2 Азфыстыты 13:1—22

13  Ави Иудӕйы паддзах сси, Йеровоам ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+.  Ӕртӕ азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Михайӕ*+, уыди гивӕйаг+ Уриилы чызг. Ави ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн цыди хӕст+.  Ави хӕстмӕ рацыд, цыппарсӕдӕ мин тыхджын ӕмӕ хуыздӕр хӕстоны кӕм уыд, ахӕм ӕфсадимӕ+. Йеровоам та йын йӕ ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууын кодта астсӕдӕ мин хуыздӕр хӕстоны, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты+.  Ави слӕууыд Цемараимы хохыл, Ефремы хӕхбӕсты чи ис, ууыл+, ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, Йеровоам ӕмӕ Израилы адӕм уе ’ппӕт дӕр!  Ау, нӕ йӕ зонут, Израилы Хуыцау Йегъовӕ Израилы паддзахад цӕххы бадзырдмӕ гӕсгӕ*+ ӕнустӕм+ Давидӕн+ ӕмӕ йӕ фырттӕн+ кӕй радта?  Фӕлӕ Наваты фырт Йеровоам+, Давидӕн йӕ фырт Соломоны лӕггадгӕнӕг+, йӕ хицауы+ ныхмӕ рацыд+.  Кӕм цы дзӕгъӕлдзу+ ӕмӕ ницӕйаг адӕм уыд+, уыдон йӕ разы ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ Соломоны фырт Ровоамыл+ фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ Ровоам нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфсхаст+ уыд, ӕмӕ йӕ бон нӕ баци сӕ ныхмӕ фӕлӕууын.  Сымах бирӕ стут+ ӕмӕ уӕм ис, Йеровоам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй скодта, уыцы сызгъӕрин родтӕ+. Ӕмӕ уӕм уый тыххӕй афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕ бон суыдзӕн Йегъовӕйы паддзахады ныхмӕ, Давиды фыртты къухы чи ис, уыцы паддзахады ныхмӕ фидар фӕлӕууын+.  Сымах Йегъовӕйы сауджынты+, Аароны фыртты, ӕмӕ левитты нӕ фӕсырдтат ӕмӕ иннӕ бӕстӕты адӕмтау уӕхӕдӕг уӕхицӕн не ’вӕрут сауджынты?+ О, фӕлӕ, уӕныг ӕмӕ авд фыры нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, бартӕ йӕ къухмӕ чидӕриддӕр райста, уый сауджын сси, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн+. 10  Махӕн та Йегъовӕ у нӕ Хуыцау+, мах ӕй нӕ ныууагътам. Сауджынтӕ, Аароны фырттӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, ӕмӕ левиттӕ дӕр сӕ куыст кӕнынц+. 11  Алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр+ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, стӕй ссудзынц хӕрздӕф буд+. Сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл нывонд дзултӕ ӕрӕвӕрынц+ ӕмӕ алы изӕр дӕр+ сызгъӕрин цырагъдарӕнты+ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон+, сымах та йӕ ныууагътат+. 12  Махӕн нӕ разӕй цӕуы ӕцӕг Хуыцау+ ӕмӕ йемӕ йӕ сауджынтӕ+, сӕ къухты та ис уадындзтӕ+, цӕмӕй нӕм тохмӕ фӕсидой ӕмӕ уемӕ схӕцӕм. Израилы фырттӕ, ма хӕцут уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕимӕ+, ницы уын дзы рауайдзӕн»+. 13  Йеровоам та уӕдмӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй Иудӕйы адӕммӕ фӕстӕрдыгӕй бацыдаиккой ӕмӕ уым ӕрӕмбӕхстаиккой. Гъемӕ сӕ разӕй уыди сӕйраг ӕфсад, иннӕтӕ та ӕрӕмбӕхстысты сӕ фӕстӕ+. 14  Иудӕйы адӕм куы акастысты, уӕд бамбӕрстой, дыууӕрдыгӕй дӕр сӕ кӕй хъӕуы хӕцын: разырдыгӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр+. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ сдзынӕзтой+, сауджынтӕ та уадындзтӕй хъӕрӕй ныууасыдысты. 15  Иудӕйы адӕм тохы хъӕр ныккодтой+, ӕмӕ, куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд ӕцӕг Хуыцау Йеровоамы ӕмӕ ӕгас Израилы ныддӕрӕн кодта+ Ави+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы раз. 16  Израилы фырттӕ Иудӕйы адӕмы разӕй лидзӕг фесты, ӕмӕ сын сӕ Хуыцау сӕ къухмӕ радта+. 17  Ӕмӕ Ави ӕмӕ йӕ адӕм Израилы фырттӕй тынг бирӕ ныццагътой: израилӕгтӕй фӕцагъды фондзсӕдӕ мин хуыздӕр хӕстоны. 18  Ӕмӕ афтӕмӕй уыцы рӕстӕг Израилы фырттӕ басастысты, Иудӕйы фырттӕ та фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой+ сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйыл. 19  Ави Йеровоамы фӕстейӕ асырдта ӕмӕ йын йӕ горӕттӕй байста: Вефил+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Йешанӕ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ Ефрон ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ+. 20  Ӕмӕ Авийы рӕстӕджы Йеровоам йӕ къахыл афтӕ дӕр нал слӕууыд+. Йегъовӕ йӕ ӕрцавта+, ӕмӕ амард. 21  Ави та йӕ паддзахад фидарӕй-фидардӕр кодта+. Ави ӕрхаста цыппӕрдӕс усы+, ӕмӕ йын райгуырд дыууын дыууӕ фырты+ ӕмӕ ӕхсӕрдӕс чызджы. 22  Авийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис, пехуымпар Иддо цы ныффыста, уым+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «фидар бадзырдмӕ гӕсгӕ».