2 Азфыстыты 21:1—20

21  Ӕппынфӕстаг Иосафат йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ+ Давиды горӕты. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам+.  Иорамӕн уыди ӕфсымӕртӕ, Иосафаты фырттӕ: Азари, Йехиил, Захари, Азари, Михаил ӕмӕ Сафати. Адон иууылдӕр уыдысты Израилы паддзах Иосафаты фырттӕ.  Сӕ фыд сын радта бирӕ лӕвӕрттӕ+: ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дзауматӕ. Стӕй сын Иудӕйы зӕххыл радта фидаргонд горӕттӕ дӕр+. Фӕлӕ паддзахад радта Иорамӕн+, уымӕн ӕмӕ уый уыд хистӕр фырт+.  Иорам йӕ фыды паддзахады паддзах куы сси, уӕд йӕ бартӕ ӕрфидар кодта ӕмӕ йе ’фсымӕрты+ се ’ппӕты дӕр, стӕй Израилы кънйӕзтӕй дӕр кӕйдӕрты хъамайӕ амардта.  Иорам паддзах сси, ӕртын дыууӕ азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ аст азы уыд паддзах+ Иерусалимы.  Уый цыди Израилы паддзӕхты фӕндагыл+, Ахавы хӕдзарвӕндаг куыд кодта, афтӕ, уымӕн ӕмӕ ракуырдта Ахавы чызджы+. Иорам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд+, уый.  Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд Давиды хӕдзарвӕндаг фесафын+, Давидимӕ бадзырд кӕй скодта+, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йын афтӕ загъта, дӕуӕн+ ӕмӕ дӕ фырттӕн сӕ цырагъ никуы ахуысдзӕн+, зӕгъгӕ.  Едом+ уыди Иудӕйы дӕлбар, фӕлӕ Иорамы рӕстӕджы едомӕгтӕ Иудӕйы ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ сӕхицӕн паддзах сӕвӕрдтой+.  Уӕд Иорам йе ’фсӕдты хистӕртимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕхуӕрдӕттимӕ Едоммӕ араст. Ӕмӕ ӕхсӕвы сыстад ӕмӕ ныппырх кодта, йӕ алыварс ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдоны алыварс чи ӕртыхст, уыцы едомӕгты. 10  Фӕлӕ едомӕгтӕ абоны онг дӕр цӕуынц Иудӕйы ныхмӕ. Уыцы рӕстӕг Иорамы ныхмӕ рацыд Ливнӕ+ дӕр, уымӕн ӕмӕ Иорам ныууагъта йӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы+. 11  Иорам ма Иудӕйы хӕхты скодта кувӕн бынӕттӕ+, цӕмӕй Иерусалимы цӕрджыты хӕтыныл бафтыдтаид+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кодтаид+. 12  Уӕд Иорам пехуымпар Илийайӕ+ райста фыстӕг+. Фыст дзы уыд афтӕ: «Дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Дӕ фыд Иосафаты+ фӕндӕгтыл ӕмӕ Иудӕйы паддзах Асӕйы+ фӕндӕгтыл кӕй нӕ цӕуыс, 13  фӕлӕ Израилы паддзӕхты фӕндагыл кӕй цӕуыс+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты хӕтыныл кӕй ӕфтауыс+, Ахавы хӕдзарвӕндаг сӕ куыд ӕфтыдта хӕтыныл+, афтӕ, ӕмӕ де ’фсымӕрты, дӕ фыды фыртты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыд, уыдоны, кӕй амардтай+, 14  уый тыххӕй дын Йегъовӕ дӕ адӕмы+, дӕ фыртты+ ӕмӕ дӕ устыты стыр бӕллӕхы+ хай бакӕндзӕн ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр исбон ис, уый дын байсдзӕн. 15  Ды хъӕрздзынӕ уӕззау низӕй+, тъӕнгты низӕй, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кӕндзынӕ, цалынмӕ дӕ тъӕнгтӕ ӕддӕмӕ нӕ рабырой, уӕдмӕ“»+. 16  Гъемӕ Йегъовӕ Иорамы ныхмӕ скодта+ филистимӕгты+ ӕмӕ, ефиопӕгты+ фарсмӕ чи цард, уыцы аравиӕгты+. 17  Ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Иудӕмӕ ӕрбабырстой ӕмӕ, паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр исбон уыди, уый ахастой+, йӕ фыртты ӕмӕ йын йӕ устыты+ дӕр уацары акодтой. Йӕ фырттӕй йын йӕ кӕстӕр фырт Иоахазы+ йеддӕмӕ никӕйуал ныууагътой. 18  Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ йыл Йегъовӕ бафтыдта тъӕнгты низ, сдзӕбӕхгӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм низ+. 19  Цасдӕры фӕстӕ, дыууӕ азы куы рацыд, уӕд, йӕ низы тыххӕй йӕ тъӕнгтӕ+ ӕддӕмӕ рабырыдысты, ӕмӕ тухӕн кӕнгӕйӕ амард. Ӕмӕ йӕ адӕм йӕ номыл, йӕ фыдӕлтӕн куыд кодтой, афтӕ хӕрздӕф кӕрдӕджытӕ не ссыгътой+. 20  Иорам паддзах сси, ӕртын дыууӕ азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ аст азы уыд паддзах Иерусалимы. Ӕппынфӕстаг амард, ӕмӕ йӕ мӕлӕт хъыг никӕмӕн уыд+. Гъемӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+, фӕлӕ, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уыцы ран нӕ+.

Фиппаинӕгтӕ