1 Коринфӕгтӕм 7:1—40
7 Ныр та зӕгъдзынӕн, цӕй тыххӕй мӕм фыстат, уый фӕдыл: хорз уаид, ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы нӕ цӕуид*+.
2 Фӕлӕ уӕ алыварс адӕм хӕтгӕ* кӕй кӕнынц+, уымӕ гӕсгӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус+, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр – йӕхи лӕг.
3 Лӕг ӕххӕст кӕнӕд, йӕ усы раз ыл цы хӕс ис, уый+, ӕмӕ афтӕ ус дӕр ӕххӕст кӕнӕд, йӕ лӕджы раз ыл цы хӕс ис, уый+.
4 Усӕн йӕ буарыл йӕхи бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ лӕджы бар+. Афтӕ лӕгӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ усы бар+.
5 Уыцы хъуыддаджы уӕ кӕрӕдзийӕн «нӕ» ма дзурут+. Фӕлӕ, зӕгъӕм, афтӕ уый тыххӕй кӕнут, ӕмӕ уӕ фӕнды Хуыцаумӕ кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын, уӕддӕр хъуамӕ дыууӕйӕ дӕр разы уат, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр бӕлвырд рӕстӕгмӕ+. Ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй иумӕ ут, цӕмӕй, уӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕразут+, уый аххосӕй уӕ Сайтан ма рӕдийын кӕна+.
6 Ӕцӕг уын уый бардзырды хуызы нӕ зӕгъын+, фӕлӕ уын уый зӕгъинаг дӕн, ӕмӕ уын ис ахӕм бар+.
7 Бӕргӕ, иууылдӕр, ӕз куыд дӕн, афтӕ куы уаиккой+. Уӕвгӕ, алкӕмӕн дӕр Хуыцауӕй йӕхи лӕвар ис+: иуӕн ахӕм, иннӕмӕн та ӕндӕрхуызон.
8 Ныр та, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн+ ӕмӕ идӕдз устытӕн дзурын: хорз уаид, ӕмӕ, ӕз куыд дӕн, дарддӕр дӕр афтӕ куы цӕриккой+.
9 Фӕлӕ сӕ кӕд исчи йӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразы+, уӕд ус ракурӕд кӕнӕ мой скӕнӕд – цӕйнӕфӕлтау монцӕй судза+, фӕлтау бинонтӕ скӕнӕд+.
10 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн та фӕдзӕхсын, уӕвгӕ, ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау+: ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд+.
11 Куы дзы ацӕуа, уӕд та мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд. Ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд.
12 Иннӕтӕн та зӕгъын, о, Хицау+ нӕ, фӕлӕ сын ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕрӕн йӕ ус ӕнӕуырнӕг у, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ усы ма ныууадзӕд.
13 Ӕмӕ кӕд сылгоймагӕн дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг ис, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ лӕджы ма ныууадзӕд.
14 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕг сыгъдӕгыл нымад у йӕ усы фӕрцы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр сыгъдӕгыл нымад у ӕфсымӕры фӕрцы. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ сыгъдӕг нӕ уаиккой+, ныр та сыгъдӕг сты+.
15 Фӕлӕ кӕд ӕнӕуырнӕджы ацӕуын фӕнды+, уӕд ацӕуӕд – ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо хӕсджын нӕу, ӕмӕ ӕнӕуырнӕгимӕ дарддӕр цӕра. Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрат+.
16 Ус, кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дӕ лӕджы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?+ Ӕмӕ йӕ ды дӕр, лӕг, цӕмӕй зоныс, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?+
17 Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Йегъовӕ йын цы саккаг кодта, уымӕ гӕсгӕ+ – Хуыцау ӕй куыдӕй ӕрхуыдта, афтӕмӕй+. Ӕз уый фӕдзӕхсын+ ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр.
18 Искӕй уӕ сунӕтгондӕй ӕрхуыдта?+ Ӕнӕсунӕтгонд ма суӕд. Искӕй ӕнӕсунӕтгондӕй ӕрхуыдта?+ Сунӕт ма скӕнӕд+.
19 Сунӕт+ дӕр ницы у ӕмӕ ӕнӕсунӕт+ дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнай, уый у ахсджиаг+.
20 Хуыцау алкӕй дӕр куыдӕй ӕрхуыдта+, афтӕ цӕрӕд+.
21 Цагъар уыдтӕ, афтӕмӕй дӕ ӕрхуыдта? Уӕд ууыл ма мӕт кӕн+, фӕлӕ кӕд дӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уай, уӕд уыцы фадатӕй спайда кӕн.
22 Хицауы фӕдылдзӕуджытӕй цагъар уӕвгӕйӕ хуынд чи ’рцыд, уый ссӕрибар ӕмӕ у Хицауы+. Афтӕ, сӕрибар адӕймаг+ уӕвгӕйӕ хуынд чи ’рцыд, уый дӕр у Чырыстийы цагъар+.
23 Сымах стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут+, ӕмӕ уӕдӕ уӕхицӕй адӕмы цагъартӕ+ мауал аразут.
24 Хуыцау алкӕй дӕр куыдӕй ӕрхуыдта+, ме ’фсымӕртӕ, дарддӕр дӕр афтӕ цӕрӕд ӕмӕ Хуыцауимӕ иудзинады уӕд.
25 Ӕнӕцыд чызджытӕ ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты* тыххӕй та мын Хицау ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ сын ӕз зӕгъын мӕ хъуыды+, уымӕн ӕмӕ мӕм Хицау+ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, цӕмӕй иузӕрдион уон+.
26 Уӕдӕ ныртӕккӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: адӕймагӕн бинонтӕ ис ӕви нӕ, хорз уаид, дарддӕр дӕр афтӕ куы цӕрид+.
27 Ус дын ис*?+ Уӕд ма архай, куыд дзы фервӕзай, ууыл+. Ӕнӕ усӕй баззадтӕ? Уӕд ус мауал агур.
28 Уӕвгӕ, ус куы ракурай, уӕддӕр тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕ+. Ӕмӕ ӕнӕцыд чызг куы смой кӕна кӕнӕ ӕнӕус лӕппу ус куы ракура, уӕд уый дӕр тӕригъӕд нӕ ракӕндзӕн. Фӕлӕ, бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ*+. Ӕмӕ мӕн та фӕнды сымах уымӕй бахизын.
29 Стӕй ма уын, ме ’фсымӕртӕ, уый дӕр зӕгъын, ӕмӕ рӕстӕг бирӕ нал баззад+. Гъемӕ, устытӕ кӕмӕн ис, уыдон абонӕй фӕстӕмӕ афтӕ цӕрӕнт, цыма сын устытӕ нӕй+;
30 чи кӕуы, уыдон дӕр уӕнт, цыма нӕ кӕуынц, афтӕ; чи цин кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма нӕ цин кӕнынц, афтӕ; чи ӕлхӕны, уыдон та, цыма сӕм ницы ис, афтӕ.
31 Ӕмӕ ацы дунейӕ чи пайда кӕны+, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ+.
32 Мӕн уый фӕнды, цӕмӕй мӕт мацӕуыл кӕнат+. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг мӕт кӕны Хицауы хъуыддӕгтыл – Хицауы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл.
33 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый та мӕт кӕны+ дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ усы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл+,
34 ӕмӕ йӕ зӕрдӕ у дыууӕ дихы. Афтӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм сылгоймаг кӕнӕ ӕнӕцыд чызг дӕр мӕт кӕны Хицауы хъуыддӕгтыл+, йӕ буар дӕр ӕмӕ йӕ зонд* дӕр сыгъдӕг куыд уой, ууыл. Моймӕдзыд сылгоймаг та мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ лӕджы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл+.
35 Афтӕ мӕ ма бамбарут, ӕмӕ уын уӕ къухтӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ бӕттын – адӕттӕ уын уӕ пайдайӕн дзурын. Разӕнгард уӕ кӕнын, цӕмӕй, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрат+ ӕмӕ ӕдзухдӕр Хицауӕн лӕггад кӕнат, мацы уӕ хъыгдара, афтӕмӕй+.
36 Фӕлӕ кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ бон нӕу йӕ буары монцтыл хӕцын*+ ӕмӕ йын хуыздӕр у бинонтӕ скӕнын, ӕмӕ кӕд ӕгӕр ӕрыгон нал у, уӕд бакӕнӕд, куыд ӕй фӕнды, афтӕ – тӕригъӕд нӕ ракӕндзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ бинонтӕ скӕнӕнт+.
37 Фӕлӕ кӕд искӕмӕн йӕ бон у, ӕмӕ бинонтӕ ма скӕна, ӕмӕ йӕхиуыл йӕ бар цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, ус нӕ ракурдзынӕн кӕнӕ мой не скӕндзынӕн, ӕмӕ кӕд йӕ фӕндыл фидар хӕцы, уӕд хорз кӕны+.
38 Гъемӕ уӕдӕ, ус чи ракура кӕнӕ мой чи скӕна, уый дӕр хорз бакӕндзӕн+, фӕлӕ ус чи нӕ ракура кӕнӕ мой чи не скӕна, уый та – ноджы хуыздӕр+.
39 Цалынмӕ усӕн йӕ лӕг ӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у+. Фӕлӕ йӕ лӕг куы амӕла*, уӕд ын ис бар, ӕмӕ смой кӕна, кӕмӕ йӕ фӕнды, уымӕ, ӕрмӕст кӕд уыцы адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг у, уӕд*+.
40 Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ, куы нал смой кӕна, уӕд амондджындӕр уыдзӕни+. Мӕнмӕ гӕсгӕ та ӕз дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын дӕн+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «сылгоймагмӕ куы не ’вналид». Ӕвӕц., йӕ хъуыды у «ус куы нӕ ракурид ӕмӕ сылгоймагимӕ ӕмуат куы нӕ цӕуид».
^ Кӕс Уӕлӕмх. 11.
^ Ам цы грекъ. дзырд ис, уый амоны, ӕмуат чи никуы никӕимӕ ӕрцыд, ахӕм чызг кӕнӕ лӕппумӕ. Кӕс 28 ст. дӕр.
^ Комк. «Усимӕ баст дӕ».
^ Комк. «буары уыдзӕн хъизӕмӕрттӕ».
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Кӕнӕ «ӕмӕ, ӕнӕус лӕппу кӕнӕ ӕнӕцыд чызгӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ кӕны».
^ Комк. «куы бафынӕй уа».
^ Комк. «ӕрмӕст Хицауы мидӕг».