау, уе ’хсӕн иу ахӕм зондджын адӕймаг+ нӕй, йе ’фсымӕрты ’хсӕн хъуыддаг чи равзара?  Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕры тӕрхондонмӕ кӕны – йӕ хъаст хӕссы ӕнӕуырнджытӕм+.  Уӕдӕ, кӕрӕдзийыл хъаст кӕй хӕссут+, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фӕхӕрд стут. Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ ӕфхӕрды бынаты куы баззаиккат?+ Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ сайды куы фӕуиккат?+  Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ сайут, ӕмӕ уымӕй дӕр уе ’фсымӕрты+.  Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты?+ Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг* адӕм+, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ+; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон+; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон+; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ+; 10  нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ+, нӕдӕр расыггӕнджытӕ+; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты+. 11  Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты+. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут+, ссыгъдӕг стут+ ӕмӕ рӕстгӕнджытыл+ нымад ӕрцыдыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй+ ӕмӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы+. 12  Алцы кӕныны бар дӕр мын ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу+. Алцы кӕныны бар дӕр мын ис+, фӕлӕ уый бар ницӕмӕн ратдзынӕн, ӕмӕ мӕ цагъар сараза+. 13  Хӕринаг у гуыбынӕн, гуыбын та – хӕринагӕн+, фӕлӕ Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр уыдзӕн ницы+. Буар та хӕтындзинадӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн+, ӕмӕ Хицау дӕр – буарӕн+. 14  Ӕмӕ Хуыцау та йӕ тыхӕй+ нӕ Хицауы мӕрдтӕй райгас кодта+, ӕмӕ мах дӕр райгас кӕндзӕн+. 15  Нӕ йӕ зонут, уӕ буӕрттӕ Чырыстийы+ уӕнгтӕ+ кӕй сты? Ӕмӕ уӕд ӕз Чырыстийы уӕнгтӕ исгӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ сӕ хӕлд сылгоймаджы уӕнгтӕ сараздзынӕн?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! 16  Ау, нӕ йӕ зонут, ӕмӕ, хӕлд сылгоймагимӕ чи баиу вӕййы, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы? Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар»+. 17  Ӕмӕ, Хицауимӕ чи баиу вӕййы+, уый та йемӕ иу зондыл* хӕст вӕййы+. 18  Хӕтындзинадӕй дард лидзут+. Адӕймаг ӕндӕр цавӕрфӕнды тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд уый комкоммӕ йӕ буармӕ ницы бар дары, фӕлӕ, хӕтгӕ чи кӕны, уый та йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы+. 19  Ау, нӕ йӕ зонут, уӕ буар, Хуыцау уын кӕмӕй бахай кодта ӕмӕ уӕ мидӕг чи цӕры, уыцы сыгъдӕг тыхы+ кувӕндон+ кӕй у? Стӕй сымах уӕхицӕн хицау не стут+, 20  уымӕн ӕмӕ стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут+. Уӕдӕ уӕ буарӕй+ Хуыцауы кадджын кӕнут+.

Фиппаинӕгтӕ

Ацы ныхас амоны алыхуызон нӕфӕтчиаг, хӕлд митӕм. Кӕс Уӕлӕмх. 11.
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.