1 Паддзӕхты 13:1—34

13  Йеровоам нывондхӕссӕны раз куы лӕууыд+ ӕмӕ йыл нывонды фӕздӕг суадзынмӕ куы хъавыд+, уӕд Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+ Иудӕйӕ Вефилмӕ ӕрцыд Хуыцауы ӕрвыст лӕг+.  Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ нывондхӕссӕнӕн загъта: «О нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Давиды хӕдзары райгуырдзӕн лӕппу, Иоси, зӕгъгӕ!+ Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕн, кувӕн бынӕтты чи лӕггад кӕны ӕмӕ дыл нывӕндты фӕздӕг чи суадзы, уыцы сауджынты, ӕмӕ дыл адӕмы стджытӕ басудздзӕн“»+.  Ӕмӕ сын уыцы бон радта нысан дӕр+. Уый загъта: «Мӕнӕ уын Йегъовӕйӕ нысан: ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн, ӕмӕ дзы цы сойӕдзаг фӕнык ис, уый ракӕлдзӕн».  Паддзах Йеровоам лӕууыд нывондхӕссӕны раз ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Ӕрцахсут ӕй!»+ Ӕмӕ йӕм куыддӕр йӕ къухӕй ацамыдта, афтӕ йӕ къух ӕвиппайды бахус, ӕмӕ йӕ йӕ бон фӕкъӕдз кӕнын дӕр нал уыд+.  Нывондхӕссӕн та ныппырх ӕмӕ дзы цы сойӕдзаг фӕнык уыд, уый ракалд, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.  Ӕмӕ уӕд паддзах ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кӕн* ӕмӕ йӕм мӕн тыххӕй скув, цӕмӕй мӕ къух адзӕбӕх уа»+. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ паддзахы къух адзӕбӕх – раздӕр ын куыд уыди, афтӕ та йын сси+.  Уый фӕстӕ паддзах ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Цом нӕм хӕдзармӕ ӕмӕ исты ахӕр+, стӕй дын лӕвар дӕр раттон»+.  Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ хӕдзарӕн мын йе ’мбис куы раттис+, уӕд дӕр нӕ ацӕуин демӕ+ ӕмӕ ам къӕбӕр дӕр нӕ бахӕрин ӕмӕ дон дӕр нӕ бануазин,  уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр+ ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз, ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрцыдтӕ, фӕстӕмӕ ууыл ма ацу“». 10  Ӕмӕ уыцы лӕг ӕндӕр фӕндагыл ацыд – Вефилмӕ цы фӕндагыл ӕрцыд, фӕстӕмӕ ууыл нал аздӕхт. 11  Вефилы царди иу зӕронд пехуымпар+. Йӕ фырттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йын радзырдтой, уыцы бон ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Вефилы цытӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Сӕ фыдӕн ма радзырдтой, уыцы адӕймаг паддзахӕн цы загъта, уый дӕр. 12  Уӕд сӕ сӕ фыд бафарста: «Кӕуылты ацыд уыцы лӕг?» Ӕмӕ йын йӕ фырттӕ равдыстой, ӕцӕг Хуыцау Иудӕйӕ кӕй ӕрӕрвыста, уыцы лӕг кӕуылты ацыд, уый. 13  Ӕмӕ уӕд йӕ фырттӕн загъта: «Хӕрӕгыл-ма мын саргъ авӕрут». Уыдон дӕр хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдтой+, ӕмӕ йыл сбадт ӕмӕ ацыд. 14  Уый ацыд ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕджы фӕдыл ӕмӕ йӕ стыр бӕласы бын бадгӕ ссардта+. Ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг? Иудӕйӕ ды ’рцыдтӕ?»+ «О»,– дзуапп ын радта уый. 15  Уӕд ын зӕронд пехуымпар загъта: «Цом мемӕ хӕдзармӕ ӕмӕ нӕм къӕбӕр бахӕр». 16  Фӕлӕ йын Хуыцауы ӕрвыст лӕг загъта: «Мӕ бон нӕу демӕ фӕстӕмӕ аздӕхын ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ бацӕуын, стӕй мын ам къӕбӕр хӕрӕн ӕмӕ дон нуазӕн дӕр нӕй+, 17  уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта+: „Къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз. Ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрцыдтӕ, фӕстӕмӕ ууыл ма аздӕх“»+. 18  Уый та йын загъта: «Ӕз дӕр дӕу хуызӕн пехуымпар дӕн, ӕмӕ мын зӕд+ Йегъовӕйы номӕй загъта: „Ракӕн ӕй дӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй къӕбӕр бахӕра ӕмӕ дон бануаза“». Афтӕмӕй та йӕ сайгӕ акодта+. 19  Уӕд уый дӕр фӕстӕмӕ йемӕ ацыд, цӕмӕй йӕ хӕдзары къӕбӕр бахордтаид ӕмӕ дон банызтаид+. 20  Фынгыл куы бадтысты, уӕд, фӕстӕмӕ йӕ чи ракодта, уыцы пехуымпармӕ Йегъовӕйӕ уыди ныхас+. 21  Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн, Иудӕйӕ чи ’рцыд, уымӕн, загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ды Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтӕ+ ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай+, 22  фӕлӕ дын ӕз афтӕ цы бынатӕй загътон, къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз, зӕгъгӕ, уырдӕм фӕстӕмӕ ацыдтӕ къӕбӕр хӕрынмӕ ӕмӕ дон нуазынмӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕ мард, дӕ фыдӕлтӕ кӕм ныгӕд сты, уырдӕм нӕ фӕхӕццӕ уыдзӕн“»+. 23  Зӕронд пехуымпар фӕстӕмӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы пехуымпар куыддӕр бахордта ӕмӕ банызта, афтӕ йын хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта, 24  ӕмӕ лӕг йӕ фӕндагыл араст. Фӕндагыл йӕ размӕ фӕци домбай+ ӕмӕ йӕ амардта+. Ӕмӕ йӕ мард фӕндагыл афтӕ баззад, хӕрӕг ӕмӕ домбай та йӕ цуры лӕууыдысты. 25  Уыцы фӕндагыл цы адӕм цыд, уыдон федтой, фӕндаджы астӕу мард лӕг кӕй хуыссы ӕмӕ йӕ цуры та домбай кӕй лӕууы. Ӕмӕ, зӕронд пехуымпар кӕм цард, уыцы горӕтмӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы хабар уым радзырдтой. 26  Фӕндагӕй йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпар уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уый ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг у, Йегъовӕйы ныхасы сӕрты чи ахызт, уый+. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ домбайы амӕттаг бакодта, ӕмӕ йӕ домбай аскъуыдтӕ кодта ӕмӕ йӕ амардта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+. 27  Стӕй йӕ фырттӕн загъта: «Хӕрӕгыл-ма мын саргъ авӕрут». Уыдон дӕр хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдтой+. 28  Ӕмӕ ацыд ӕмӕ йын йӕ мард фӕндагыл ссардта, йӕ цуры та лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай мардмӕ нӕ бавнӕлдта ӕмӕ хӕрӕджы дӕр нӕ бахордта+. 29  Уӕд зӕронд пехуымпар ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕджы мард систа, хӕрӕгыл ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ горӕтмӕ аласта, цӕмӕй йыл фӕкуыдтаиккой ӕмӕ йӕ баныгӕдтаиккой. 30  Йӕ мард ын бавӕрдта йӕхи зӕппадзы. Ӕмӕ йыл куыдтой+: «Мӕгуыр дӕ бон, ме ’фсымӕр!» 31  Куы йӕ баныгӕдта, уӕд йӕ фырттӕн загъта: «Куы амӕлон, уӕд-иу мӕ баныгӕнут, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг кӕм ныгӕд ис, уым. Ме стджытӕ-иу мын йе стджыты фарсмӕ бавӕрут+, 32  уымӕн ӕмӕ, Вефилы цы нывондхӕссӕн+ ис ӕмӕ Самарийы+ горӕтты цы кувӕндӕттӕ+ ис, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ цы загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн»+. 33  Йеровоам уыцы хабары фӕстӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ дарддӕр кувӕн бынӕтты сауджынтӕй ӕвӕрдта ӕнӕуи адӕмы+. Кӕй-иу фӕндыд, уымӕн-иу бартӕ радта+ ӕмӕ-иу загъта: «Уадз ӕмӕ ацы лӕг кувӕн бынаты сауджын уа». 34  Уымӕй Йеровоамы хӕдзаронтӕ ракодтой тӕригъӕд+, ӕмӕ уый тыххӕй зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цӕсгом ӕрфӕлмӕн кӕн».