2 Азфыстыты 15:1—19

15  Одеды+ фырт Азарийыл ӕрцыд Хуыцауы тых*+.  Ӕмӕ Асӕйы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины адӕм уе ’ппӕт дӕр! Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ+. Куы йӕ агурат+, уӕд ӕй ссардзыстут*, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн+.  Израилы адӕм бирӕ рӕстӕг+ уыдысты ӕнӕ ӕцӕг Хуыцауӕй, нӕ сын уыд, чи сӕ ахуыр кодтаид, ахӕм сауджын+ дӕр ӕмӕ Закъон дӕр.  Фӕлӕ зын сахат+ Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ куы раздӕхтысты+ ӕмӕ йӕ куы ӕрцагуырдтой, уӕд ӕй ссардтой+.  Уӕды заманты фӕндагыл ӕдас никӕмӕн уыд+, уымӕн ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕтты адӕмы ’хсӕн стыр змӕстытӕ уыди+.  Иу мыггаг иннӕйы цагъта, иу горӕт иннӕимӕ хӕцыд+, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау алы бӕллӕхтӕ уагъта, ӕмӕ сӕм сабырдзинад нӕ уыд+.  Фӕлӕ сымах хъӕбатыр ут+ ӕмӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзут+, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг»+.  Асӕ уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ, пехуымпар Одед+ цы пехуымпар-ныхас загъта, уый куы фехъуыста, уӕд дзы ныфс бацыд ӕмӕ ӕгас Иудӕйы ӕмӕ Вениамины зӕххыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты+ кӕй бацахста, уыцы горӕтты цыдӕриддӕр ӕлгъаг дзауматӕ+ уыд, уыдон фесӕфта, ӕмӕ Йегъовӕйы нывондхӕссӕн, Йегъовӕйы кувӕндоны мӕсыджы раз чи уыд, уый, ногӕй сарӕзта+.  Асӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Вениамины+ адӕмы се ’ппӕты дӕр, стӕй дзы Ефрем, Манасси ӕмӕ Симеоны зӕххытӕй цы бирӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ уыд, уыдоны дӕр – уыдон куы федтой, Асӕйӕн йӕ Хуыцау Йегъовӕ йемӕ кӕй ис, уый, уӕд Израилӕй рацыдысты ӕмӕ Асӕйы фарс слӕууыдысты+. 10  Гъемӕ се ’ппӕт дӕр Иерусалимы ӕрӕмбырд сты, Асӕ фынддӕсӕм аз куы уыд паддзах, уыцы аз, ӕртыккаг мӕйы. 11  Ӕмӕ уыцы бон, хӕсты рӕстӕджы цы фос ратардтой, уыдонӕй авдсӕдӕ галы ӕмӕ авд мин фысы Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхастой. 12  Стӕй скодтой бадзырд+ ӕмӕ дзырд радтой, сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй кӕй агурдзысты+. 13  Ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, Израилы Хуыцау Йегъовӕйы чи нӕ агура, уый та хъӕуы амарын+, фӕнды ӕрыгон уӕд, фӕнды – зӕронд*+, фӕнды нӕлгоймаг уӕд, фӕнды – сылгоймаг+. 14  Гъемӕ Йегъовӕйӕн хъӕрӕй расомы кодтой+, ӕмӕ хъуысти сӕ цины хъӕр ӕмӕ уадындзты ӕмӕ сыкъаты уаст. 15  Иудӕйы адӕм иууылдӕр цин кодтой+, ахӕм сомы кӕй ракодтой, ууыл, уымӕн ӕмӕ йын расомы кодтой ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ йӕ агуырдтой зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ ссардтой+. Ӕмӕ сын Йегъовӕ дарддӕр дӕр алырдыгӕй ӕнцойдзинад лӕвӕрдта+. 16  Паддзах Асӕ йӕ+ фыдымад Маахӕйӕн+ йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыди+, уымӕн ӕмӕ цӕджындзӕн кувынӕн сарӕзта ӕнад мӕнгхуыцау+. Асӕ йын йӕ ӕнад мӕнгхуыцауы афӕлдӕхта+, ныммур ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы+ басыгъта+. 17  Кувӕн бынӕттӕ+ та баззадысты Израилы+. Фӕлӕ цалынмӕ Асӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Хуыцауимӕ+. 18  Асӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзармӕ бахаста, йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цы снывонд кодта, уыдӕттӕ+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон мигӕнӕнтӕ+. 19  Асӕ паддзах ӕртын фӕндзӕм аз куы уыд, уӕдмӕ, хӕст цы у, уый нӕ зыдтой+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «уӕд уӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ссарат». Кӕс 4, 15 ст. дӕр.
Кӕнӕ «фӕнды хуымӕтӕг адӕймаг уӕд, фӕнды – кадджын».