1 Фессалоникӕгтӕм 3:1—13

3  Ӕмӕ нӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы нал уыди, уӕд сфӕнд кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг Афинты+ баззайӕм,  не ’фсымӕр Тимофейы+ та, Чырыстийы тыххӕй хорз хабар+ хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уый, арвыстам сымахмӕ, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ уын удӕнцой ӕрхастаид, ӕмӕ уын афтӕмӕй уӕ уырнындзинад бафидар кодтаид,  уыцы зындзинӕдты уӕ куыд ничи фӕцудыдтаид+. Уӕхӕдӕг ӕй зонут, ахӕм хабӕрттӕ ныл ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ цӕуа+.  Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам+, зындзинӕдтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы+, ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕр зонут+.  Гъемӕ мӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы нал уыди, уӕд арвыстон уӕ иузӕрдиондзинады+ тыххӕй базонынмӕ, зӕгъын уӕ, мыййаг, Хӕйрӕг*+ куы фӕрӕдийын кӕна ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа+.  Фӕлӕ нӕм ныр Тимофей фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт+ ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ уӕ уарзондзинады+ тыххӕй, стӕй нӕ ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй дарут ӕмӕ нӕ хорзы кой кӕй фӕкӕнут ӕмӕ, мах уӕ фенынмӕ куыд бӕллӕм, афтӕ сымах дӕр нӕ фенынмӕ кӕй бӕллут, уый тыххӕй дӕр+.  Ӕмӕ кӕд хъуагдзинӕдтӕ ӕййафӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нын стыр удӕнцой ӕрхаста+, сымах иузӕрдион кӕй стут, уый+.  Ӕмӕ иугӕр сымах нӕ Хицауимӕ иудзинады фидар лӕуут+, уӕд та махмӕ дӕр цӕрын ӕрцыд.  Куыд раарфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн сымах тыххӕй, нӕ Хуыцауы раз нын цы стыр циндзинад+ ӕрхастат, уый тыххӕй? Цӕмӕй йын ӕй бафидӕм? 10  Ӕхсӕвӕй-бонӕй йын зӕрдиагӕй фӕлӕгъстӕ кӕнӕм+, цӕмӕй уӕ фенӕм ӕмӕ, кӕм хъӕуы, уым уын уӕ уырнындзинад бафидар кӕнӕм+. 11  Гъемӕ нӕ уӕдӕ нӕ Фыд Хуыцау ӕмӕ нӕ Хицау Йесо+ сымахыл сӕмбӕлын кӕнӕнт. 12  Ӕмӕ уын нӕ Хицау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, мах уӕ куыд зӕрдиагӕй уарзӕм, афтӕ сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы, стӕй алкӕй дӕр ноджы тынгдӕр+, ноджы зӕрдиагдӕрӕй куыд уарзат+, 13  цӕмӕй уын уӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна ӕмӕ нӕ Хуыцау, нӕ Фыды раз алцӕмӕй дӕр ӕнаипп+ ӕмӕ сыгъдӕг уат, нӕ Хицау Йесо йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ+ куы ’рцӕуа*+, уӕд.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цыбӕл чи кӕны, уый».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.