1 Паддзӕхты 11:1—43
11 Паддзах Соломон ма фараоны чызгӕй уӕлдай+ бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты+ – моаваг+, аммонаг+, едомаг+, сидойнаг+ ӕмӕ хеттаг+ сылгоймӕгты.
2 Уыцы адӕмты тыххӕй Йегъовӕ Израилы фырттӕн афтӕ загъта: «Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут+, кӕннод уын уӕ зӕрдӕ сӕ хуыцӕутты ’рдӕм аздахдзысты, ӕмӕ уыцы хуыцӕутты фӕдыл цӕудзыстут»+. Фӕлӕ сӕ Соломон уӕддӕр бауарзта+.
3 Соломонӕн уыди авдсӕдӕ усы ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ номылусы. Ӕмӕ йын йӕ устытӕ сабыргай+ йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй аздӕхтой.
4 Зӕрондырдӕм+ ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм+ аздӕхтой+, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд+, йӕ фыд Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ.
5 Ӕмӕ Соломон сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕйы+ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг хуыцау Милхомы+ фӕдыл цӕуын райдыдта.
6 Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын+, ӕмӕ, йӕ фыд Давидӕй уӕлдай, Йегъовӕйы коммӕ алы хъуыддаджы нӕ каст+.
7 Уыцы рӕстӕг Соломон Иерусалимы раз+ хохыл+ сарӕзта кувӕн бынӕттӕ*+ Моавы ӕлгъаг+ хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты ӕлгъаг хуыцау Молохӕн.
8 Ахӕм бынӕттӕ сарӕзта йе ’ндӕрбӕстаг устытӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ – уыдон хастой нывӕндтӕ сӕ хуыцӕуттӕн ӕмӕ-иу сын нывӕндты фӕздӕг суагътой+.
9 Ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+ Соломонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ аздӕхт Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ+, дыууӕ хатты йӕм чи фӕзынд+, уыцы Хуыцауӕй.
10 Йегъовӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма ацыдаид+, фӕлӕ йын уый йӕ ныхасы сӕрты ахызт.
11 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Соломонӕн загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕмӕ мӕ закъӕттӕ кӕй не ’ххӕст кодтай, уый тыххӕй дын паддзахад дӕ къухӕй ратондзынӕн ӕмӕ йӕ ратдзынӕн дӕ лӕггадгӕнӕгӕн+.
12 Фӕлӕ дӕ фыд Давиды хатырӕй+ уыцы хъуыддаг дӕ рӕстӕджы нӕ сараздзынӕн+. Ратондзынӕн ӕй дӕ фырты къухӕй+.
13 Ӕрмӕст ын паддзахад йӕ къухӕй ӕнӕхъӕнӕй нӕ ратондзынӕн+ – мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ ӕмӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимы+ тыххӕй йын иу мыггаг ратдзынӕн».
14 Ӕмӕ Йегъовӕ Соломоны+ ныхмӕ скодта+ Едомы паддзахы байзӕддаг Гадады. Уый уыд Едомӕй+.
15 Йӕ рӕстӕджы Давид едомӕгты куы ныццагъта+, уӕд йе ’фсады хистӕр Иоав ӕрцыд Едоммӕ уыцы мӕрдты баныгӕнынмӕ ӕмӕ хъуамӕ ныццагътаид, цыдӕриддӕр дзы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны+.
16 Иоав ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Едомы фесты ӕхсӕз мӕйы, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагъта, уӕдмӕ.
17 Гадад та уӕд гыццыл лӕппу уыди ӕмӕ едомӕгтӕй кӕимӕдӕрты, йӕ фыды лӕггадгӕнджытимӕ, Египетмӕ алыгъд.
18 Уыдон араст сты Мадиамы зӕххӕй+ ӕмӕ ӕрцыдысты Фаранмӕ+. Фаранӕй семӕ адӕмы акодтой ӕмӕ ацыдысты Египетмӕ, фараонмӕ, ома Египеты паддзахмӕ. Фараон Гададӕн радта хӕдзар, зӕхх дӕр ын рахицӕн кодта ӕмӕ йӕ хӕринагӕй дӕр цух нӕ уагъта.
19 Фараон Гададӕй афтӕ райгонд уыди+, ӕмӕ йын радта йӕ ус Тахпенесӕйы хойы+.
20 Цасдӕры фӕстӕ йын Тахпенесӕйы хо ныййардта фырт, Генуват, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ Тахпенесӕ фараоны хӕдзары дзидзийӕ фӕхицӕн кодта+, ӕмӕ Генуват фараоны хӕдзары фараонӕн йӕхи фырттимӕ хъомыл кодта.
21 Гадад Египеты фехъуыста, Давид йӕ фыдӕлтӕм кӕй баиу+, стӕй йе ’фсады хистӕр Иоав дӕр кӕй амард+. Ӕмӕ Гадад фараонӕн загъта: «Ауадз мӕ+, ӕмӕ мӕхи зӕхмӕ ацӕуон».
22 Фӕлӕ йын фараон загъта: «Ам мӕнмӕ исты цух дӕ, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕхи зӕхмӕ ацӕуын?» Уый йын дзуапп радта: «Ницы цух дӕн, фӕлӕ мӕ уӕддӕр ауадз».
23 Хуыцау ма Соломоны ныхмӕ скодта ноджыдӕр иу адӕймаджы+ – Елиадӕйы фырт Разоны. Уый алыгъд йӕ хицауӕй, Сувӕйы+ паддзах Адраазарӕй+.
24 Давид Сувӕйы адӕмы куы ныццагъта+, уӕд Разон адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сси абырджыты хистӕр. Ӕмӕ Дамаскмӕ+ ацыдысты, уым ӕрцардысты ӕмӕ дзы схицӕуттӕ сты.
25 Израилӕн Гадад цы фыддзинӕдтӕ кодта, уыдонмӕ ма Разон дӕр бафтыдта – цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ цыд Израилы ныхмӕ+. Ӕмӕ цалынмӕ Сирийы хицау уыд, уӕдмӕ Израилӕй йе сӕфт уыдта+.
26 Паддзахы ныхмӕ ма рацыд+ Наваты фырт Йеровоам+ дӕр. Уый уыд Ефремы мыггагӕй, Цередӕйӕ, ӕмӕ уыди Соломоны лӕггадгӕнӕг+. Йӕ мад уыди идӕдз сылгоймаг, хуынди Церуа.
27 Ӕмӕ мӕнӕ цӕй тыххӕй рацыд паддзахы ныхмӕ. Соломон сарӕзта Обау*+ ӕмӕ сӕхгӕдта, йӕ фыд Давиды горӕты къулы цы хуынкъ уыди, уый дӕр+.
28 Йеровоам уыди хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг+. Соломон федта, уыцы лӕппу куыд кусаг у+, уый ӕмӕ йӕ цӕстдарӕгӕй сӕвӕрдта+, Иосифы фырттӕй+ йӕм кусджытӕ чи уыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+.
29 Иухатт Йеровоам Иерусалимӕй ацыд ӕмӕ йыл фӕндагыл сӕмбӕлд пехуымпар Ахи+, Силомӕй+ чи уыд, уый. Ахийыл уыд ног уӕлӕдарӕс. Быдыры та сӕ дыууӕ йеддӕмӕ ничи уыд.
30 Ахи йӕ ног уӕлӕдарӕс райста ӕмӕ йӕ дыууадӕс+ хайыл аскъуыдтӕ кодта+,
31 ӕмӕ стӕй Йеровоамӕн загъта:
«Айс дзы дӕс хайы, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй паддзахад ратондзынӕн ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы ратдзынӕн дӕуӕн+.
32 Уымӕн та баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр иу мыггаг+ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ ӕмӕ, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимы тыххӕй+.
33 Ӕз афтӕ уый тыххӕй бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон мӕн ныууагътой+ ӕмӕ кувын райдыдтой сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕйӕн+, Моавы хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты хуыцау Милхомӕн+. Уыдон мӕ фӕндӕгтыл нӕ цыдысты, мӕ цӕсты раст цы у, уый нӕ арӕзтой ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ не ’ххӕст кодтой, Соломонӕн сӕ йӕ фыд Давид куыд ӕххӕст кодта, афтӕ.
34 Фӕлӕ йын паддзахад йӕ къухӕй ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг Давиды хатырӕй хицауӕй ныууадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ мын уый ӕххӕст кодта мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ.
35 Паддзахад ын байсдзынӕн йӕ фырты къухӕй ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы дӕуӕн ратдзынӕн+.
36 Йӕ фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу мыггаг, цӕмӕй мӕ разы, мӕ номӕн кӕй равзӕрстон+, уыцы горӕт Иерусалимы, алкӕддӕр уа мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддаг*+.
37 Ӕз дӕу равзардзынӕн, ӕмӕ, дӕ уд цӕмӕдӕриддӕр бӕллы, уымӕн уыдзынӕ хицау+ ӕмӕ уыдзынӕ Израилы паддзах.
38 Цыдӕриддӕр дын зӕгъон, уымӕ куы хъусай ӕмӕ мын мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай, мӕ цӕсты раст цы у, уый куы аразай, мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай,– мӕ лӕггадгӕнӕг Давид сӕ куыд ӕххӕст кодта, афтӕ+,– уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ+ ӕмӕ дын дӕ хӕдзар* ӕрфидар кӕндзынӕн, Давидӕн ӕй куыд ӕрфидар кодтон, афтӕ+, ӕмӕ дын Израил дӕ къухмӕ ратдзынӕн.
39 Ӕз Давиды байзӕддӕгты се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй фегад кӕндзынӕн+, фӕлӕ ӕнустӕм нӕ“»+.
40 Ӕмӕ Соломон сфӕнд кодта Йеровоамы амарын+, фӕлӕ Йеровоам сыстад ӕмӕ алыгъд+ Египетмӕ, Египеты паддзах Сусакиммӕ+. Ӕмӕ уым цард, цалынмӕ Соломон нӕ амард, уӕдмӕ.
41 Соломоны иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, йӕ зонды тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Соломоны царды хабӕртты чиныджы.
42 Соломон Иерусалимы ӕгас Израилӕн паддзах уыд цыппор азы+.
43 Уый фӕстӕ Соломон йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыд Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ».
^ Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
^ Комк. «цырагъ».
^ «Хӕдзар», ома паддзӕхты хӕдзарвӕндаг.