1 Петры 2:1—25
2 Уӕдӕ, ӕвзӕрдзинадӕй+ цыдӕриддӕр ис, уый ныууадзут, макӕй сайут, цӕстмӕ митӕ ӕмӕ хӕлӕг ма кӕнут, цъыф макӕуыл калут+.
2 Ноггуырд сывӕллӕттау+ уӕ зӕрдӕ агурӕд, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр+, цӕмӕй уый фӕрцы рӕзат ӕмӕ фервӕзат+,
3 кӕд, нӕ Хицау хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый уӕхиуыл бавзӕрстат, уӕд+.
4 Адӕм+ кӕй аппӕрстой+, фӕлӕ Хуыцау кӕй равзӕрста ӕмӕ йын зынаргъ чи у+, уыцы удӕгас дурмӕ+, Чырыстимӕ, куы ’рцӕут,
5 уӕд уӕхицӕй дӕр, удӕгас дуртӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы арӕзт фӕцӕуы хӕдзар+, цӕмӕй уат сыгъдӕг сауджынтӕ ӕмӕ цӕмӕй Йесо Чырыстийы+ уылты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ хӕссат, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывӕндтӕ+.
6 Уымӕн ӕмӕ Фыстад афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы ӕвӕрын дур – бындуры сӕйраг дур, ӕвзӕрст ӕмӕ зынаргъ дур. Ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй фыдӕнхъӕл ничи фӕуыдзӕн»+.
7 Уӕдӕ уый сымахӕн, уырнджытӕн, у зынаргъ. Ӕнӕуырнджыты тыххӕй та Фыстад афтӕ зӕгъы: «Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+, раст уыцы дур сси фисыны сӕйраг дур»+,
8 стӕй, «цӕлхдур ӕмӕ къуылымпыйы хос чи уыдзӕн, ахӕм къӕдзӕх»+. Цӕлхдур сын уымӕн у, ӕмӕ Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс не сты. Ахӕм кӕрон сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы+.
9 Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм+, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм+, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат», талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта+, уымӕн йӕ «диссаджы миниуджыты тыххӕй»+.
10 Сымах кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут йӕ адӕм+. Кӕддӕр уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыд, ныр та уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста+.
11 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ+ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты+ фӕдыл ма цӕут – уыдон тох кӕнынц уӕ* ныхмӕ+.
12 Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн+ уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ+ уыной, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕной, уый хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон+.
13 Нӕ Хицауы хатырӕй коммӕгӕс ут+, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр*+: паддзах+ уа, куыд уӕлдӕр хицау, афтӕ,
14 ӕви, паддзах фыдгӕнджыты бафхӕрыны тыххӕй ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕй раппӕлыны+ тыххӕй кӕй арвиты, уыцы хицӕуттӕ уой.
15 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй-иу уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон скӕнат* ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн+.
16 Сымах стут сӕрибар адӕм+, ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд+, фӕлӕ Хуыцауы цагъартау цӕрынӕн+.
17 Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут+, уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут+, Хуыцауӕй тӕрсут+, паддзахы нымайут+.
18 Лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕ хицӕутты нымайӕнт+ ӕмӕ сын коммӕгӕс уӕнт+ – хорз ӕмӕ сӕ ӕмбаргӕ чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ кӕмӕн ницӕмӕй ис балхӕнӕн, уыдонӕн дӕр.
19 Кӕд исчи, цӕмӕй Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй зындзинӕдтӕн быхсы ӕмӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у+.
20 Кӕд уӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕмынц ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уым раппӕлинагӕй цы ис?+ Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмар кӕнут+ ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у+.
21 Хуынд дӕр уымӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта+ ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый*, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат+.
22 Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта+, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд+.
23 Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын куы кодтой+, уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта+. Хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрста+, уӕд не ’ртхъирӕн кодта, хъизӕмӕрттӕ йын чи ӕвзарын кодта, уыдонмӕ, фӕлӕ йӕхи бакодта+, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар.
24 Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ+ йӕ буары мидӕг хъӕдмӕ систа+, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзӕм+ ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм. Ӕмӕ «йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сымах сдзӕбӕх стут»+.
25 Сымах уыдыстут дзӕгъӕл фысты хуызӕн+, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ*+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уды» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Ома, адӕм цыдӕриддӕр сарӕзтой, уыдӕттӕн.
^ Комк. «цъутта сӕвӕрат».
^ Кӕнӕ «ӕмӕ уын ныууагъта цӕвиттон».
^ Кӕнӕ «уӕ удты фыййаумӕ ӕмӕ цӕстдарӕгмӕ»; «удты» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.