1 Фессалоникӕгтӕм 2:1—20
2 Не ’фсымӕртӕ, уӕхӕдӕг ӕй зонут, не ’рцыд+ уӕм дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд+.
2 Куыд ӕй зонут, афтӕмӕй нын Филиппты+ хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой+ ӕмӕ нӕ куы фӕхынджылӕг кодтой+, уӕд нын уый фӕстӕ нӕ Хуыцау радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам+, кӕд нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр.
3 Цы уын фӕдзӕхсӕм, уый рӕдыд зондӕй нӕ цӕуы, стӕй уӕ нӕхи пайдайӕн дӕр ницы агурӕм+ ӕмӕ сайгӕ дӕр никӕй кӕнӕм,
4 фӕлӕ нӕ Хуыцау кӕй бафӕлвӕрдта ӕмӕ нӕ уый аккагыл кӕй банымадта+, цӕмӕй нын хорз хабар хъусын кӕнын нӕ бар бакӕна, уымӕ гӕсгӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕныны+ тыххӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ нӕ цӕмӕй, нӕ зӕрдӕтӕм нын чи кӕсы, уыцы Хуыцауы хорзӕх уа+.
5 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, никуы уын кодтам зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ+ кӕнӕ цӕстмӕ митӕ+, цӕмӕй уӕ исты расайдтаиккам+ – Хуыцау ӕвдисӕн!
6 Уӕдӕ нын адӕм кад кӕной+,– сымах уат ӕви ӕндӕр исчи,– уымӕ дӕр никуы бабӕллыдыстӕм, кӕд, Чырыстийы апостолтӕ уӕвгӕйӕ, нӕ бон уыди, ӕмӕ уын стыр хӕрдзтӕ скӕнын кодтаиккам, уӕддӕр+.
7 Фӕлӕ уӕ мах рӕвдыдтам, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы+, афтӕ.
8 Афтӕ тынг уӕ уарзӕм+, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ* раттынмӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын+.
9 Не ’фсымӕртӕ, сымах ӕнӕмӕнг хъуыды кӕндзыстут нӕ фыдӕбон ӕмӕ нӕ уӕззау куыст. Хуыцауы хорз хабар уын куы хъусын кодтам, уӕд фыдӕбон кодтам+ ӕхсӕвӕй-бонӕй, цӕмӕй уӕ стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаиккам+.
10 Сымахыл, уырнджытыл, куыд иузӕрдион уыдыстӕм, уӕ разы куыд раст ӕмӕ куыд ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайдтам+, уымӕн уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Хуыцау дӕр ӕвдисӕн.
11 Хорз ӕй куы зонут, фыд+ йӕ хъӕбултӕн куыд вӕййы, мах дӕр уын афтӕ кӕй уыдыстӕм ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр зонд кӕй амыдтам+, кӕй уӕ рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ кӕй разӕнгард кодтам,
12 цӕмӕй уӕ йӕ паддзахадмӕ+ ӕмӕ йӕ кадмӕ чи ӕрхуыдта+, уыцы Хуыцауы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрат+.
13 Ӕдзух Хуыцауӕн бузныг дӕр уый тыххӕй фӕдзурӕм+, ӕмӕ махӕй Хуыцауы ныхас+ куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл+ нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ уыцы ныхас йӕ куыст кӕны уӕ мидӕг, уырнджыты+ мидӕг.
14 Не ’фсымӕртӕ, сымах систут, Хуыцауӕн Иудейӕйы цы ӕмбырдтӕ ис ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ* иудзинады чи ис, уыдоны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр ӕфхӕрд ӕййафут+ уӕхи адӕмы къухӕй, Иудейӕйы ӕфсымӕртӕ дзуттӕгты къухӕй ӕфхӕрд куыд ӕййафынц, афтӕ.
15 Уыдон суанг нӕ Хицау Йесойы+ дӕр амардтой, пехуымпарты+ куыд мардтой, афтӕ, стӕй мах фӕдыл дӕр зылдысты+. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый нӕ аразынц, фӕлӕ цӕуынц, ӕппӕт адӕмӕн дӕр хорз цы у, уый ныхмӕ.
16 Мах иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзой+, уыдон та нӕ хъыгдарынц+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр ӕфтауынц+. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй сыл йӕ* маст ныккала+.
17 Мах та, не ’фсымӕртӕ, сымахӕй цыбыр рӕстӕгмӕ куы фӕхицӕн кодтой, уӕд дӕр зӕрдӕйӕ уыдыстӕм уемӕ, ӕмӕ ноджы тынгдӕр архайдтам уӕ феныныл, уымӕн ӕмӕ уӕ уындмӕ бӕллыдыстӕм+.
18 Ӕмӕ нӕ сымахмӕ ӕрцӕуын дӕр уый тыххӕй фӕндыд. Мӕн, Павелы, сымахмӕ дыууӕ хатты фӕндыд ӕрцӕуын, фӕлӕ та-иу нӕ Сайтан бакъуылымпы кодта.
19 Нӕ Хицау Йесо куы ’рцӕуа*+, уӕд йӕ разы чи уыдзӕн нӕ ныфс, нӕ цин, нӕ кад ӕмӕ, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыдон*?+ Сымах нӕ уыдзыстут?
20 О, сымах стут нӕ кад ӕмӕ нӕ цин.
Фиппаинӕгтӕ
^ Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «Чырысти Йесоимӕ».
^ Кӕнӕ «Хуыцауы».
^ Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
^ Комк. «нӕ цины кадыхуд».