1 Самуилы 28:1—25
28 Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ се ’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой+. Ӕмӕ Анхус Давидӕн загъта: «Куыннӕ йӕ зондзынӕ, мемӕ хӕстмӕ кӕй хъуамӕ ацӕуай, ды дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр»+.
2 Давид ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, цы аразгӕ у дӕ цагъарӕн». Ӕмӕ йын уӕд Анхус загъта: «Уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ ды уыдзынӕ мӕ сӕр хъахъхъӕнӕг»+.
3 Уӕдмӕ Самуил амард, ӕмӕ йыл израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фӕкуыдтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Рамӕйы, йӕ горӕты+. Саул та ӕгас бӕстӕйӕ дӕр фесӕфта, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта ӕмӕ дӕсны чи фарста, уыдоны+.
4 Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, Сунеммӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой. Саул дӕр израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыдон та ӕрбынат кодтой Гелвуйы+.
5 Саул филистимӕгты ӕфсад куы федта, уӕд фыртӕссӕй йӕ зӕрдӕ барызт+.
6 Саул Йегъовӕйы фарста+, фӕлӕ йын Йегъовӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдта+ нӕдӕр фынты+, нӕдӕр уримы*+ фӕрцы, нӕдӕр пехуымпарты+ уылты.
7 Уӕд Саул йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+, ахӕм сылгоймаджы мын ссарут. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ уый бафӕрсон». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын загътой: «Аендоры+ ис, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм сылгоймаг».
8 Гъемӕ Саул йӕ уӕлӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ скодта, цӕмӕй йӕ мачи базыдтаид+. Стӕй йемӕ дыууӕ лӕджы акодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ацыд. Ӕрцыдысты йӕм ӕхсӕвы+, ӕмӕ йын Саул загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕсны-ма мын бафӕрс+, ӕмӕ дын кӕмӕй зӕгъон, уымӕ мын фӕдзур».
9 Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Ау, Саул цы сарӕзта, уый нӕ зоныс? Мӕрдтимӕ чи ныхас кодта ӕмӕ дӕсны чи фарста, уыдонӕй иу дӕр нал ныууагъта ацы зӕххыл+. Уӕдӕ мын мӕ уд фыдбылызы цӕмӕн ӕппарыс ӕмӕ мӕ цӕмӕн сафыс?»+
10 Саул ын Йегъовӕйӕ расомы кодта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, ацы хъуыддаджы дыл тӕригъӕд нӕ уыдзӕн!»
11 Ӕмӕ йӕ уӕд сылгоймаг бафарста: «Кӕмӕ дын фӕдзурон?» Саул ын загъта: «Самуилмӕ мын фӕдзур»+.
12 Сылгоймаг «Самуилы»*+ куы федта, уӕд йӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодта ӕмӕ Саулӕн загъта: «Цӕмӕн мӕ асайдтай? Ды дӕхӕдӕг куы дӕ Саул!»
13 Паддзах ын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн. Зӕгъ мын, цы федтай?» Сылгоймаг Саулӕн загъта: «Ӕз федтон хуыцауы+. Уӕртӕ зӕххӕй рацӕуы».
14 Саул ӕй афарста: «Цыхуызӕн у?» Уый йын дзуапп радта: «Уӕртӕ рацӕуы зӕронд лӕг, йӕ уӕлӕ ӕнӕдыс къаба»+. Уӕд ӕй Саул бамбӕрста, уый «Самуил»+ кӕй уыд, ӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ зӕххы онг йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта.
15 «Самуил» Саулӕн загъта: «Цӕуылнӕ мӕ ӕруадзыс иу ран? Цӕмӕн мӕм фӕдзырдтай?»+ Саул ын загъта: «Тынг тыхст уавӕры дӕн+. Филистимӕгтӕ мӕ ныхмӕ хӕцынц, Хуыцау та мӕ ныууагъта+ ӕмӕ мын дзуапп нал дӕтты нӕдӕр пехуымпарты уылты, нӕдӕр фыны мидӕг+. Ӕмӕ ӕз дӕр дӕумӕ фӕдзырдтон, цӕмӕй мын ды зӕгъай, цы кӕнгӕ мын у, уый»+.
16 «Самуил» ын загъта: «Ӕмӕ дӕ кӕд Йегъовӕ ныууагъта+ ӕмӕ де знаг сси, уӕд ма мӕн цӕмӕн фӕрсыс?+
17 Йегъовӕ, мӕн уылты цы дзырдта, уый ӕнӕмӕнг сараздзӕн. Йегъовӕ дын паддзахад дӕ къухӕй ратондзӕн+ ӕмӕ йӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн – Давидӕн+.
18 Йегъовӕйы ныхасмӕ кӕй нӕ байхъуыстай+ ӕмӕ йын амаликӕгтыл йӕ судзгӕ маст кӕй нӕ ныккалдтай+, уый тыххӕй дын кӕны Йегъовӕ абон афтӕ.
19 Йегъовӕ дӕу дӕр ӕмӕ Израилы дӕр филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн+, ӕмӕ райсом ды+ дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ+ дӕр уыдзыстут мемӕ. Йегъовӕ филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн Израилы ӕфсад иууылдӕр»+.
20 Саул Самуилы ныхӕстӕй афтӕ тынг фӕтарст, ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом. Стӕй йе уӕнгты дӕр хъару нал уыд, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста.
21 Сылгоймаг Саулмӕ бацыд ӕмӕ, куыд тынг фӕтарст, уый куы федта, уӕд ын загъта: «Дӕ цагъар дын дӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ, кӕд мӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрстон+, уӕддӕр бакодтон, цы мын загътай, уый.
22 Лӕгъстӕ дын кӕнын, ды дӕр байхъус дӕ цагъары ныхасмӕ. Дӕ разы дын къӕбӕр авӕрон ӕмӕ ахӕр, цӕмӕй та дӕм хъару фӕзына, фӕндагыл цӕуын дӕ хъӕуы».
23 Фӕлӕ Саул нӕ бакуымдта ӕмӕ загъта: «Ницы бахӕрдзынӕн». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йын сылгоймаг уӕддӕр дзырдтой, бахӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг байхъуыста, зӕххӕй сыстад ӕмӕ хуыссӕныл ӕрбадт.
24 Уыцы сылгоймагмӕ хӕдзары уыди хӕрзхаст род+, ӕмӕ йӕ уайтагъд акусарт кодта+. Стӕй райста ссад, хыссӕ дзы ракодта ӕмӕ дзы донгонд дзултӕ афыхта.
25 Саул ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджыты раз ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ бахордтой. Уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ уыцы ӕхсӕв+ уырдыгӕй ацыдысты.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ам хабӕрттӕ ӕвдыст цӕуынц, дӕсныфӕрсӕг сӕ куыд уыдта, афтӕ. Самуилы хуызы йӕм чи рацыд, уый ӕцӕгӕй та уыд дӕлимон.