1 Самуилы 22:1—23
22 Давид уырдыгӕй ацыд+ ӕмӕ Одолламы+ лӕгӕты+ бамбӕхст+. Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзар ӕгасӕй дӕр уый куы фехъуыстой, уӕд ӕм уырдӕм ныццыдысты.
2 Ӕмӕ цыдӕриддӕр ӕфхӕрд+ ӕмӕ мӕстджын+ адӕм уыди, стӕй, хӕс чи дардта+, уыдон иууылдӕр Давидмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ сын уый сси хистӕр+. Йемӕ уыди цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц.
3 Уый фӕстӕ Давид уырдыгӕй ацыд Массифӕмӕ, Моавы зӕхмӕ, ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, мӕ фыд ӕмӕ уал мӕ мад+ сымахмӕ ацӕрӕнт, цалынмӕ нӕ базонон, Хуыцау мын цы сараздзӕн, уый».
4 Гъемӕ сӕ Моавы паддзахы бар бакодта ӕмӕ уый зӕххыл цардысты, цалынмӕ Давид хӕхты ӕмбӕхст, уӕдмӕ+.
5 Иуцасдӕры фӕстӕ пехуымпар Гад+ Давидӕн загъта: «Фаг дын у ам ӕмбӕхсын. Сыст ӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ ацу»+. Давид дӕр уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Хереты хъӕдмӕ ӕрцыд.
6 Саул фехъуыста, Давид ӕмӕ йӕ адӕм кӕм сты, уый кӕй рабӕрӕг. Уыцы рӕстӕг Саул уыд Гивӕйы, къуыбырыл тамариск+ бӕласы бын бадт. Йӕ къухы уыд йӕ арц+, йӕ разы та лӕууыдысты йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр.
7 Ӕмӕ сын Саул загъта: «Райхъусут-ма, Вениамины фырттӕ. Афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ уын Йессейы+ фырт дӕр уе ’ппӕтӕн дӕр зӕххытӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ ратдзӕн?+ Ӕмӕ уын уе ’ппӕты дӕр минты+ ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы сӕвӕрдзӕн?
8 Сымах иууылдӕр мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтат. Мӕ фырт Йессейы фыртимӕ бадзырд+ куы скодта, уӕд уӕ иу ахӕм нӕ разынди, чи мын ӕй загътаид+. Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ мын нӕ загъта, мӕ фырт мыл мӕ лӕггадгӕнӕджы кӕй сардыдта, цӕмӕй уый мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕна. Ӕмӕ абон мӕ ныхмӕ цӕуы».
9 Уӕд ын едомаг Доик+, Саулы лӕггадгӕнджыты сӕргъы ’вӕрд чи уыд, уый, загъта: «Ӕз Йессейы фырты Номвӕйы федтон, Ахитувы+ фырт Ахимелехмӕ+ бацыд.
10 Ахимелех Давиды тыххӕй Йегъовӕйы фарста+, стӕй йын радта хӕринӕгтӕ+ ӕмӕ филистимаг Голиафы хъама+ дӕр».
11 Паддзах уайтагъд арвыста сауджын Ахимелехмӕ, Ахитувы фыртмӕ, ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндагмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр – Номвӕйы+ цы сауджынтӕ уыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты.
12 Уӕд Саул загъта: «Ӕрбайхъус-ма, Ахитувы фырт». Уый йын дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ буц хицау».
13 Саул ын загъта: «Йессейы фыртимӕ мӕ ныхмӕ+ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Дзул ӕмӕ йын хъама нӕ радтай ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы нӕ фарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕна ӕмӕ абон мӕ ныхмӕ цӕуа?»+
14 Уӕд ын Ахимелех загъта: «Ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕй Давиды хуызӕн куы ничи ис+. Иузӕрдион+ адӕймаг, паддзахы сиахс+, дӕ хъахъхъӕнджыты хистӕр, дӕ хӕдзары йын иууылдӕр кад кӕнынц+.
15 Ӕрмӕст ныр бафарстон+ Хуыцауы Давиды тыххӕй? Ӕз хъуыды дӕр никуы акодтон, цӕмӕй дӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕнон! Ма аххосджын кӕнӕд паддзах йӕ цагъары ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарвӕндаг, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъар уый тыххӕй ницы зыдта, гыццыл хъуыддаг уыд ӕви стыр»+.
16 Фӕлӕ паддзах загъта: «Ахимелех, ды амӕлдзынӕ+, ды дӕр ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарвӕндаг се ’ппӕт дӕр»+.
17 Паддзахы фарсмӕ лӕууыдысты, йӕ бӕхуӕрдоны разӕй-иу чи згъордта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ+. Ӕмӕ сын паддзах загъта: «Амарут Йегъовӕйы сауджынты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Давидимӕ ӕмвӕнд сты. Мӕнӕй кӕй ӕмбӕхсы, уый зыдтой, ӕмӕ мын ӕй нӕ загътой!»+ Фӕлӕ паддзахы лӕггадгӕнджыты нӕ фӕндыд Йегъовӕйы сауджынтӕм сӕ къух сисын ӕмӕ сӕ амарын+.
18 Уӕд паддзах Доикӕн+ загъта: «Ды сӕ амар!» Ӕмӕ едомаг+ Доик уайтагъд фӕзылд ӕмӕ сауджынты ныццагъта+. Уыцы бон амардта ӕстай фондз адӕймаджы, кӕттаг ефод+ чи дардта, уыдоны.
19 Карды комӕй ныццагъта, сауджынты горӕт Номвӕйы+ чи уыд, уыдоны дӕр: нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Стӕй стуртӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты дӕр ныццагъта.
20 Фӕлӕ Ахитувы фырт Ахимелехӕн йӕ фырттӕй иу, Авиафар+, зӕгъгӕ, аирвӕзт ӕмӕ Давидмӕ алыгъд.
21 Авиафар Давидӕн загъта: «Саул Йегъовӕйы сауджынты амардта».
22 Уӕд Давид Авиафарӕн загъта: «Ӕз ӕй зыдтон+, едомаг Доик Саулӕн алцыдӕр кӕй радзурдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уыцы бон уым уыди. Мӕ аххосӕй бабын сты, дӕ фыды хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр*.
23 Ам мемӕ у. Ма тӕрс. Мӕн марынмӕ чи хъавы, уый хъавы дӕу марынмӕ дӕр. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уыдоны удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.