1 Паддзӕхты 9:1—28
9 Соломон Йегъовӕйы хӕдзар ӕмӕ паддзахы хӕдзар+ арӕзт куы фӕци+ ӕмӕ ма йӕ цыдӕриддӕр фӕндыд, уыдӕттӕ дӕр куы сарӕзта+,
2 уӕд ӕм Йегъовӕ дыккаг хатт фӕзынд – Гаваоны йӕм куыд фӕзынд, афтӕ+.
3 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ дӕ лӕгъстӕтӕ, ӕмӕ, цы хӕдзар сарӕзтай, уый ссыгъдӕг кодтон+ ӕмӕ йӕ саккаг кодтон, цӕмӕй мӕ ном+ уым уа ӕнустӕм. Ӕз ӕм алкӕддӕр мӕ цӕст дардзынӕн+ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн+.
4 Дӕ фыд Давидау+ мын иузӕрдионӕй*+ ӕмӕ рӕстӕй+ куы лӕггад кӕнай+ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уый куы аразай+ ӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнай+,
5 уӕд дын Израилы дӕ паддзахбадӕн ӕнустӕм сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты Израилы паддзахбадӕныл, зӕгъгӕ+.
6 Фӕлӕ сымах ӕмӕ уӕ фырттӕ мӕ фӕдыл куы нал цӕуат+, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ радтон, уыдон куы нал ӕххӕст кӕнат, ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куват+ ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат,
7 уӕд ӕз Израилы адӕмы фесафдзынӕн, кӕй сын радтон, уыцы зӕххӕй+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодтон, уыцы хӕдзарыл+, ӕмӕ Израил ӕппӕт адӕмтӕн суыдзӕн ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг.
8 Ӕмӕ ацы хӕдзар фестдзӕн хӕлддзӕгты цӕнд+. Ӕмӕ-иу йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+, ныхситт-иу кӕндзӕн ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+
9 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы, сӕ фыдӕлты сын Египеты зӕххӕй чи ракодта+, уыцы Хуыцауы, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.
10 Соломон дыууӕ хӕдзары – Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ паддзахы хӕдзар+ – сарӕзта дыууын азмӕ.
11 Тиры паддзах Хирам+ та Соломонӕн+ лӕвӕрдта кедрбӕлӕсты ӕмӕ ӕхсӕлыбӕлӕсты хъӕдтӕ, стӕй сызгъӕрин дӕр, Соломоны цас хъуыд, уыйбӕрц+. Уый фӕстӕ паддзах Соломон Хирамӕн Галилейӕйы зӕххыл радта дыууын горӕты+.
12 Ӕмӕ Хирам Тирӕй ӕрцыд, Соломон ын кӕй радта, уыцы горӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты+.
13 Ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цавӕр горӕттӕ радтай, ме ’фсымӕр?» Ӕмӕ уыцы горӕттӕ абоны онг дӕр хонынц Кавулы бӕстӕ*.
14 Хирам та паддзахӕн арвыста сӕдӕ дыууын таланты* сызгъӕрин+.
15 Паддзах Соломон кусджыты ӕркодта+, цӕмӕй сарӕзтаиккой Йегъовӕйы хӕдзар+, Соломонӕн йӕхи хӕдзар, Обау*+, Иерусалимы къул+, Асор+, Мегиддо+ ӕмӕ Газер+.
16 Газеры хабар та афтӕ уыди, ӕмӕ йӕ кӕддӕр фараон, Египеты паддзах, бацахста ӕмӕ йӕ арты хай бакодта, чи дзы цард, уыцы ханаайнӕгты+ та ныццагъта. Ӕмӕ йӕ чызг Соломонмӕ чындзы куы цыд, уӕд ын ӕй балӕвар кодта+.
17 Гъемӕ Соломон ногӕй сарӕзта Газер, Дӕллаг Беф-Орон+,
18 Ваалаф+ ӕмӕ Фамар, ома, уыцы бӕстӕйы ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уыцы горӕт,
19 стӕй, Соломоны къухы чи уыд, тыллӕг-иу кӕм бафснайдтой+, уыцы горӕттӕ иууылдӕр, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕттӕ+ ӕмӕ, барджытӕ кӕм цардысты, уыцы горӕттӕ дӕр. Стӕй ма йӕ Иерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ дӕлбар зӕххыл цыдӕриддӕр фӕндыд саразын, уыдӕттӕ дӕр сарӕзта+.
20 Аморейтӕй+, хеттӕй+, ферезейтӕй+, евейтӕй+ ӕмӕ ма йевусейтӕй+ чи баззад, Израилы фырттӕй чи нӕ уыд, уыдонӕн+
21 сӕ фыртты та – сӕ фӕстӕ ма уыцы зӕххыл чи баззад, Израилы фырттӕн сӕ бон кӕй нӕ баци сӕфты хай бакӕнын, уыдоны+,– Соломон бафтыдта цагъары куыстыл, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+.
22 Фӕлӕ Соломон Израилы фырттӕй цагъар никӕй скодта+. Уыдон ын уыдысты хӕстонтӕ, лӕггадгӕнджытӕ, кънйӕзтӕ, ӕххуысгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ бӕхтӕрджыты ӕмӕ йӕ барджыты хистӕртӕ+.
23 Соломон фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы сӕвӕрдта сӕйраг хицӕуттӕй – уыдон лӕууыдысты алы куыстыты сӕргъы ӕмӕ кусджытӕм сӕ хъус дардтой+.
24 Фараоны чызг+ та Давиды горӕтӕй+ рацыд йӕхи хӕдзармӕ, Соломон ын кӕй сарӕзта, уыцы хӕдзармӕ. Соломон Обау дӕр уыцы рӕстӕг сарӕзта+.
25 Соломон Йегъовӕйӕн кӕй сарӕзта, уыцы нывондхӕссӕныл+ афӕдз ӕртӕ+ хатты хаста судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты фӕздӕг суагъта, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн+ уыд, уымӕй. Ӕмӕ Соломон хӕдзар арӕзт фӕци+.
26 Соломон Ецион-Гаверы+ сарӕзта наутӕ. Ецион-Гавер та ис Елафы+ раз, Сырх денджызы был, Едомы зӕххыл+.
27 Уыцы наутыл Хирам Соломоны лӕггадгӕнджытимӕ ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты+ – ӕдзухдӕр наутыл чи цыд ӕмӕ денджыз хорз чи зыдта, уыдоны.
28 Ӕмӕ-иу уыдон наутыл ацыдысты Офирмӕ+ ӕмӕ-иу уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Дзут. тексты цы дзырд ис (том), уый нысан кӕны хӕрзӕгъдау, ӕфсармджын, ӕнаипп, зӕрдӕйӕ ӕнӕхъӕн.
^ Кӕнӕ «Ницӕйаг бӕстӕ».
^ Иу талант у 34,2 кг.
^ Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.