2 Азфыстыты 12:1—16

12  Ровоамӕн йӕ паддзахы бартӕ куы ӕрфидар сты+ ӕмӕ куы стыхджын, уӕд Йегъовӕйы закъоныл йӕ къух систа+, ӕмӕ афтӕ бакодтой ӕгас Израилы+ адӕм дӕр.  Ӕмӕ Ровоам+ паддзах фӕндзӕм аз куы уыд, уӕд Египеты паддзах Сусаким+ Иерусалимы ныхмӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл гадзрахатӕй рацыдысты+.  Сусакиммӕ уыди иу мин дыууӕсӕдӕ бӕхуӕрдоны+ ӕмӕ ӕхсай мин барӕджы. Египетӕй йемӕ уыйбӕрц адӕм ӕрцыд, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нӕ уыд+ – ливиӕгтӕ+, сукхиттӕ ӕмӕ ефиопӕгтӕ+.  Сусаким бацахста Иудӕйы фидаргонд горӕттӕ+ ӕмӕ суанг Иерусалимы онг бахӕццӕ+.  Уӕд пехуымпар Шемайӕ+ ӕрбацыд Ровоаммӕ ӕмӕ Иудӕйы кънйӕзтӕм, Сусакимы тӕссӕй Иерусалимы чи ӕрӕмбырд, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Сымах мӕ ныууагътат+, ӕмӕ уӕ уый тыххӕй ӕз дӕр ныууагътон+ ӕмӕ уӕ радтон Сусакимы къухмӕ“».  Израилы кънйӕзтӕ ӕмӕ паддзах уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Хуыцауы раз сӕхи ӕрныллӕг кодтой+ ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ раст у»+.  Йегъовӕ федта+, сӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтой, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Шемайӕйӕн+ загъта: «Сӕхи мӕ разы ӕрныллӕг кодтой+. Ӕмӕ сӕ нӕ фесафдзынӕн, тагъд сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ Сусакимы къухӕй Иерусалимыл мӕ фыдӕх нӕ ныккалдзынӕн+.  Фӕлӕ уыдон суыдзысты йӕ лӕггадгӕнджытӕ+, цӕмӕй йӕ базоной, цы у хуыздӕр: мӕнӕн лӕггад кӕнын+ ӕви ӕндӕр бӕстӕты паддзӕхтӕн лӕггад кӕнын»+.  Египеты паддзах Сусаким+ Иерусалиммӕ бабырста ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары цы хӕзнатӕ уыд+, уыдон ахаста. Ницыуал дзы ныууагъта. Ахаста, Соломон цы сызгъӕрин уартытӕ скодта, уыдон дӕр+. 10  Уыцы уартыты бӕсты паддзах Ровоам скодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ, паддзахы хӕдзары бахизӕн+ чи хъахъхъӕдта+, уыдоны хистӕрты бар бакодта+. 11  Паддзах-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд-иу хъахъхъӕнджытӕ бацыдысты, рахастой-иу сӕ, ӕмӕ та-иу сӕ стӕй фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой+. 12  Ровоам йӕхи кӕй ӕрныллӕг кодта, уый тыххӕй йыл Йегъовӕ йӕ маст нал ныккалдта+. Бынтондӕр сӕ фесӕфтаид, уый йӕ нӕ фӕндыд+. Стӕй Иудӕйы адӕм хорз хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзтой+. 13  Паддзах Ровоам Иерусалимы йӕ бартӕ фидар кодта ӕмӕ хицауиуӕг кодта. Ровоам+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди цыппор иу азы ӕмӕ ӕвддӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+, Йегъовӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй йӕ номӕн кӕй равзӕрста, уыцы горӕты+. Йӕ мад уыди аммонаг+, Наамӕ+, зӕгъгӕ. 14  Фӕлӕ Ровоам арӕзта, ӕвзӕр цы уыд, уый+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы агурыны фӕнд йӕ зӕрдӕйы фидар нӕ уыд+. 15  Ровоамы хъуыддӕгты тыххӕй, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй+, фыст ис, пехуымпар Шемайӕ+ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Иддо+ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ цы ныффыстой, уым. Ровоам+ ӕмӕ Йеровоамы+ ’хсӕн цӕрӕнбонты уыд хӕстытӕ. 16  Ӕппынфӕстаг Ровоам йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ави+.

Фиппаинӕгтӕ