1 Паддзӕхты 4:1—34

4  Соломон паддзах уыд ӕгас Израилӕн дӕр+.  Кънйӕзтӕ+ йӕм уыдысты: Садокы фырт+ Азари, сауджын;  Сивӕйы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахи, писыртӕ+; Ахилуды фырт Иосафат+, азфыссӕг;  Иодайы фырт Ванейӕ+, ӕфсады сӕргълӕууӕг+; Садок ӕмӕ Авиафар+, сауджынтӕ;  Нафаны+ фырт Азари, бӕстӕйы хицӕутты сӕргъы чи лӕууыд, уый; Нафаны фырт Завуф, сауджын, паддзахы ӕрдхорд+;  Ахисар, паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; Авдӕйы фырт Адонирам+, кусджыты сӕргъы чи лӕууыд, уый+.  Соломон ӕгас Израилы дӕр сӕвӕрдта бӕстӕйы хицӕуттӕ, уыдысты дыууадӕс. Сӕ хӕс уыди, цӕмӕй сӕ алчидӕр афӕдз иу мӕйы дӕргъы паддзахӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хӕринаг хастаид+.  Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Хуры фырт – Ефремы хӕхбӕсты+;  Декеры фырт – Макацы, Шаалбимы+, Вефсамисы+ ӕмӕ Елон-Беф-Хананы; 10  Хеседы фырт – Арубофы, йӕ дӕлбар уыдысты Сохо, стӕй Хеферы+ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр; 11  Аминадавы фырт – Доры хӕхты+, уымӕн Соломоны чызг Тафаф сси йӕ ус; 12  Ахилуды фырт Ваанӕ – Фаанахы+, Мегиддойы+ ӕмӕ ӕгас Беф-Саны+, Изреелӕй+ дӕлдӕр, Цартаны+ раз, Беф-Санӕй суанг Авел-Мехолӕ+ ӕмӕ Иокмеамы+ бӕстӕйы онг; 13  Геверы фырт – Рамоф-Галаады+, Галаады+ йӕ дӕлбар уыдысты Манассийы байзӕддаг Иаиры хъӕутӕ+, адӕм цатырты кӕм цардысты, уыцы хъӕутӕ; Васаны+ та йӕ дӕлбар уыд Арговы бӕстӕ+: ӕхсай стыр горӕты къултимӕ ӕмӕ ӕрхуы дуарӕхгӕнӕнтимӕ; 14  Иддойы фырт Ахинадав – Маханаимы+; 15  Ахимаас – Неффалимы+ зӕххыл, уый дӕр ракуырдта Соломоны чызджытӕй иуы, Васемафӕйы+; 16  Хусийы фырт Ваанӕ – Асиры+ зӕххыл ӕмӕ Баалофы; 17  Паруахы фырт Иосафат – Иссахары зӕххыл+; 18  Елӕйы фырт Шимей+ – Вениамины+ зӕххыл; 19  Урийы фырт Гевер – Галаады зӕххыл+, аморейты паддзах+ Сигоны+ зӕххыл ӕмӕ Васаны+ паддзах Огы+ зӕххыл. Бӕстӕйы хицӕуттӕн се ’ппӕты сӕргъы дӕр уыд иу хицау. 20  Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм уыдысты, денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ бирӕ+, ӕмӕ хордтой, нызтой ӕмӕ цин кодтой+. 21  Соломоны дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдонӕй*+ суанг филистимӕгты зӕххы онг ӕмӕ Египеты арӕнты онг цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ уыд, уыдон. Цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ йын уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр хъалон фыстой ӕмӕ йын лӕггад кодтой+. 22  Соломоны галуаны-иу хӕринагыл алы бон дӕр ацыд: ӕртын стыр дурыны*+ ӕппӕты хуыздӕр ссад, ӕхсай стыр дурыны ӕнӕуи ссад, 23  дӕс хӕрзхаст галы, дыууын галы та – хизӕнтӕй, сӕдӕ фысы, стӕй ма сагтӕ+, джейрантӕ+, сӕгуыттӕ ӕмӕ нард мӕргътӕ*. 24  Стыр цӕугӕдоны+ ацы фарс, Типсахӕйӕ суанг Газӕйы+ онг, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар уыд,– йӕ дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдоны ацы фарс цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон иууылдӕр+. Ӕмӕ йӕ зӕххыл алкӕмдӕр уыди фарн+. 25  Цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ Иудӕ+ ӕмӕ Израилы адӕм, Данӕй суанг Вирсавийы онг+, цардысты ӕдасӕй+, алчидӕр – йӕхи сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын+. 26  Соломоны бӕхдӕтты уыд цыппар мин бынаты+, йӕ бӕхуӕрдӕтты-иу+ кӕй баифтыгътой, уыцы бӕхтӕн. Дыууадӕс мины та йӕм барджытӕ уыди. 27  Соломон йӕ бӕстӕйы хицӕуттӕй+ кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕй алчидӕр, йӕ рад-иу куы уыд, уыцы мӕй паддзахӕн ӕмӕ, йӕ фынгыл чи бадт, уыдонӕн хаста хӕринаг. Ӕмӕ паддзахы фынг цух ницӕмӕй уагътой. 28  Уыдон ма ифтындзгӕ бӕхтӕн+ ӕмӕ иннӕ бӕхтӕн дӕр ластой хъӕбӕрхор ӕмӕ хъӕмп, кӕмдӕриддӕр хъуыди, уырдӕм. Алчидӕр сӕ ласта, цы йын бахӕс кодтой, уый+. 29  Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта стыр зонд+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+, радта йын арфуынӕг зӕрдӕ+, ӕмӕ йӕ арфуынындзинад уыд денджызы был змисау ӕнӕкӕрон+. 30  Ӕгас Скӕсӕны цӕрджыты зонд+ ӕмӕ ӕгас Египеты зонд дӕр+ ницы уыд Соломоны зонды раз+. 31  Соломонӕй зондджындӕр адӕймаг нӕ уыд. Уый зондджындӕр уыд Зарайы фырт Ефанӕй+, стӕй Махолы фырттӕй дӕр – Еманӕй+, Халколӕй+ ӕмӕ Дардӕйӕ. Ӕмӕ сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цард, уыдоныл йӕ кад айхъуыст+. 32  Соломон радзырдта ӕртӕ мин ӕмбисонды+ ӕмӕ ныффыста иу мин фондз зарӕджы+. 33  Соломон дзырдта бӕлӕсты тыххӕй – Ливаны+ чи зайы, уыцы кедртӕй райдай ӕмӕ, къулыл чи схилы, уыцы иссопӕй+ фӕу. Дзырдта ма сырдтӕ+ ӕмӕ мӕргъты+ тыххӕй, стӕй ӕндӕр цӕрӕгойты+ тыххӕй ӕмӕ кӕсӕгты+ тыххӕй дӕр. 34  Ӕмӕ Соломоны зондмӕ байхъусынмӕ цыдысты алы адӕмтӕй дӕр+, ӕгас зӕххы паддзӕхтӕй дӕр,– йӕ зонды тыххӕй-иу чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Евфратӕй.
Комк. «коры»; иу кор у 220 л. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Комк. «гакк-гуччытӕ».