1 Самуилы 13:1—23

13  Саул паддзах+ куы сси, уӕд ыл цыд...* азы, ӕмӕ Израилы паддзах уыд дыууӕ азы.  Саул Израилы адӕмӕй йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Дыууӕ мины дзы уыдысты Саулимӕ Михмасы+ ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та – Ионафанимӕ+ Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты. Иннӕ адӕмы та ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ цатырмӕ ацыд.  Уый фӕстӕ Ионафан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн+ Гивӕйы+ цы ӕфсады къорд+ лӕууыд, уый, ӕмӕ уыцы хабар филистимӕгтӕ фехъуыстой. Саул та загъта, цӕмӕй ӕгас бӕстӕйы дӕр сыкъайӕ ныууасой+, зӕгъгӕ: «Уадз ӕмӕ дзуттӕгтӕ фехъусой!»  Ӕмӕ ӕнӕхъӕн Израилыл айхъуыстысты ацы ныхӕстӕ: «Саул филистимӕгты ӕфсады къорд ныппырх кодта, ӕмӕ ныр филистимӕгтӕ Израилӕй се сӕфт федтой»+. Гъемӕ адӕммӕ фӕсидтысты, цӕмӕй Саулы фӕдыл Галгалмӕ+ ацыдаиккой.  Филистимӕгтӕ та ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой. Уыди сӕм ӕртын мин хӕстон бӕхуӕрдоны+, ӕхсӕз мин барӕджы, сӕ адӕм та уыдысты денджызы был змисау бирӕ+. Гъемӕ рацыдысты ӕмӕ ӕрбынат кодтой Михмасы, Беф-Авенӕн+ скӕсӕнырдыгӕй.  Израилӕгтӕ бамбӕрстой, бӕллӕхы кӕй бахаудысты+, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ се знаг сулӕфын нӕ уагъта. Ӕмӕ адӕм лӕгӕтты, хӕхты скъуыдты, къӕдзӕхты ’хсӕн+, ныккӕндты ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕн дзыхъхъыты ӕмбӕхсын райдыдтой.  Дзуттӕгтӕ ахызтысты Иорданы+ иннӕ фарсмӕ дӕр, Гады+ зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та баззад Галгалы, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр фыртӕссӕй рызтысты+.  Саул Галгалы ӕнхъӕлмӕ каст авд боны, Самуил кӕдмӕ загъта, уӕдмӕ+. Фӕлӕ Самуил куы никуыцӕй зынд, уӕд адӕм Саулӕй алырдӕмты лидзын райдыдтой.  Ӕмӕ Саул загъта: «Ӕрбахӕссут мӕм судзинаг нывонд ӕмӕ фарны нывӕндтӕ». Ӕмӕ судзинаг нывонд ӕрхаста+. 10  Куыддӕр судзинаг нывонд ӕрхаста, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Самуил ӕрбацӕуы. Ӕмӕ Саул йӕ размӕ ацыд, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид+. 11  Самуил та йын загъта: «Уый цы бакодтай?»+ Уӕд ын Саул загъта: «Адӕм фӕйнӕрдӕм ныппырх сты+, ды та, кӕдмӕ загътай, уӕдмӕ нӕ фӕзындтӕ+. Стӕй ма филистимӕгтӕ дӕр Михмасы+ ӕрӕмбырд сты. 12  Ӕмӕ загътон+, зӕгъын, филистимӕгтӕ Галгалмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ мемӕ схӕцдзысты, ӕз та Йегъовӕйы зӕрдӕ не ’рфӕлмӕн кодтон. Гъемӕ мӕхи бахъуыди+ судзинаг нывонд ӕрхӕссын». 13  Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Ӕнӕзонд ми бакодтай+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста+, уый нӕ сӕххӕст кодтай+. Куы йӕ сӕххӕст кодтаис, уӕд дын Йегъовӕ Израилы дӕ паддзахы бартӕ ӕнустӕм ӕрфидар кодтаид. 14  Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн+. Йегъовӕ ссардзӕн, йӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у+, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонӕгӕй+ уый сӕвӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ ды нӕ сӕххӕст кодтай, Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста, уый»+. 15  Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ Галгалӕй ацыд Гивӕмӕ, Вениамины мыггаджы горӕтмӕ. Саул та банымадта, йемӕ ма цы адӕм баззад, уыдоны, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц+. 16  Саул, йӕ фырт Ионафан ӕмӕ ма семӕ цы адӕм баззад, уыдон цардысты Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты. Филистимӕгты ӕфсад та лӕууыд Михмасы+. 17  Ӕмӕ-иу филистимӕгты ӕфсадӕй тыхгӕнджытӕ ӕртӕ къордӕй+ рацыдысты, цӕмӕй-иу израилӕгты бастыгътаиккой. Иу къорд-иу ацыд, Офрӕмӕ+, Шуалы зӕхмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл, 18  иннӕ къорд-иу араст Беф-Ороны+ фӕндагыл, ӕртыккаг къорд та-иу араст, ӕдзӕрӕг быдырырдыгӕй Цевоимы дӕлвӕзы рӕзты чи цӕуы, уыцы арӕнмӕ кӕнӕг фӕндагыл. 19  Ӕнӕхъӕн Израилы зӕххыл та иу куырд дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ филистимӕгтӕ дзырдтой, израилӕгтӕ сӕхицӕн хъама кӕнӕ арц ма саразой, зӕгъгӕ+. 20  Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр гутоны кард, къӕпи, фӕрӕт кӕнӕ ӕхсырф+ цыргъ кӕнынмӕ цыдысты филистимӕгтӕм. 21  Гутоны кард, къӕпи кӕнӕ ӕртӕдӕндаг сагой цыргъгӕнӕггаг ӕмӕ, галтӕ кӕмӕй фӕтӕрынц, уыцы цыргъ хъил+ аразӕггаг уыд иу пим*. 22  Гъемӕ тохы бон, Саул ӕмӕ Ионафанимӕ чи уыд, уыцы адӕмӕй никӕмӕ уыд нӕдӕр хъама+, нӕдӕр арц. Ӕрмӕстдӕр Саулмӕ+ ӕмӕ йӕ фырт Ионафанмӕ уыди хӕцӕнгарз. 23  Филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд-иу+ рацыд Михмасы+ комы нарӕгмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. тексты нӕй фыст, цал азы йыл цыд, уый.
Рагон уӕзбарӕн; иу-аст граммы ӕвзист.