2 Азфыстыты 14:1—15

14  Ӕппынфӕстаг Ави йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Асӕ+. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕс азы зӕххыл уыди сабырдзинад+.  Асӕ арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы уыд, уый.  Асӕ ныппырх кодта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ+ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ+, ныссаста кувӕн дуртӕ+ ӕмӕ афӕлдӕхта кувӕн цӕджындзтӕ+.  Стӕй Иудӕйы адӕмӕн загъта, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы агурут+ ӕмӕ йын йӕ закъон+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕххӕст кӕнут, зӕгъгӕ.  Асӕ Иудӕйы ӕппӕт горӕтты дӕр ныппырх кодта кувӕн бынӕттӕ ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ+. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы паддзахады уыди сабырдзинад+.  Зӕххыл сабырдзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иудӕйы райдыдта фидаргонд горӕттӕ аразын+. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ радта ӕнцойдзинад+.  Ӕмӕ Асӕ Иудӕйы адӕмӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ горӕттӕ саразӕм ӕмӕ сын сӕ алыварс скӕнӕм къултӕ+ ӕмӕ мӕсгуытӕ+, стӕй кулдуӕрттӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. Зӕхх нӕ къухы ис, уымӕн ӕмӕ мах нӕ Хуыцау Йегъовӕйы агуырдтам+. Агуырдтам ӕй, ӕмӕ нын алырдыгӕй ӕнцойдзинад радта»+. Гъемӕ аразын райдыдтой ӕмӕ сын бирӕ бантыст+.  Асӕйы ӕфсады Иудӕйы адӕмӕй уыд ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны+, уыдон хастой стыр уартытӕ+ ӕмӕ ӕрцытӕ+. Вениамины мыггагӕй та дзы уыд дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны+, гыццыл уартытӕ чи хаста ӕмӕ-иу ӕрдын чи ’рбакъӕдз кодта+, ахӕмтӕ. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ.  Цасдӕры фӕстӕ сӕ ныхмӕ рацыд ефиопаг Зара+ йе ’фсадимӕ, уыди йӕм милуан хӕстоны+ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ бӕхуӕрдоны. Ӕмӕ Марешӕйы+ онг ӕрбахӕццӕ. 10  Уӕд Асӕ йӕ ныхмӕ рацыд, ӕмӕ Цефатӕйы дӕлвӕзы Марешӕйы раз гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. 11  Ӕмӕ Асӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скуывта+: «О Йегъовӕ, дӕуӕн дӕ бон баххуыс кӕнын у, бирӕ чи сты, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ чи сты, уыдонӕн дӕр+. Баххуыс нын кӕн, О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ+ ӕмӕ дӕ номӕй+ рацыдыстӕм ацы бирӕ адӕмы ныхмӕ. О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Хуыцау+. Зӕххон адӕймаг дӕуӕй тыхджындӕр ма разынӕд»+. 12  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Асӕ ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн баххуыс кодта ефиопӕгты ныддӕрӕн кӕнынӕн+. Ӕмӕ ефиопӕгтӕ лидзӕг фесты. 13  Гъемӕ сӕ Асӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары+ онг фӕстейӕ сырдта, ӕмӕ ефиопӕгтӕ цагъды кодтой, ӕмӕ сӕ иу дӕр удӕгасӕй нал баззад. Йегъовӕ+ ӕмӕ сӕ йе ’фсад бынтондӕр ныддӕрӕн кодтой+. Ӕмӕ Иудӕйы адӕм семӕ тынг бирӕ фӕллой ахастой+. 14  Стӕй, Герары алыварс цыдӕриддӕр горӕттӕ уыди, уыдон дӕр бацахстой, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ цӕрджытыл тас бафтыдта+. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы горӕтты мулк фӕхастой, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ мулк уыди+. 15  Фыййӕутты цатыртӕм+ дӕр бабырстой ӕмӕ тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ теуатӕ+ ратардтой+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.

Фиппаинӕгтӕ