2 Азфыстыты 1:1—17

1  Давиды фырт Соломонӕн йӕ паддзахы бартӕ фидарӕй-фидардӕр кодтой+. Йӕ Хуыцау Йегъовӕ уыд йемӕ+ ӕмӕ йӕ тынг скадджын кодта+.  Соломон ӕрӕмбырд кодта Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр: минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдоны, тӕрхонгӕнджыты+ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕрты+, хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты се ’ппӕты дӕр+.  Ӕмӕ Соломон ӕппӕт адӕмимӕ ацыд, Гаваоны+ цы кувӕн бынат* уыд, уырдӕм, уымӕн ӕмӕ уым уыди ӕцӕг Хуыцауы ӕмбырды цатыр+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей+ ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уый.  Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ та Давид Кириаф-Иаримӕй+ рахаста, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодта+, уырдӕм – Иерусалимы йын кӕй сӕвӕрдта, уыцы цатырмӕ+.  Фӕлӕ Веселеил+, Хурӕн+ йӕ фырт Урийы фырт, цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ сарӕзта, уый лӕууыд Йегъовӕйы цатыры раз. Соломон ӕмӕ адӕм уырдӕм цыдысты Хуыцауы фӕрсынмӕ.  Ӕмӕ Соломон, ӕмбырды цатыры раз чи лӕууыд, уыцы ӕрхуы нывондхӕссӕныл Йегъовӕйы раз судзинаг нывондӕн ӕрхаста иу мин кусӕрттаджы+.  Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Соломонмӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон»+.  Соломон Хуыцауӕн дзуапп радта: «Ды мын мӕ фыды, Давиды, де стыр ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыдтай+ ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахӕй мӕн сӕвӕрдтай+.  Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд+, уымӕн ӕмӕ мӕ ды сӕвӕрдтай паддзахӕй+, зӕххы рыгау нымӕц кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕн+. 10  Ратт мын зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ+, цӕмӕй мӕ бон уа ацы адӕмы раз рацӕуын дӕр ӕмӕ бацӕуын дӕр+. Кӕннод дӕ адӕмӕн, ацы бирӕ адӕмӕн, тӕрхон кӕнын кӕй бон бауыдзӕн?»+ 11  Уӕд Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы+ ахӕм фӕндон кӕй уыди ӕмӕ дӕхицӕн мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад кӕнӕ дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны удтӕ, стӕй бирӕ цӕрӕнбон дӕр кӕй нӕ ракуырдтай+, фӕлӕ зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй ракуырдтай, цӕмӕй мӕ адӕмӕн, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, уыцы адӕмӕн, тӕрхон кӕнай+, 12  уый тыххӕй дын ратдзынӕн зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ+. Стӕй ма дын ратдзынӕн уыйбӕрц мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕмӕ ахӕм хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад дӕ размӕ иу паддзахмӕ дӕр нӕ уыд+, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр никӕмӕ уыдзӕн»+. 13  Уый фӕстӕ Соломон, Гаваоны цы кувӕн бынат уыд+, уырдыгӕй, ӕмбырды цатыры разӕй+, ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ уыди Израилы паддзах+. 14  Соломон йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстон бӕхтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Уыди йӕм иу мин цыппарсӕдӕ бӕхуӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс мин хӕстон бӕхы+, ӕмӕ сӕ дардта, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕтты+ ӕмӕ Иерусалимы, паддзахмӕ хӕстӕг. 15  Паддзах Иерусалимы уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыдысты дуртау+ бирӕ, ӕмӕ кедр та – Шефелӕйы+ чи зайы, уыцы сикоморбӕлӕстау+ бирӕ. 16  Соломонӕн бӕхтӕ ӕрвыстой Египетӕй+, ӕмӕ-иу паддзахы сӕудӕджертӕ бӕхты рӕгъау бӕлвырд аргъӕй балхӕдтой+. 17  Египетӕй бӕхуӕрдон ластой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ, бӕх та – сӕдӕ фӕндзай ӕвзист ӕхцайӕ. Паддзахы сӕудӕджертӕ ма бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ ластой хетты паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Сирийы паддзӕхтӕн дӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «бӕрзонд бынат».