1 Тимофеймӕ 5:1—25
5 Ацӕргӕ нӕлгоймагӕн карз уайдзӕф ма кӕн+, фӕлӕ йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй, цыма дӕ фыд у, афтӕ. Ӕрыгӕттимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма де ’фсымӕртӕ сты.
2 Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ+ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ+ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл.
3 Ӕцӕгдӕр ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм идӕдз сылгоймӕгты+ нымай ӕмӕ сӕм дӕ хъус дар.
4 Фӕлӕ кӕд идӕдз сылгоймагӕн цот кӕнӕ цоты цот ис, уӕд уыдон фыццаджыдӕр ахуыр кӕнӕнт, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕхи бинонты ’хсӕн ӕвдисыныл+, ӕмӕ сыл сӕ ныййарджыты+ ӕмӕ сӕ ныййарджыты ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕныныл, уымӕн ӕмӕ уый раст у Хуыцауы раз+.
5 Ӕххуысхъуаг чи у ӕмӕ фӕкӕсӕг кӕмӕ нӕй+, ахӕм идӕдз сылгоймаг та йӕ ныфс фӕдары Хуыцауыл+ ӕмӕ йӕм ӕхсӕвӕй-бонӕй фӕкувы ӕмӕ йын фӕлӕгъстӕ кӕны+.
6 Фӕлӕ, идӕдз уӕвгӕйӕ, йӕ буары монцты фӕдыл чи цӕуы+, уый та у мард+, кӕд удӕгас у, уӕддӕр.
7 Уӕдӕ сын амӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕттӕ амон+, цӕмӕй сӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+.
8 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, йӕхиуӕттыл+, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл+, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта+ уырнындзинад+ ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр.
9 Ӕххуыс кӕмӕн хъӕуы, уыдоны номхыгъдмӕ идӕдз сылгоймаджы бахӕссӕн ис, кӕд ыл ӕхсай азӕй къаддӕр нӕ цӕуы, кӕд йӕ лӕгыл иузӕрдион уыди*+,
10 кӕд ӕй зонынц йӕ хорз хъуыддӕгтӕй+, ома йӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кодта+, уыд уазӕгуарзон+, сыгъдӕджытӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсадта+, тыхст уавӕры чи уыди, уыдонӕн ӕххуыс кодта+ ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕнӕзивӕг уыди, уӕд+.
11 Фӕлӕ уыцы номхыгъдмӕ ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты ма бахӕсс, уымӕн ӕмӕ сӕ буары монцтӕ куы стыхджын вӕййынц, уӕд сын уыдон Чырыстийӕ+ ахсджиагдӕр свӕййынц, ӕмӕ сӕ бафӕнды мой скӕнын.
12 Уыдон сӕхи кӕнынц тӕрхоны аккаг, уымӕн ӕмӕ, фыццаг цы дзырд радтой, ууыл* сӕ къух систой+.
13 Уыимӕ ма афтӕ сахуыр вӕййынц, ӕмӕ кусгӕ ницы кӕнынц, фӕлӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ дзӕгъӕл рацу-бацу кӕнынц. Стӕй, кусгӕ кӕй ницы кӕнынц, уый иу у, фӕлӕ ма иннӕты кой дӕр кӕнынц, сӕхи адӕмы хъуыддӕгты тъыссынц+ ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ дзурынц.
14 Уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгтӕ мой кӕной+, зӕнӕг уадзой+ ӕмӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕной, ныхмӕлӕуджытӕн уый ӕфсон куыд нӕ уа, ӕмӕ нӕ ’фхӕрой+.
15 Уӕвгӕ, ныр дӕр идӕдз сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ Сайтаны фӕдыл ацыдысты.
16 Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн йӕ хиуӕтты ’хсӕн идӕдз устытӕ ис, уӕд сын ӕххуыс кӕнӕд+, цӕмӕй уыцы уаргъ ӕмбырдыл ма ӕрӕнцайа. Уӕд ӕмбырдӕн йӕ бон уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕххуысхъуаг чи у, уыцы идӕдз устытӕн ӕххуыс кӕнын+.
17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕттынц хорз разамынд+, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ нымайӕнт уӕлдай кады аккагыл+, уӕлдайдӕр та, Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны, уыдоны+.
18 Фыстад дӕр афтӕ зӕгъы: «Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар»+. Ӕмӕ ноджыдӕр: «Фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой»+.
19 Хистӕр нӕлгоймаджы исчи исты хъуыддаджы куы аххосджын кӕна, уӕд уыцы адӕймагмӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ йын ӕртӕ ӕвдисӕны куы нӕ уа, уӕд+.
20 Тӕригъӕдджын митӕ чи кӕны+, уыдонӕн уайдзӕф кӕн+ се ’ппӕты раз дӕр, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр тӕрсой тӕригъӕд саразын+.
21 Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы+ раз, стӕй дын Хуыцауы ӕвзӕрст зӕдты раз фӕдзӕхсын: цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ-иу алцыдӕр лӕмбынӕг равзар ӕмӕ хъулон макӕй кӕн ӕмӕ афтӕмӕй, цы дын загътон, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕн+.
22 Искӕуыл+ дӕ къухтӕ ӕрӕвӕрынмӕ тагъд ма кӕн*+, стӕй иннӕты тӕригъӕдты аххосджын ма разын+, дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз+.
23 Дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст дон мауал нуаз, фӕлӕ-иу сӕн+ дӕр иу гыццыл ануаз.
24 Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом сты+ ӕмӕ сӕ уайтагъд ӕркӕнынц тӕрхонмӕ, фӕлӕ иннӕты тӕригъӕдтӕ дӕр фӕстӕдӕр раргом уыдзысты+.
25 Афтӕ ӕргом сты хорз хъуыддӕгтӕ+ дӕр, фӕлӕ, ӕргом чи не сты, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ дӕр нӕ басусӕг уыдзысты+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уыди иу лӕджы ус».
^ Комк. «фыццаг уырнындзинадыл».
^ Ома искӕй снысан кӕнынмӕ тагъд ма кӕн.