1 Тимофеймӕ 1:1—20

1  Павел, Йесо Чырыстийы апостол+ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Хуыцауы+ ӕмӕ нӕ ныфс+ Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ,  фыссын Тимофеймӕ+, уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбулау+ чи сси, уымӕ. Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ стыр хорзӕх, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй хайджын у.  Македонимӕ+ куы цыдтӕн, уӕд дын куыд дзырдтон, Ефесы баззай, зӕгъгӕ, афтӕ дын ныр дӕр дзурын: иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхс+, цӕмӕй ӕндӕр цыдӕртӕ ма амоной+,  алы аргъӕуттӕм ма хъусой+ ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд ма агурой. Уыдӕттӕ адӕймаджы ницӕмӕ ӕркӕнынц+, ӕрмӕст расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстатӕ, Хуыцауӕй цы цӕуы ӕмӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, ахӕмӕй та ницы дӕттынц.  Ацы фӕдзӕхстӕн та йӕ нысан уый у, цӕмӕй нӕм уа, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ+, сыгъдӕг цӕсгомӕй+ ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй+ чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад+.  Иуӕй-иутӕ уыдӕттӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый тыххӕй бафтыдысты+ ӕнӕпайда ныхӕстыл+.  Фӕнды сӕ, цӕмӕй закъон+ амоной+, афтӕмӕй та, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц ӕмӕ, фидар цӕуыл ныллӕууынц, уый дӕр.  Мах та йӕ зонӕм, Закъон хорз кӕй у+, Закъонмӕ гӕсгӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы архайай+, уӕд.  Ӕмбарӕм ӕй, закъон рӕстгӕнджытӕн кӕй не сфидар кӕнынц, фӕлӕ фыдгӕнджытӕн+, хивӕндтӕн+, ӕнӕхуыцау адӕмӕн, тӕригъӕдджынтӕн, мӕнгард чи у*+ ӕмӕ, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, йӕ ныййарджыты, стӕй иннӕ адӕмы дӕр чи мары, 10  хӕтгӕ чи кӕны+, уыдонӕн, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕн, адӕмы чи давы, сайгӕ ӕмӕ мӕнг сомытӕ чи кӕны+, раст* ахуырады+ ныхмӕ чи у+ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. 11  Раст ахуырад та баст у, амондджын+ Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабаримӕ. Ӕмӕ мын уыцы хорз хабар бакодта мӕ бар+. 12  Ӕз тынг бузныг дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, хъару мын чи радта, уымӕй. Уый мӕ сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй+, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй иузӕрдионыл+ банымадта, 13  кӕд кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон+ ӕмӕ ӕдзӕсгом+ адӕймаг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мӕм Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ равдыста, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтон, уый не ’мбӕрстон+ ӕмӕ мӕм уырнындзинад нӕ уыд. 14  Фӕлӕ мын нӕ Хицау рӕдауӕй бахай кодта йе стыр хорзӕхӕй+, стӕй мын радта уырнындзинад ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады кӕй дӕн, уый фӕрцы схайджын дӕн уарзондзинадӕй+. 15  Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ+ – ацы ныхас раст у ӕмӕ йыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы+. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг+. 16  Фӕлӕ мӕм Йесо Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ равдыста, цӕмӕй мӕн уылты, тӕригъӕдджынтӕн сӕ фыццаджы уылты, равдиса йӕ бирӕфӕразондзинад иууылдӕр, ӕмӕ уый уа цӕвиттонӕн, чи йыл баууӕнда+ ӕмӕ уый фӕрцы ӕнустӕм чи цӕра+, уыдонӕн. 17  Ӕнусты Паддзахӕн+, ӕнӕмӕлгӕ чи у+ ӕмӕ цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй+, уыцы иунӕг Хуыцауӕн+ та уӕд кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен. 18  Адӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, фӕдзӕхсын+, дӕумӕ чи амыдта, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕм+ гӕсгӕ, цӕмӕй уыдоны фӕрцы хъӕбатырӕй тох кӕнай+, 19  уырнындзинадыл фидар хӕцай ӕмӕ дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа+. Иуӕй-иутӕ сӕ сыгъдӕг цӕсгом ницӕмӕ ӕрдардтой+, ӕмӕ сӕ уырнындзинады нау ныппырх+. 20  Уыдоны ’хсӕн сты Именей+ ӕмӕ Алыксандр+, ӕмӕ сӕ ӕз Сайтаны+ бар бакодтон*, цӕмӕй сын уый уа зондзонӕн ӕмӕ Хуыцауы мауал фауой+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕнувыд уарзт кӕмӕ нӕй».
Комк. «ӕнӕниз».
Ома сӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой.