1 Паддзӕхты 12:1—33

12  Ровоам+ ацыд Сихеммӕ+, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уым ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой.  Наваты фырт Йеровоам+ та уыцы рӕстӕг уыд Египеты, уымӕн ӕмӕ Египетмӕ алыгъд паддзах Соломонӕй ӕмӕ уым цард,– ӕмӕ уыцы хабар фехъуыста+.  Ӕмӕ йӕм арвыстой, ӕрцу, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ Йеровоам ӕмӕ Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты Ровоаммӕ ӕмӕ йын загътой+:  «Дӕ фыд ныл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, фӕлӕ ды фӕрогдӕр кӕн, дӕ фыд нӕ цы уӕззау куыстыл бафтыдта ӕмӕ ныл цы уӕззау ӕфсондз+ сӕвӕрдта+, уый, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзыстӕм»+.  Уый сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ-иу мӕм ӕртӕ боны фӕстӕ ӕрбацӕут»+. Гъемӕ адӕм ацыдысты.  Ӕмӕ паддзах Ровоам уынаффӕ кӕнын райдыдта, йӕ фыд Соломонӕн чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр лӕгтимӕ+ ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы зӕгъон ацы адӕмӕн, цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут?»+  Уыдон ын загътой: «Абон ацы адӕмӕн лӕггадгӕнӕг куы суай, о, куы сын лӕггад кӕнай+ ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай+, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзысты»+.  Фӕлӕ паддзах Ровоам хистӕр лӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ уынаффӕ кӕнын райдыдта ӕрыгон лӕппутимӕ, йемӕ чи схъомыл+ ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, уыдонимӕ+.  Загъта сын: «Адӕм мын афтӕ зӕгъынц: „Дӕ фыд ныл цы уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн“+. Ӕмӕ мын сымах та цы бауынаффӕ кӕндзыстут+, цы зӕгъӕм ацы адӕмӕн?» 10  Йемӕ чи схъомыл, уыцы лӕппутӕ йын загътой: «Афтӕ дын чи зӕгъы, дӕ фыд ныл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, фӕлӕ нын ӕй ды фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн зӕгъ+: „Мӕнӕн мӕ гыццыл ӕнгуылдз дӕр мӕ фыды синтӕй ставддӕр у+. 11  Мӕ фыд уыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, ӕз та уын уӕ уаргъыл ноджыдӕр бафтаудзынӕн+. Мӕ фыд уӕ ӕнӕуи ехсӕй надта, ӕз та уӕ нӕмдзынӕн, сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй*“»+. 12  Йеровоам ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕртыккаг бон Ровоаммӕ ӕрбацыдысты, паддзах сын куыд загъта, афтӕ, ӕртыккаг бон-иу мӕм ӕрбацӕут+, зӕгъгӕ. 13  Ӕмӕ сын паддзах тызмӕгӕй дзуапп радта+. Хистӕр лӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта+, 14  фӕлӕ йын ӕрыгон лӕппутӕ куыд бауынаффӕ кодтой+, афтӕ загъта адӕмӕн: «Мӕ фыд уыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, ӕз та уын уӕ уаргъыл ноджыдӕр бафтаудзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕнӕуи ехсӕй надта, ӕз та уӕ нӕмдзынӕн, сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй»+. 15  Паддзах адӕммӕ нӕ байхъуыста+, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг уыд Йегъовӕйӕ+, цӕмӕй Йегъовӕ сӕххӕст кодтаид+, силомаг Ахийы+ уылты Наваты фырт Йеровоамӕн цы загъта, уый. 16  Израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕм паддзах нӕ байхъуыста, уӕд ын загътой: «Цы хай нын ис Давидмӕ?+ Махӕн Йессейы фыртмӕ бынтӕ нӕй. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм аздӕхут!+ Ныр дӕхи хӕдзары кой кӕн, Давид!»+ Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ цатыртӕм ацыдысты. 17  Израилы фырттӕй ма Ровоамы дӕлбар баззадысты, Иудӕйы горӕтты чи цард, ӕрмӕстдӕр уыдон+. 18  Иухатт паддзах Ровоам Израилы фырттӕм арвыста Адорамы+ – кусджыты сӕргъы чи лӕууыд, уый+, фӕлӕ йӕ уыдон иууылдӕр дуртӕй фӕхостой+, ӕмӕ амард. Паддзах Ровоам та бӕхуӕрдонмӕ сгӕпп кодта ӕмӕ Иерусалиммӕ алыгъд. 19  Уӕдӕй абоны онг+ израилӕгтӕ сты Давиды хӕдзарвӕндаджы ныхмӕ+. 20  Йеровоам фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый израилӕгтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕм уайтагъд арвыстой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой+. Давиды хӕдзарвӕндаджы фӕдыл та Иудӕйы мыггаг йеддӕмӕ ничи ацыд+. 21  Ровоам та куыддӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+, афтӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕйы мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг+ – сӕдӕ ӕстай мин хуыздӕр хӕстоны, цӕмӕй Израилы адӕмимӕ схӕцыдаиккой ӕмӕ паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ Соломоны фырт Ровоамы бауыдаиккой. 22  Уӕд ӕцӕг Хуыцау+ йӕ пехуымпар* Шемайӕйӕн+ загъта: 23  «Афтӕ зӕгъ Иудӕйы паддзах Ровоамӕн, Соломоны фыртӕн, ӕмӕ Иудӕйы мыггагӕй се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Вениамины мыггагӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр: 24  „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ма схӕцут уе ’фсымӕртимӕ, Израилы фырттимӕ+. Алчидӕр уӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый мӕнӕй уыди“»+. Уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой+ ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 25  Йеровоам Ефремы хӕхбӕсты горӕт Сихем+ сарӕзта ӕмӕ уым ӕрцард. Стӕй уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Пенуел+ дӕр сарӕзта. 26  Йеровоам йӕхицӕн загъта+: «Паддзахад та фӕстӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндаджы бауыдзӕн+. 27  Ацы адӕм дарддӕр дӕр Иерусалиммӕ куы цӕуой ӕмӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы хӕдзары куы хӕссой+, уӕд сӕ зӕрдӕ дӕр фӕстӕмӕ сӕ хицауы ’рдӕм, Иудӕйы паддзах Ровоамы ’рдӕм фӕуыдзӕн. Ӕмӕ мӕ уӕд ӕнӕмӕнг амардзысты+ ӕмӕ фӕстӕмӕ Иудӕйы паддзах Ровоаммӕ аздӕхдзысты». 28  Уӕд паддзах йӕ уынаффӕгӕнджытимӕ бауынаффӕ кодта+ ӕмӕ скодта дыууӕ сызгъӕрин роды+ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Иерусалиммӕ цӕуын уын ӕгӕр зын у. Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау+, Египетӕй дӕ чи ракодта, уый»+. 29  Ӕмӕ уыцы сызгъӕрин родтӕй иу Вефилы сӕвӕрдта+, иннӕ та – Даны+. 30  Уый адӕмы ӕркодта тӕригъӕдмӕ+. Адӕм суанг Данмӕ цыдысты, цӕмӕй, уым чи уыд, уыцы родӕн куывтаиккой. 31  Йеровоам бӕрзонд бынӕтты кувӕндӕттӕ аразын райдыдта+ ӕмӕ сауджынтӕй ӕвӕрдта ӕнӕуи адӕмы, Левийы фырттӕй чи нӕ уыд, уыдоны+. 32  Ӕстӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон та скодта, Иудӕйы цы бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой, уый хуызӕн бӕрӕгбон+, цӕмӕй, Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хастаид, кӕй сарӕзта, уыцы родтӕн. Уым ма Вефилы+ сӕвӕрдта сауджынты дӕр, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой, цы кувӕн бынӕттӕ* сарӕзта, уым. 33  Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл нывӕндтӕ хӕссын райдыдта, йӕхӕдӕг цы мӕй равзӕрста+, уыцы мӕйы – ӕстӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон. Ӕмӕ Израилы фырттӕн скодта бӕрӕгбон ӕмӕ нывондхӕссӕныл нывӕндтӕ ӕрхаста ӕмӕ дзы нывӕндты фӕздӕг суагъта+.

Фиппаинӕгтӕ

«Сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехс»-ӕй цы дзут. дзырд у тӕлмац, уый ма нысан кӕны «скорпион» дӕр, Д.з 8:15 куыд у, афтӕ.
Комк. «(ӕцӕг) Хуыцауы адӕймаг».
Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ».