1 Самуилы 15:1—35
15 Уый фӕстӕ Самуил Саулӕн загъта: «Кӕддӕр Йегъовӕ мӕн арвыста, цӕмӕй дӕ сойӕ байсӕрстаин+ ӕмӕ дӕ йӕ адӕм Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтаин. Ӕмӕ ныр байхъус, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ+.
2 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+: „Ӕз Амаликӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн+, Израил Египетӕй куы цыди, уӕд йӕ ныхмӕ кӕй ӕрлӕууыд, уый тыххӕй+.
3 Уӕдӕ ныр ацу, ныццӕгъд амаликӕгты+, сӕфты хай сын бакӕн+ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕр. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн, амар+ се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты+. Стурты, фысты, теуаты ӕмӕ хӕрджыты дӕр ныццӕгъд“»+.
4 Саул дӕр адӕмы Телаимы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ банымадта+. Уыдысты дыууӕсӕдӕ мин фистӕг хӕстоны ӕмӕ дӕс мин лӕджы та Иудӕйы мыггагӕй+.
5 Саул бахӕццӕ амаликӕгты горӕты онг ӕмӕ уым дӕлвӕзмӕ хӕстӕг йӕ адӕмы сӕ размӕ бабадын кодта.
6 Кенейтӕн+ та Саул загъта: «Рахицӕн ут+ амаликӕгтӕй ӕмӕ се ’хсӕнӕй рацӕут, цӕмӕй уӕ семӕ ма фесафон, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ+ Египетӕй куы цыдысты+, уӕд сӕм сымах ӕнувыд уарзт равдыстат». Ӕмӕ кенейтӕ амаликӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.
7 Уый фӕстӕ Саул амаликӕгты цӕгъдын байдыдта+ Хавилӕйӕ+ суанг, Египеты раз чи ис, уыцы Сурмӕ+.
8 Амаликӕгтӕн сӕ паддзах Агагы+ удӕгасӕй ӕрцахста, иннӕ адӕмы та се ’ппӕты дӕр сӕфты хай бакодта, карды комӕй сӕ ныццагъта+.
9 Фӕлӕ Саул ӕмӕ адӕм Агагӕн фӕтӕригъӕд кодтой. Стӕй ма лыстӕг фос ӕмӕ стурвосы+ хуыздӕртӕ, хӕрзхаст фос, фырытӕ ӕмӕ, амаликӕгтӕм хорзӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон фесафын дӕр сӕ цӕст нӕ бауарзта+. Цӕуыл нӕ барвӕссыдысты ӕмӕ сӕ цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ та сӕфты хай бакодтой.
10 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта:
11 «Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл фӕсмон кӕнын+, уымӕн ӕмӕ мӕ коммӕ нал кӕсы+, мӕ ныхас мын нӕ сӕххӕст кодта»+. Уый Самуилӕн тынг зын уыди+, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Йегъовӕмӕ фӕкуывта+.
12 Дыккаг бон Самуил раджы сыстад, цӕмӕй Саулыл райсомӕй сӕмбӕлдаид. Фӕлӕ йын фӕхабар кодтой: «Саул Кармилмӕ+ ӕрцыд ӕмӕ уым йӕхицӕн кады цырт+ сӕвӕрдта. Стӕй уырдыгӕй аздӕхт ӕмӕ Галгалмӕ ныццыд».
13 Ӕппынфӕстаг, Самуил Саулмӕ куы ’рцыд, уӕд ын Саул загъта: «Йегъовӕйӕ арфӕгонд у+. Ӕз сӕххӕст кодтон Йегъовӕйы ныхас»+.
14 Фӕлӕ йын Самуил загъта: «Уӕдӕ мӕм уый цӕй фысты ӕмӕ стурты уасын хъуысы?»+
15 Саул ын загъта: «Амаликӕгтӕй сӕ ратардтой. Адӕмӕн+ сӕ цӕст нӕ бауарзта фысты ӕмӕ стурты хуыздӕртӕ фесафын ӕмӕ сӕ ныууагътой, цӕмӕй сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссой+. Ӕндӕр дзы цыдӕриддӕр уыди, уый сӕфты хай бакодтам».
16 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у! Хъус, Йегъовӕ мын дысон цы загъта, уымӕ»+. Саул ын загъта: «Дзур».
17 Уӕд Самуил загъта: «Дӕхи цӕсты куы ницы уыдтӕ+, уӕд не ’рцыдтӕ ӕвӕрд Израилы мыггӕгты сӕргъы ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уӕд нӕ байсӕрста сойӕ+, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай?
18 Уый фӕстӕ дын Йегъовӕ бахӕс кодта, зӕгъгӕ, ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынты+, амаликӕгты, сӕфты хай бакӕн ӕмӕ семӕ тох кӕн, цалынмӕ сӕ бындзагъд нӕ фӕкӕнай, уӕдмӕ+.
19 Уӕдӕ цӕуылнӕ байхъуыстай Йегъовӕйы ныхасмӕ, дӕхи сӕ исбоныл зыдӕй цӕмӕн ныццавтай+ ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый цӕмӕн бакодтай?»+
20 Фӕлӕ Саул Самуилӕн загъта: «Куыннӕ байхъуыстон+ Йегъовӕйы ныхасмӕ? Ацыдтӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ цы бахӕс кодта, уый сарӕзтон, амаликӕгтӕн сӕ паддзах Агагы ӕрбакодтон+, фӕлӕ сын сӕхи сӕфты хай бакодтон+.
21 Адӕм+ та сын сӕ фысты ӕмӕ се стурты хуыздӕртӕ, сӕфты хай бакӕнын кӕй хъӕуы, уыдон, ратардтой, цӕмӕй сӕ Галгалы+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн+ ӕрхӕссой».
22 Уӕд Самуил загъта: «Ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый? Коммӕ кӕсын+ нывондӕй+ хуыздӕр у, ӕмӕ хъусын – фырыты фиуӕй+.
23 Ныхмӕ цӕуын+ дӕсны фӕрсынау+ стыр тӕригъӕд у. Дӕхиуыл фервӕссай, уый та кӕлӕнтӕ кӕнынӕй ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн*+ кувынӕй уӕлдай нӕу. Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух кӕй систай+, уый тыххӕй дыл уый дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй паддзах мауал уай»+.
24 Уӕд Саул Самуилӕн загъта: «Тӕригъӕд ракодтон+. Йегъовӕйы ныхас нӕ сӕххӕст кодтон ӕмӕ мын цы загътай, уый нӕ бакодтон, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй фӕтарстӕн+ ӕмӕ сӕм байхъуыстон.
25 Курын дӕ, ныххатыр+ мын кӕн мӕ тӕригъӕд ӕмӕ фӕстӕмӕ мемӕ рацу, цӕмӕй Йегъовӕйӕн бакувон»+.
26 Фӕлӕ йын Самуил загъта: «Ӕз демӕ нӕ ацӕудзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух систай, ӕмӕ дыл ныр Йегъовӕ дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй Израилӕн паддзах мауал уай»+.
27 Самуил куы фӕзылд ӕмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Саул йӕ ӕнӕдыс къабайы фӕдджийыл фӕхӕцыд, фӕлӕ йӕ къухӕй феуӕгъд+.
28 Ӕмӕ йын уӕд Самуил загъта: «Абон дын Йегъовӕ дӕ къухӕй ратыдта+ Израилы паддзахы бартӕ. Ӕмӕ сӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕр чи у, уымӕн+.
29 Израилы Хуыцау, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау,+ нӕ фӕсайдзӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый зӕххон адӕймаг нӕу, цӕмӕй фӕсмон кӕна»+.
30 Уӕд Саул загъта: «Тӕригъӕд ракодтон. Курын дӕ, мӕ адӕмы хистӕр лӕгты цӕсты ӕмӕ мӕ Израилы цӕсты ма фегад кӕн+ ӕмӕ фӕстӕмӕ мемӕ рацу, цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн бакувон»+.
31 Гъемӕ Самуил дӕр Саулы фӕстӕ ацыд, ӕмӕ Саул Йегъовӕйӕн бакуывта.
32 Уый фӕстӕ Самуил загъта: «Ӕрбакӕнут мӕм амаликӕгты паддзах Агагы». Агаг ӕм тӕрсгӕ-ризгӕ бацыд, фӕлӕ стӕй йӕхицӕн загъта: «Нӕ, ныр мын мӕлӕтӕй тӕссаг нал у».
33 Фӕлӕ Самуил загъта: «Дӕ хъама-иу+ мадӕлты сӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай куыд фӕкодта, афтӕ дӕ мад+ дӕр йӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн»+. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд загъта, афтӕ Агагы ныкъкъуыхтӕ кодта Йегъовӕйы раз, Галгалы+.
34 Уый фӕстӕ Самуил ацыд Рамӕмӕ, Саул та ацыд йӕ хӕдзармӕ, Гивӕмӕ+, Саулы горӕтмӕ.
35 Самуил тынг маст кодта+ Саулыл, ӕмӕ йӕ уыцы бонӕй суанг йӕ мӕлӕты онг нал федта. Йегъовӕ фӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «терафимӕн». Терафим – бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.