2 Азфыстыты 23:1—21

23  Ӕвдӕм аз Иодай+ хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ скодта бадзырд сӕдӕты хистӕртимӕ+: Йерохамы фырт Азариимӕ, Йегъохананы фырт Измаилимӕ, Овиды фырт Азариимӕ, Адайӕйы фырт Маасейӕимӕ ӕмӕ Зихрийы фырт Елишафатимӕ.  Стӕй уыдон Иудӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой, Иудӕйы алы горӕтты чи уыд, уыцы левитты+ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕрты+. Гъемӕ уыцы адӕм Иерусалиммӕ ӕрцыдысты.  Ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+ чидӕриддӕр ӕрӕмбырд, уыдон уым паддзахимӕ бадзырд скодтой+. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ Иодай загъта: «Ныр паддзах уыдзӕн+ паддзахы фырт+, Йегъовӕ Давиды фыртты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.  Афтӕ бакӕнут: сабаты+ чи ’рбацӕуы, уыцы сауджынты+ ӕмӕ левитты+ ӕртӕ къордыл адих кӕнут. Иутӕ уыдзысты дуаргӕстӕ+.  Иннӕтӕ лӕудзысты паддзахы хӕдзары+ раз, ӕртыккӕгтӕ та – Бындур кӕй хонынц, уыцы кулдуары раз+. Адӕм та иууылдӕр лӕудзысты Йегъовӕйы хӕдзары кӕртыты+.  Сауджынты ӕмӕ, лӕггад чи кӕны, уыцы левитты+ йеддӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ+ макӕй бауадзут. Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн уыдзӕн сӕ бон бацӕуын, уымӕн ӕмӕ уыдон сты сыгъдӕг адӕм+. Иннӕ адӕм та лӕудзысты ӕддейӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕндзысты, Йегъовӕйы раз сыл цы хӕс ис, уый.  Левиттӕ ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ паддзахы алыварс ӕрлӕудзысты+, ӕмӕ, хӕдзармӕ бацӕуынмӕ чи хъава, уый-иу амарӕнт. Паддзах мидӕмӕ куы цӕуа, уӕд дӕр ӕмӕ, ӕддӕмӕ куы цӕуа, уӕд дӕр хъуамӕ уат йӕ фарсмӕ».  Левиттӕ ӕмӕ ӕгас Иудӕйы адӕм алцыдӕр сарӕзтой, сауджын Иодай+ сын куыд загъта+, афтӕ. Алчидӕр сӕ йӕ адӕмы ракодта – сабаты чи ’рбацыд, уыдоны дӕр ӕмӕ, сабаты+ чи хъуамӕ ацыдаид, уыдоны дӕр, уымӕн ӕмӕ сауджын Иодай, чи лӕггад кодта, уыцы къордтӕ нӕ ауагъта+.  Стӕй сауджын Иодай сӕдӕты хистӕртӕн+ радта паддзах Давиды+ ӕрцытӕ, уартытӕ ӕмӕ тымбыл уартытӕ+, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+ чи уыд, уыдон. 10  Ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр+, алкӕмӕн дӕр йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй, слӕууын кодта хӕдзарӕн йӕ рахиз фарсӕй йӕ галиу фарсы онг, нывондхӕссӕны раз ӕмӕ хӕдзары раз, ӕмӕ паддзахмӕ бацӕуӕн никӕцырдыгӕй уыди. 11  Уый фӕстӕ паддзахы фырты+ ракодтой, йӕ сӕрыл ын паддзахы худ+ ӕркодтой, ӕрӕвӕрдтой йыл Закъоны тыхтон+ ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой. Иодай ӕмӕ йӕ йӕ фырттӕ сойӕ байсӕрстой+ ӕмӕ загътой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»+ 12  Адӕм куыд лидзынц ӕмӕ паддзахы куыд кадджын кӕнынц+, уый Гофоли куы фехъуыста, уӕд уайтагъд Йегъовӕйы хӕдзары адӕмы раз балӕууыд. 13  Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ паддзах лӕууы бахизӕны йӕ цӕджындзы+ раз, паддзахы раз та лӕууынц кънйӕзтӕ+ ӕмӕ уадындзтӕй цӕгъдджытӕ+, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы адӕм цин кӕнынц+ ӕмӕ уадындзтӕй уасынц+. Семӕ цин кодтой зарӕггӕнджытӕ+, сӕ музыкалон инструменттӕ сӕ къухы, афтӕмӕй, стӕй, кады зарджытӕ чи амыдта, уыдон. Ӕмӕ Гофоли йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сусӕгвӕнд скодтой! Сусӕгвӕнд!»+ 14  Уӕд сауджын Иодай сӕдӕты хистӕртӕм, ӕфсады сӕргъы чи лӕууыд, уыдонмӕ, фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Уе ’хсӕнӕй йӕ акӕнут+. Ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу амарут!» Уымӕн ӕмӕ Иодай уый размӕ афтӕ загъта, Йегъовӕйы хӕдзары йӕ ма амарут, зӕгъгӕ. 15  Уыдон дӕр ыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ йӕ акодтой. Ӕмӕ, паддзахы хӕдзармӕ бӕхтӕ цы кулдуарыл цыдысты, уый онг куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕй уым амардтой+. 16  Уый фӕстӕ Иодай йӕхи ӕмӕ ӕппӕт адӕм ӕмӕ паддзахы ’хсӕн скодта бадзырд, Йегъовӕйы адӕм+ кӕй уыдзысты. 17  Стӕй адӕм иууылдӕр Ваалы кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой+, ныппырх ын кодтой йӕ нывондхӕссӕнтӕ+ дӕр ӕмӕ йӕ гуымирытӕ+ дӕр. Ваалы дзуарылӕг Матфаны+ та нывондхӕссӕнты раз амардтой+. 18  Уый фӕстӕ Иодай Йегъовӕйы хӕдзары хъуыддӕгтӕ сауджынты ӕмӕ левитты бар бакодта. Уыдоны Давид+ къордтыл адих кодта Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн, цӕмӕй, Моисейы закъоны куыд фыст уыд, афтӕ Йегъовӕйӕн хастаиккой судзинаг нывӕндтӕ+ цингӕнгӕйӕ ӕмӕ заргӕйӕ, Давид цы уаг сӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ. 19  Ӕмӕ Иодай дуаргӕсты+ Йегъовӕйы хӕдзары кулдуӕртты+ раз сӕвӕрдта, цӕмӕй, цӕйфӕнды тыххӕй дӕр сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм адӕймаг мидӕмӕ ма бацыдаид. 20  Стӕй Иодай йемӕ акодта сӕдӕты хистӕрты+, стыр хицӕутты, адӕмы сӕргълӕуджыты ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы адӕмы дӕр ӕмӕ паддзахы Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракодта+. Уыдон уӕллаг кулдуарыл ахызтысты, бацыдысты паддзахы хӕдзармӕ ӕмӕ паддзахы паддзахбадӕныл+ ӕрбадын кодтой. 21  Ӕмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кодтой+, ӕмӕ горӕты уыд сабырдзинад. Гофолийы та хъамайӕ амардтой+.

Фиппаинӕгтӕ