1 Тимофеймӕ 3:1—16
3 Раст сты ацы ныхӕстӕ+. Цӕстдарӕг+ уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы.
2 Цӕстдарӕгмӕ хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа, хъуамӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зона+, уа уӕззау зонды хицау+, уаг ӕмӕ йӕм ӕгъдау уа+, уа уазӕгуарзон*+, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса+,
3 ма уа расыггӕнаг+, йӕ къух макӕмӕ иса*+, уа ӕмбаргӕ*+, ма уа загъдгӕнаг+, ӕхцауарзаг+,
4 йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг+, йӕ сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст+
5 (уымӕн ӕмӕ йӕхи бинонтӕн чи нӕ зоны уынаффӕ кӕнын, уый Хуыцауы ӕмбырдӕн цы хъуамӕ баххуыс кӕна?).
6 Уый хъуамӕ ма уа, уырнӕг ӕрӕджы чи сси, ахӕм+, цӕмӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын ма райдайа+ ӕмӕ йӕ ма баййафа, Хӕйрӕгӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уыцы тӕрхон+.
7 Стӕй йын хъуамӕ хорз ном уа ӕддагӕтты ’хсӕн дӕр+, цӕмӕй йӕм мацы уайдзӕф ӕрхауа ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджы+ ма бахауа.
8 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ+ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд, ма уой дывзагон, нозтуарзаг*, ма уой зыд ӕмӕ хи пайда ма агурой+,
9 уырнындзинадыл, ома сусӕгдзинадыл*+, фидар хӕцой ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг+.
10 Стӕй сӕ фыццаг хъӕуы бафӕлварын+, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ, ӕмӕ сӕм кӕд фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уа, уӕд лӕггад кӕнӕнт+.
11 Афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд, макӕй фыдкой кӕной+, алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной+, алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион+.
12 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн иу ус йеддӕмӕ ма уӕд+, йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн уӕд хорз уынаффӕгӕнӕг+.
13 Хорз чи кӕстӕриуӕг кӕны, уый ӕмбырды раз йӕхицӕн скӕны хорз ном+ ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ бон вӕййы сӕрибарӕй дзурын+.
14 Тагъд дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, уымӕй мӕ кӕд ныфс ис, уӕддӕр дӕм адӕттӕ фыссын+,
15 мыййаг, куы бафӕстиат уон, уӕд цӕмӕй зонай, Хуыцауы бинонтӕй уӕвгӕйӕ дӕ дӕхи куыд дарын хъӕуы, уый+. Уыцы бинонтӕ сты удӕгас Хуыцауы ӕмбырд – рӕстдзинады* цӕджындз ӕмӕ бындур+.
16 Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыдзӕн, уыцы сусӕгдзинад*+, бӕгуыдӕр, диссаг у: «Уый сси адӕймаг+, уӕларвон буары мидӕг нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл+, ӕрлӕууыд зӕдты+ раз, уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн+, дунейы йыл баууӕндыдысты+, уӕлӕрвты йыл кадимӕ сӕмбӕлдысты»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ӕцӕгӕлӕтты уарза».
^ Кӕнӕ «ӕнцондзырд; ӕнцонтасӕн».
^ Ам цы грекъ. дзырд ис, уый ма амоны иннӕты ныхасӕй ӕфхӕрын, рӕхуыст ныхас кӕнын.
^ Комк. «сӕн ӕгӕр бирӕ ма нуазой».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинадыл». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
^ Кӕс 9 ст., фип.