1 Самуилы 21:1—15
21 Уый фӕстӕ Давид ӕрцыд Номвӕмӕ+ сауджын Ахимелехмӕ. Ахимелех+ Давиды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ йӕ бафарста: «Иунӕгӕй цӕмӕн дӕ, демӕ цӕуылнӕ исчи ис?»+
2 Давид сауджын Ахимелехӕн загъта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта+ ӕмӕ мын афтӕ загъта: „Цӕй фӕдыл дӕ ӕрвитын ӕмӕ дын цы хъуыддаг бахӕс кодтон, уый хъуамӕ мачи зона“. Ӕмӕ лӕппутимӕ баныхас кодтон, уым ӕмӕ уым фембӕлдзыстӕм, зӕгъгӕ.
3 Иу-фондз дзулы мын авӕр, кӕд дӕм ис, уӕд. Йе та дӕм цы ис, уый»+.
4 Фӕлӕ сауджын Давидӕн загъта: «Табуйаг дзултӕ+ йеддӕмӕ мӕм ӕнӕуи дзул нӕй. Кӕд лӕппутӕ сылгоймӕгтӕм хӕстӕг нӕ бацыдысты+, уӕд дын сӕ ратдзынӕн».
5 Давид сауджынӕн дзуапп радта: «Иннӕ хӕттыты-иу куы рацыдтӕн хӕстмӕ, уӕд-иу куыд нӕ бацыдыстӕм сылгоймӕгтӕм хӕстӕг, афтӕ сӕм ныр дӕр хӕстӕг нӕ бацыдыстӕм+. Исты хуымӕтӕг хъуыддаджы фӕдыл куы рацӕуӕм, уӕд дӕр лӕппутӕ сыгъдӕг вӕййынц, ӕмӕ ныр та куыннӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг!»
6 Ӕмӕ йын уӕд сауджын нывонд дзултӕ+ радта, уымӕн ӕмӕ дзы ӕндӕр дзул нӕ уыд. Уыцы дзултӕ ӕвӕрд уыдысты Йегъовӕйы раз+, фӕлӕ сӕ стӕй айстой, сӕ бынаты сын ногконд дзултӕ куы сӕвӕрдтой, уӕд.
7 Уыцы бон уым уыд Саулы лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу, Йегъовӕйы раз цатыры афӕстиат+. Уый уыд едомаг+ Доик+, Саулы фыййӕуттӕн сӕ хистӕр+.
8 Давид Ахимелехы бафарста: «Ам дӕм арц кӕнӕ хъама нӕй? Мӕ хъама мемӕ нӕй, ӕмӕ ӕндӕр хӕцӕнгарз дӕр нӕ рахастон мемӕ, уымӕн ӕмӕ мын паддзах цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕвӕстиатӕй бакӕнын хъуыди».
9 Сауджын ын загъта: «Илӕйы+ дӕлвӕзы кӕй амардтай, уыцы филистимаг Голиафы+ хъама дзы ис. Уӕртӕ ефоды+ фӕстӕ ис, пӕлӕзы тыхтӕй. Хъӕуы дӕ, уӕд ӕй ахӕсс, уымӕн ӕмӕ дзы ӕндӕр нӕй». Уӕд ын Давид загъта: «Уымӕн дзы ӕмбал куы нӕй! Ӕри-ма мын ӕй».
10 Уыцы бон Давид дарддӕр алыгъд+ Саулӕй ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ ӕрхӕццӕ Анхусмӕ, Гефы+ паддзахмӕ.
11 Анхусӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Ай Давид нӕу, уыцы зӕххы паддзах?+ Уымӕн-иу нӕ рацыдысты йӕ размӕ кафгӕ+ ӕмӕ-иу уымӕн нӕ зарыдысты:„Саул знӕгтӕй амардта минтӕ,Давид та – дӕсгай минтӕ“?»+
12 Давид уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ тынг фӕтарст+ Гефы паддзах Анхусӕй.
13 Ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сӕ разы+ йӕхи ӕррайы ӕфсон скодта+ ӕмӕ ӕррайы митӕ кӕнын райдыдта: кулдуарыл хӕххытӕ кодта ӕмӕ йӕ сӕт йӕ боцъотыл уагъта.
14 Уӕд Анхус йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Нӕ йӕ уынут, ай ӕрра куы у? Цы мӕм ӕй ӕрбакодтат?
15 Мӕхи ӕрратӕ мын фаг не сты? Ноджы ма мӕм ай дӕр ӕрбакодтат, цӕмӕй мӕ разы ӕрра митӕ кӕна? Ай мӕ хӕдзармӕ куыд хъуамӕ бацӕуа?»