2 Азфыстыты 18:1—34

18  Иосафат тынг схъӕздыг ӕмӕ йын уыди стыр кад+. Фӕлӕ Ахавимӕ+ бахӕстӕг+.  Гъемӕ цалдӕр азы фӕстӕ Ахавмӕ Самаримӕ ацыд+. Ӕмӕ Ахав йӕ номыл ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыд, уыдоны номыл Хуыцауӕн нывондӕн бирӕ фыстӕ+ ӕмӕ стуртӕ ӕрхаста. Стӕй йын дзурын райдыдта+, Рамоф-Галаадимӕ схӕцӕм+, зӕгъгӕ.  Израилы паддзах Ахав Иосафатӕн, Иудӕйы паддзахӕн, загъта: «Мемӕ Рамоф-Галаадмӕ ацӕудзынӕ?»+ Иосафат ын дзуапп радта: «Ды куыд кӕнай, ӕз дӕр афтӕ. Мӕ адӕм сты дӕ адӕм ӕмӕ хӕстмӕ демӕ ацӕудзысты»+.  Стӕй ма Иосафат Израилы паддзахӕн загъта: «Фӕлӕ уал, Йегъовӕ цы зӕгъы, уый куы базонис»+.  Израилы паддзах дӕр пехуымпарты ӕрӕмбырд кодта+, цыппарсӕдӕ адӕймаджы, ӕмӕ сын загъта: «Рамоф-Галаадимӕ схӕцӕм ӕви нӕ?»+ Уыдон ын дзуапп радтой: «Схӕц, ӕцӕг Хуыцау ӕй ратдзӕн паддзахы къухмӕ».  Уӕд Иосафат загъта: «Йегъовӕйы пехуымпартӕй дзы ӕндӕр ничиуал ис?+ Кӕд ма дзы исчи ис, уӕд уый дӕр бафӕрсӕм»+.  Израилы паддзах Иосафатӕн+ загъта: «Ис ма иу адӕймаг+, ӕмӕ Йегъовӕйы уый уылты дӕр ис бафӕрсӕн. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын+, уымӕн ӕмӕ мын ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй никуы ницы фӕзӕгъы+. Йемвлайы фырт Михейы кой кӕнын»+. Фӕлӕ йын Иосафат загъта: «Афтӕ ма дзур, паддзах»+.  Уӕд Израилы паддзах фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта+ ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр мӕм Йемвлайы фырт Михейы ӕрбакӕн»+.  Уыцы рӕстӕг Израилы паддзах ӕмӕ Иудӕйы паддзах Иосафат сӕ паддзахбадӕнтыл паддзахы дарӕсы+ бадтысты найгӕнӕн мусы Самарийы кулдуары бахизӕны раз. Ӕмӕ сӕ разы пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр сӕхи пехуымпартау дардтой+. 10  Хенааны фырт Седеки та йӕхицӕн ӕфсӕйнаг сыкъатӕ скодта+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццӕгъдай, уӕдмӕ“»+. 11  Ӕмӕ йын иннӕ пехуымпартӕ дӕр раст афтӕ дзырдтой: «Ацу ӕмӕ Рамоф-Галаадимӕ схӕц, дӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн+. Йегъовӕ йӕ ратдзӕн паддзахы къухмӕ»+. 12  Михеймӕ кӕй арвыстой, уыцы адӕймаг Михейӕн загъта: «Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр паддзахӕн дзурынц, хъуыддаг хорз кӕй рауайдзӕн+. Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр ын афтӕ зӕгъ»+. 13  Фӕлӕ Михей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын+: мӕ Хуыцау цы зӕгъа, ӕрмӕстдӕр уый зӕгъдзынӕн»+. 14  Стӕй Михей паддзахмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ паддзах бафарста: «Михей, Рамоф-Галаадимӕ схӕцӕм ӕви нӕ?» Михей йын дзуапп радта: «Схӕц, дӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн. Дӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты»+. 15  Паддзах та йын загъта: «Цал хатты дын загътон*+, цӕмӕй мын Йегъовӕйы номӕй, ӕцӕг цы у, уый йеддӕмӕ мацы дзурай?»+ 16  Уӕд Михей загъта: «Ӕз уынын, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хӕхтыл ӕнӕфыййау фыстау куыд ныппырх сты+. Йегъовӕ афтӕ загъта: „Хицау сын нӕй+, ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм фарнимӕ аздӕхӕнт“»+. 17  Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Нӕ дын дзырдтон, ӕвзӕр йеддӕмӕ мын хорзӕй кӕй ницы зӕгъдзӕн?»+ 18  Михей та загъта: «Уӕдӕ байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Ӕз уынын Йегъовӕйы йӕ паддзахбадӕныл бадгӕ+, ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсад+ иууылдӕр лӕууынц йӕ рахиз ӕмӕ йӕ галиу фарс+. 19  Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: „Чи асайдзӕн Израилы паддзах Ахавы, цӕмӕй ацӕуа, Рамоф-Галаадимӕ схӕца ӕмӕ уым фӕмард уа?“ Ӕмӕ дзурын райдыдтой, ӕмӕ дзы иу афтӕ загъта, иннӕ – афтӕ+. 20  Ӕппынфӕстаг иу зӕд*+ рацыд, Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй асайдзынӕн“. Йегъовӕ йӕ бафарста: „Куыд ӕй асайдзынӕ?“+ 21  Уый йын дзуапп радта: „Ӕз ацӕудзынӕн ӕмӕ йын йӕ пехуымпартӕн се ’ппӕтӕн дӕр се ’взагыл мӕнг ныхас сӕвӕрдзынӕн“+. Уӕд ын Хуыцау загъта: „Ды йӕ асайдзынӕ, бантысдзӕн дын+. Ацу ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн“+. 22  Ӕмӕ дын ныр Йегъовӕ дӕ пехуымпарты ӕвзагыл мӕнг ныхас сӕвӕрдта+. Ӕцӕгӕй та Йегъовӕ загъта, бӕллӕх дӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы»+. 23  Уӕд Хенааны фырт+ Седеки+ Михеймӕ+ бацыд, ныдздзӕхст ӕй кодта+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕз Йегъовӕйы тыхӕй* хайджын нал дӕн ӕмӕ ныр ды дзурыс уыцы тыхы фӕрцы?»+ 24  Михей та йын загъта: «Мӕнӕ рӕбинаг уаты куы ’мбӕхсай+, уӕд ӕй базондзынӕ». 25  Уӕд Израилы паддзах загъта: «Михейы акӕнут ӕмӕ йӕ горӕты хицау Амоны къухмӕ ӕмӕ паддзахы фырт Иоасы къухмӕ раттут+. 26  Зӕгъут сын: „Паддзах афтӕ зӕгъы: „Ацы адӕймаджы ахӕстоны бакӕнут+ ӕмӕ йын дзул+ ӕмӕ дон дӕттут, цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ фарнимӕ не ’рыздӕхон, уӕдмӕ“»+. 27  Уӕд Михей загъта: «Кӕд фӕстӕмӕ фарнимӕ ӕрыздӕхай, уӕд Йегъовӕ мӕн уылты нӕ дзырдта»+. Стӕй ма загъта: «Уе ’ппӕт дӕр* ӕй фехъуыстат!»+ 28  Ӕмӕ Израилы паддзах ӕмӕ Иудӕйы паддзах Иосафат Рамоф-Галаадмӕ ацыдысты+. 29  Ӕмӕ Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ уӕлӕдарӕс аивдзынӕн+, цӕмӕй мӕ мачи базона, ӕмӕ хӕцынмӕ афтӕмӕй рацӕудзынӕн, ды та дӕхи уӕлӕдарӕс скӕн»+. Гъемӕ Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс аивта, ӕмӕ уый фӕстӕ хӕцынмӕ рацыдысты+. 30  Сирийы паддзах та, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыцы хицӕуттӕн загъта: «Мадӕр хуымӕтӕг хӕстонимӕ хӕцут, мадӕр ӕфсады хистӕримӕ, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Израилы паддзахимӕ»+. 31  Ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдон Иосафаты куы федтой, уӕд загътой, ай у Израилы паддзах+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм фездӕхтысты, цӕмӕй йемӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ Иосафат ӕххуысмӕ сидын райдыдта+, ӕмӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта+. Хуыцау сӕ уайтагъд Иосафаты разӕй асайдта+. 32  Ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдон куы бамбӕрстой, уый Израилы паддзах кӕй нӕу, уӕд ӕй ныууагътой+. 33  Иу адӕймаг та ӕрдынӕй фехста, ӕмӕ йӕ фат Израилы паддзахыл сӕмбӕлд+, уымӕ нӕ хъавыд, афтӕмӕй. Фат ыл суад, йе згъӕрхӕдон иннӕ хӕстон дарӕсмӕ кӕм фидар кодта, уым. Ӕмӕ паддзах бӕхтӕрӕгӕн+ загъта: «Бӕхуӕрдон разил ӕмӕ мӕ тохы быдырӕй алас, уӕззау цӕф дӕн»+. 34  Фӕлӕ уыцы бон тох стынг ис, ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдоны слӕууын кӕнын бахъуыд, йе ’ргом сириӕгты ’рдӕм здӕхт куыд уыдаид, афтӕ, ӕмӕ йыл суанг изӕрмӕ афтӕ фӕхӕцыдысты. Ӕмӕ, хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд амард+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «расомы кӕнын кодтон».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. тексты ма ис дзырд «адӕмтӕ» дӕр.