1 Фессалоникӕгтӕм 1:1—10

1  Павел Силуан*+ ӕмӕ Тимофеимӕ+ фыссы Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ, нӕ Фыд Хуыцауимӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыдонмӕ. Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.  Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм уе ’ппӕты тыххӕй дӕр+,  уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды раз ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ+, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй+ куыд фидар стут, уый.  Не ’фсымӕртӕ, Хуыцауӕн уарзон адӕм, мах ӕй зонӕм, Хуыцау уӕ кӕй равзӕрста+,  уымӕн ӕмӕ уын хорз хабар куы хъусын кодтам, уӕд нӕ ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ сын уыди стыр тых+, уыцы хъуыддаджы архайдта Хуыцауы сыгъдӕг тых* дӕр, ӕмӕ сымах фидарӕй баууӕндыдыстут+. Стӕй, уӕ пайдайӕн цавӕр адӕймӕгтӕ систӕм, уый дӕр зонут+.  Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат+ мах ӕмӕ нӕ Хицауы+ – кӕд уын бирӕ зындзинӕдтӕ уыди+, уӕддӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы циндзинад+ дӕтты, уый фӕрцы Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдыстут.  Ӕмӕ афтӕмӕй Македони ӕмӕ Ахайы уырнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр систут фӕзминаг.  Уӕвгӕ, Йегъовӕйы дзырд+ сымахӕй ӕрмӕст Македонимӕ ӕмӕ Ахаймӕ нӕ ахӕццӕ, фӕлӕ алы ран+ дӕр фехъуыстой, Хуыцауыл куыд ӕууӕндут+, уый тыххӕй, ӕмӕ ныр мах дзурын дӕр ницыуал хъӕуы.  Сӕхӕдӕг нын фӕдзурынц, уемӕ фыццаг хатт куы фембӕлдыстӕм, уӕд уӕ мӕнгхуыцӕутты куыд ныууагътат+ ӕмӕ удӕгас+, ӕцӕг+ Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, цӕмӕй йӕ цагъартӕ суат. 10  Хуыцаумӕ ма уый тыххӕй дӕр раздӕхтыстут, цӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсат+ йӕ Фырты ’рцыдмӕ уӕлӕрвтӕй+, ома мӕрдтӕй кӕй райгас кодта+ ӕмӕ мах ӕрцӕуинаг тӕрхоны азарӕй чи ирвӕзын кӕны+, уыцы Йесойы ’рцыдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Силӕ».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.