1 Самуилы 8:1—22
8 Самуил куы базӕронд, уӕд Израилӕн тӕрхонгӕнджытӕй сӕвӕрдта+ йӕ фыртты.
2 Йӕ фыццаг фырт хуынди Иоил+, йӕ дыккаг фырт та – Ави+. Уыдон тӕрхон кодтой Вирсавийы.
3 Фӕлӕ йӕ фырттӕ йӕ фӕндӕгтыл нӕ цыдысты+, уыдон сӕхи пайда агуырдтой+, гӕртӕмттӕ истой+ ӕмӕ раст тӕрхон нӕ кодтой+.
4 Иуафон Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр+ ӕрӕмбырд сты, Самуилмӕ Рамӕмӕ ӕрцыдысты
5 ӕмӕ йын загътой: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндӕгтыл нӕ цӕуынц. Уӕдӕ нын паддзах сӕвӕр+, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ».
6 Фӕлӕ Самуилмӕ хорз нӕ фӕкаст, афтӕ кӕй загътой, паддзах нын ратт, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+.
7 Уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта+: «Байхъус адӕммӕ ӕмӕ дын куыддӕриддӕр зӕгъынц, афтӕ бакӕн+, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕуыл нӕ систой сӕ къух, фӕлӕ мӕныл, цӕмӕй сын ӕз паддзах+ ма уон.
8 Египетӕй сӕ куы ракодтон+, уӕдӕй абоны онг мӕнӕн куыд кӕнынц – куыд мӕ ныууадзынц+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куыд фӕкувынц+,– афтӕ кӕнынц дӕуӕн дӕр.
9 Байхъус сӕм. Ӕрмӕст сӕ бафӕдзӕхс ӕмӕ сын радзур, сӕ паддзахӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый тыххӕй»+.
10 Гъемӕ Самуил Йегъовӕйы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта, паддзах дзы чи куырдта, уыцы адӕммӕ.
11 Загъта сын: «Паддзах уын чи суа, уымӕн уыдзӕн ахӕм бартӕ+: уӕ фыртты уын акӕндзӕн+ ӕмӕ дзы иуты йӕхицӕн бӕхтӕрджытӕ+ ӕмӕ барджытӕ скӕндзӕн+, иннӕты та йӕ бӕхуӕрдӕтты разӕй лидзын кӕндзӕн+.
12 Кӕй дзы мин адӕймаджы сӕргъы сӕвӕрдзӕн+, кӕй та – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы+. Иннӕтӕ та йын хуым кӕндзысты+ ӕмӕ йын йӕ тыллӕг ӕфснайдзысты+, араздзысты йын хӕцӕнгарз+ ӕмӕ, йӕ бӕхуӕрдӕттӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый+.
13 Акӕндзӕн уын уӕ чызджыты дӕр, цӕмӕй хӕрздӕф сойтӕ аразой, хӕринӕгтӕ кӕной ӕмӕ дзул фыцой+.
14 Уӕ хуымты, уӕ сӕнӕфсирдӕтты+ ӕмӕ уын уӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕтты+ хуыздӕртӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ратдзӕн.
15 Уӕ хоры тыллӕгӕй ӕмӕ уын уӕ сӕнӕфсиры тыллӕгӕй дӕсӕм хай райсдзӕн+ ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ фӕсдзӕуинтӕн+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн.
16 Акӕндзӕн уын уӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты, стӕй уе стурты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты, ӕмӕ уымӕн кусдзысты+.
17 Уӕ дзугты+ дӕсӕм хай дӕр уын йӕхи бакӕндзӕн, ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр суыдзыстут йӕ лӕггадгӕнджытӕ.
18 Ӕмӕ уыцы бон ӕрдиаг кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзахы+ равзарат, уый тыххӕй, фӕлӕ уӕ Йегъовӕ нӕ фехъусдзӕн»+.
19 Фӕлӕ адӕм Самуилмӕ нӕ байхъуыстой+ ӕмӕ загътой: «Нӕ! Уадз ӕмӕ нын уа паддзах.
20 Уӕд мах дӕр уыдзыстӕм иннӕ адӕмты хуызӕн+. Нӕ паддзах нын тӕрхон кӕндзӕн, разамынд нын дӕтдзӕн ӕмӕ не знӕгтимӕ хӕцдзӕн».
21 Самуил байхъуыста, адӕм цыдӕриддӕр загътой, уымӕ ӕмӕ сын стӕй сӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдта+.
22 Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Байхъус сӕм ӕмӕ сын паддзах сӕвӕр»+. Ӕмӕ уӕд Самуил израилӕгтӕн загъта: «Аздӕхут уӕ горӕттӕм».