1 Паддзӕхты 15:1—34

15  Ави Иудӕйы паддзах сси+, Наваты фырт+ Йеровоам+ ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд.  Ӕртӕ азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Маахӕ+, уыди Авессаломы чызджы чызг+.  Ави дӕр арӕзта, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыд+, йӕ фыдӕл Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ+.  Йӕ Хуыцау Йегъовӕ йын Давиды хатырӕй+ Иерусалимы радта цырагъ+ – йӕ фӕстӕ йын йӕ фырты паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ Иерусалим фесафын нӕ бауагъта+,  уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты никуы ахызт+, хеттаг Урийы хабарӕй фӕстӕмӕ+.  Ровоам ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн цӕрӕнбонты уыд хӕст+.  Авийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. Ави ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн дӕр цыди хӕст+.  Ӕппынфӕстаг Ави йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Асӕ+.  Асӕ Иудӕйы паддзах сси, Йеровоам Израилы дыууынӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 10  Ӕмӕ цыппор иу азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ фыдымад хуынди Маахӕ+, уыди Авессаломы чызджы чызг+. 11  Асӕ дӕр йӕ фыдӕл Давидау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. 12  Йӕ бӕстӕйӕ фӕсырдта хӕтаг нӕлгоймӕгты+ ӕмӕ фесӕфта, йӕ фыдӕлтӕ цыдӕриддӕр фаджыс-хуыцӕуттӕ+ сарӕзтой+, уыдон. 13  Йӕ фыдымад Маахӕйӕн+ та йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыди+, уымӕн ӕмӕ цӕджындзӕн кувынӕн сарӕзта ӕнад мӕнгхуыцау. Асӕ йын йӕ ӕнад мӕнгхуыцауы+ афӕлдӕхта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы+ басыгъта+. 14  Кувӕн бынӕттӕ+ та нӕ ныппырх кодта+. Фӕлӕ цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ+. 15  Асӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ бахаста, йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цы снывонд кодта, уыдӕттӕ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ+. 16  Асӕ ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕйы+ ’хсӕн цӕрӕнбонты уыд хӕст. 17  Ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕ Иудӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ райдыдта Рамӕ+ фидар кӕнын, цӕмӕй Иудӕйы паддзах Асӕйӕ рацӕуӕн дӕр макӕмӕн уыдаид ӕмӕ йӕм бацӕуӕн дӕр ма уыдаид+. 18  Уӕд Асӕ рахаста, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ ма паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин баззад, уый, йӕ лӕггадгӕнджытӕм сӕ радта ӕмӕ сӕ арвыста Сирийы паддзах+ Венададӕн+. Венадад уыд Хезионӕн йӕ фырт Тавримоны фырт ӕмӕ цард Дамаскы+. Арвыста сӕ ахӕм ныхасимӕ: 19  «Мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыди бадзырд, афтӕ нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ис бадзырд. Лӕварӕн+ дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин. Ацу ӕмӕ, Израилы паддзах Ваасӕимӕ цы бадзырд скодтай, уый фехал, цӕмӕй мемӕ мауал хӕца»+. 20  Венадад байхъуыста паддзах Асӕмӕ ӕмӕ йе ’фсӕдты хистӕрты арвыста, цӕмӕй Израилы горӕттимӕ схӕцыдаиккой. Ӕмӕ Венадад ныппырх кодта Ийон+, Дан+, Авел-Беф-Маахӕ+ ӕмӕ ӕгас Киннереф, Неффалимы+ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. 21  Ваасӕ уый куы фехъуыста, уӕд Рамӕ нал фидар кодта+ ӕмӕ фӕстӕмӕ Фирцӕмӕ ӕрцыд+. 22  Паддзах Асӕ та Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+, ӕмӕ Рамӕйӕ ахастой, Ваасӕ горӕт кӕмӕй фидар кодта, уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕй паддзах Асӕ фидар кӕнын райдыдта Вениамины мыггаджы горӕт Гивӕ+, стӕй Массифӕ+ дӕр. 23  Асӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй, цы горӕттӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. Асӕ куы базӕронд+, уӕд йӕ къӕхтӕй хъӕрзын райдыдта+. 24  Ӕппынфӕстаг Асӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕл Давиды горӕты йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат+. 25  Йеровоамы фырт Надав+ Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Израилы паддзах уыд дыууӕ азы. 26  Надав арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Надав цыди йӕ фыды фӕндагыл+ ӕмӕ, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+. 27  Иссахары мыггагӕй Ахийы фырт Ваасӕ+ Надавы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ, Надав ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр филистимӕгты горӕт Гавафоныл+ куы ’ртыхстысты, уӕд ӕй уым амардта. 28  Ваасӕ Надавы амардта, Асӕ Иудӕйы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах+. 29  Ӕмӕ паддзах куы сси, уӕд, Йеровоамы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагъта. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта, бындзагъд сӕ фӕкодта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг силомаг Ахийы уылты куыд загъта, афтӕ+, 30  уымӕн ӕмӕ Йеровоам арӕзта тӕригъӕдтӕ+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта ӕмӕ афтӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдта+. 31  Надавы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 32  Асӕ ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕйы ’хсӕн цӕрӕнбонты уыди хӕст+. 33  Ахийы фырт Ваасӕ Фирцӕйы ӕгас Израилӕн паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ дыууын цыппар азы уыди паддзах+. 34  Ваасӕ арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди Йеровоамы фӕндагыл+ – Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+.

Фиппаинӕгтӕ