1 Самуилы 10:1—27
10 Самуил райста сойы дурын+, Саулы сӕрыл сой рауагъта, апъа+ йын кодта ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ дӕ сойӕ байсӕрста, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн+ разамонӕг уай+.
2 Абон мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд дыл Вениамины зӕххыл, Целцахы, Рахилы+ зӕппадзмӕ хӕстӕг фембӕлдзӕн дыууӕ лӕджы. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон ссардтой. Ӕмӕ ныр дӕ фыды хӕрджыты+ мӕт нал ис, фӕлӕ сымахыл тыхсы, мӕ фырт цы фӕци, зӕгъгӕ“+.
3 Уырдыгӕй дарддӕр ацӕудзынӕ ӕмӕ, Фаворы стыр бӕласы цурмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд дыл сӕмбӕлдзӕн ӕртӕ лӕджы. Уыдон фӕцӕйцӕудзысты Вефилмӕ+, ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ. Сӕ иумӕ уыдзӕн ӕртӕ сӕныччы+, иннӕмӕ – ӕртӕ дзулы+, ӕртыккагмӕ та – стыр сӕны дурын+.
4 Бафӕрсдзысты дӕ, куыдтӕ дӕ+, зӕгъгӕ, стӕй дын дыууӕ дзулы ратдзысты, ӕмӕ сӕ ды сӕ къухӕй райсдзынӕ.
5 Уый фӕстӕ ссӕудзынӕ ӕцӕг Хуыцауы+ къуыбырмӕ, филистимӕгты ӕфсады къорд кӕм лӕууы+, уырдӕм. Горӕтмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кӕнай, уӕд фембӕлдзынӕ пехуымпартыл+. Уыдон ӕрцӕйцӕудзысты кувӕн бынатӕй+ ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты, сӕ разӕй та цӕудзысты адӕм, хъисфӕндыр+, дала+, уадындз+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ цӕгъдгӕйӕ.
6 Уӕд дыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын+ райдайдзынӕ ӕмӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг фестдзынӕ.
7 Уыцы хабӕрттӕ+ дыл куы ’рцӕуой, уӕд, дӕ бон цы у, уый араз+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис+.
8 Уый фӕстӕ мӕ разӕй ацӕудзынӕ Галгалмӕ+, ӕмӕ дӕм ӕз уырдӕм ныццӕудзынӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны+ нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд+ боны-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ дӕм не ’рцӕуон, уӕдмӕ, ӕмӕ дын уӕд зӕгъдзынӕн, цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый».
9 Саул куы фӕзылд ӕмӕ Самуилӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау ӕндӕр зӕрдӕ радта+. Ӕмӕ йыл ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ+ раст уыцы бон ӕрцыдысты.
10 Уырдыгӕй ацыдысты къуыбырмӕ, ӕмӕ сыл фӕндагыл пехуымпартӕ фембӕлдысты. Ӕвиппайды Саулыл Хуыцауы тых ӕрцыд+, ӕмӕ уый дӕр се ’хсӕн пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта+.
11 Чи йӕ зыдта, уыдон уый куы федтой, ӕмӕ Саул дӕр пехуымпартимӕ пехуымпариуӕг кӕны, уӕд кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Уый цы ’рцыди Кисы фыртыл? Саул дӕр пехуымпар у?»+
12 Уӕд сын иу уырдыгон адӕймаг загъта: «Ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕ та? Чи сты сӕ фыдӕлтӕ?» Гъемӕ афтӕ ӕмбисондӕн+ баззадысты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «Саул дӕр пехуымпар у?».
13 Уӕдмӕ Саул пехуымпары ӕвзагӕй нал дзырдта ӕмӕ кувӕн бынатмӕ ссыд.
14 Фӕстӕдӕр Саулы фыдыфсымӕр бафарста Саулы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы: «Кӕм уыдыстут?» Саул ын дзуапп радта: «Хӕрджытӕ+ агурӕг. Фӕцагуырдтам сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардтам, ӕмӕ уӕд Самуилмӕ ацыдыстӕм».
15 Уӕд ын йӕ фыдыфсымӕр загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма мын, цы уын загъта Самуил?»
16 Саул ын дзуапп радта: «Загъта нын, хӕрджыты, дам, ссардтой». Самуил ын афтӕ кӕй загъта, паддзах уыдзынӕ, зӕгъгӕ, уый та йын не схъӕр кодта+.
17 Самуил адӕмы Массифӕмӕ+ Йегъовӕйы размӕ ӕрӕмбырд кодта
18 ӕмӕ Израилы фырттӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ+: „Ӕз Израилы Египетӕй ракодтон, фервӕзын уӕ кодтон египетӕгты къухӕй+ ӕмӕ уӕ чи ссӕста, ӕппӕт уыцы паддзахӕдты къухӕй+.
19 Фӕлӕ абон сымах уӕ къух систат уӕ Хуыцауыл+, уе ’ппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ уӕ уе ’ппӕт зындзинӕдтӕй чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцауыл. Сымах загътат: „Нӕ! Паддзах нын сӕвӕр“. Гъемӕ уӕдӕ ныр Йегъовӕйы раз ӕрлӕуут уӕ мыггӕгтӕм+ гӕсгӕ ӕмӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ*“».
20 Уый фӕстӕ Самуил Израилы мыггӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй йӕм иугай цыдаиккой+, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Вениамины мыггагмӕ+.
21 Уӕд та загъта, цӕмӕй йӕм Вениамины мыггаг цыдаиккой иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Матрийы хӕдзарвӕндагмӕ+. Ӕппынфӕстаг бацамыдта Кисы фырт Саулмӕ+. Ацагуырдтой йӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтой.
22 Уӕд та Йегъовӕйы бафарстой+: «Уыцы адӕймаг ардӕм ӕрбацыд?» Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Ам ис, уӕртӕ хӕссинӕгты ’хсӕн ӕмбӕхсы»+.
23 Гъемӕ азгъордтой ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Ӕмӕ адӕмы ’хсӕн куы ӕрлӕууыд, уӕд алкӕмӕй бӕрзонддӕр разынд, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕрты каст+.
24 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Уынут, кӕй равзӕрста Йегъовӕ?+ Ӕгас адӕмы ’хсӕн уый хуызӕн нӕй». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»+
25 Стӕй Самуил адӕмӕн радзырдта, паддзахӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый тыххӕй+, чиныджы сӕ ныффыста ӕмӕ уыцы чиныг Йегъовӕйы раз сӕвӕрдта. Уый фӕстӕ адӕмы ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.
26 Саул дӕр ацыд йӕ хӕдзармӕ, Гивӕмӕ+. Йемӕ ацыдысты, Хуыцау кӕй зӕрдӕ баразӕнгард кодта, уыцы хъӕбатыр лӕгтӕ дӕр+.
27 Ӕнаккаг адӕм+ та загътой: «Ай нӕ куыд хъуамӕ фервӕзын кӕна?»+ Ӕмӕ йыл сӕ былтӕ акъуырдтой+ ӕмӕ йын лӕварӕн ницы радтой+. Фӕлӕ уый ӕппындӕр ницы загъта+.