1 Петры 5:1—14
5 Ӕз дӕр хистӕр нӕлгоймаг+ кӕй дӕн, стӕй Чырыстийы хъизӕмӕрттӕ мӕхи цӕстӕй кӕй федтон+ ӕмӕ, цы кад раргом уыдзӕн, уымӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ уын уӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕдзӕхсын+:
2 Хуыцауы дзуг+, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут+ тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй*+, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ+, фӕлӕ зӕрдиагӕй.
3 Хуыцауы бынтӕн+ уӕхи хицау ма кӕнут+, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут+.
4 Ӕмӕ хистӕр фыййау+ куы раргом уа, уӕд райсдзыстут, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны+, ахӕм кадыхуд+.
5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.
6 Уӕдӕ уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут*, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн+.
7 Ӕмӕ уе ’ппӕт сагъӕстӕ+ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут*, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл+.
8 Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый+.
9 Фӕлӕ йӕ ныхмӕ фӕлӕуут+, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй, ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, уе ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц+.
10 Гыццыл рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ бавзардзыстут+, фӕлӕ уӕ стӕй Хуыцау,– стыр хорзӕх иууылдӕр кӕмӕй цӕуы, Чырыстиимӕ иудзинады+ кӕй стут, уый фӕрцы уӕ йе ’нусон кадмӕ чи ӕрхуыдта+, уый,– кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн+, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн+.
11 Уый у стыр тыхы хицау+ ӕнустӕм дӕр! Аммен.
12 Ацы цыбыр фыстӕг+ уӕм ныффыстон Силуаны*+ ӕххуысӕй, иузӕрдион ӕфсымӕрыл кӕй нымайын, уый ӕххуысӕй, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтауон ӕмӕ уын бамбарын кӕнон, Хуыцау уын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый ӕцӕг кӕй у. Ӕмӕ уыцы стыр хорзӕхыл фидар хӕцут+.
13 Вавилоны+ чи ис, сымахау ӕвзӕрст чи у, уый* уын салӕмттӕ ӕрвиты. Салӕмттӕ уын ӕрвиты мӕ хъӕбул Марк+ дӕр.
14 Салам дӕтгӕйӕ-иу кӕрӕдзийӕн апъа кӕнут ӕмӕ-иу уымӕй уӕ уарзондзинад равдисут+.
Уе ’ппӕт дӕр, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон, фарнӕй хайджын ут+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «барвӕндӕй».
^ Комк. «уӕхи ӕрныллӕг кӕнут Хуыцауы фидар къухы бын».
^ Комк. «Хуыцауыл баппарут».
^ Кӕнӕ «Силӕйы».
^ Ам грекъ. тексты цы номивӕг ис, уый амоны сылгоймагмӕ ӕмӕ, ӕвӕц., ӕвдисы Вавилоны ӕмбырд.