2 Азфыстыты 24:1—27

24  Иоас паддзах куы сси, уӕд ыл цыди авд азы+ ӕмӕ цыппор азы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Цивийӕ ӕмӕ уыди Вирсавийӕ+.  Цалынмӕ сауджын Иодай ӕгас уыди+, уӕдмӕ Иоас+ арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+.  Иодай йын дыууӕ усы ракуырдта, ӕмӕ йын райгуырд фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ+.  Цасдӕры фӕстӕ Иоасы бафӕндыд Йегъовӕйы хӕдзар йӕ къахыл слӕууын кӕнын+.  Ӕмӕ сауджынты+ ӕмӕ левитты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Иудӕйы горӕттыл ӕрзилут ӕмӕ ӕгас Израилӕй ӕхца ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хӕдзар алы аз дӕр+ цалцӕг кӕнат+. Ӕмӕ фӕстиат ма кӕнут». Фӕлӕ левиттӕ тагъд нӕ кодтой+.  Ӕмӕ уӕд паддзах фӕдзырдта сауджынты хистӕр Иодаймӕ ӕмӕ йын загъта+: «Левиттӕй дзуапп цӕуылнӕ домыс, Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕмӕй, Израилы ӕмбырдӕй, хъалон куыд ӕмбырд кӕнынц, уый тыххӕй? Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей+ нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй бадзырды* цатырӕн хъалон дӕттой?+  Уыцы фыдсыл Гофолийы фырттӕ+ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар фӕхастой+ ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары цыдӕриддӕр табуйаг+ дзауматӕ уыд, уыдон Ваалтӕн снывонд кодтой»+.  Гъемӕ паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ асыкк+ скодтой ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы хӕдзары кулдуары раз ӕддейӕ сӕвӕрдтой.  Уый фӕстӕ ӕгас Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы фехъусын кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн хъалон хӕссой+, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисей Израилы адӕмӕн ӕдзӕрӕг быдыры куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. 10  Ӕмӕ кънйӕзтӕ+ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ адӕм иууылдӕр тынг бацин кодтой+ ӕмӕ ӕхца хӕссын райдыдтой. Ӕхца хастой ӕмӕ сӕ асыччы+ ӕппӕрстой, цалынмӕ сӕ алчидӕр хъалон нӕ радта, уӕдмӕ. 11  Йӕ рӕстӕг-иу куы ӕрцыд, уӕд-иу левиттӕ асыкк паддзахмӕ ӕрбахастой+. Бирӕ ӕхца-иу дзы куы ӕрӕмбырд+, уӕд-иу паддзахы писыр+ ӕмӕ хистӕр сауджыны ӕххуысгӕнӕг ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу асыкк равдӕлон кодтой, стӕй-иу ӕй систой ӕмӕ-иу ӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой алы бон дӕр ӕмӕ тынг бирӕ ӕхца ӕрӕмбырд кодтой. 12  Ӕмӕ уыцы ӕхца паддзах ӕмӕ Иодай лӕвӕрдтой+, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонмӕ+. Уыдон та ӕххуырстой дурсӕтджыты+ ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджыты+, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзар йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой+. Стӕй ма ӕххуырстой ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуыйы куыстгӕнджыты дӕр, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кодтаиккой+. 13  Ӕмӕ кусджытӕ хӕдзар цалцӕг кӕнынмӕ бавнӕлдтой+, ӕмӕ сӕ куыст уыцы рӕвдз цыди. Ӕппынфӕстаг ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар, раздӕр куыд уыд, афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ уыди фидар конд. 14  Сӕ куыст куы фесты, уӕд ма ӕхцайӕ цы баззад, уый паддзахмӕ ӕмӕ Иодаймӕ ӕрбахастой. Ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ скодтой мигӕнӕнтӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн, лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынӕн чи хъуыд, уыцы мигӕнӕнтӕ+ ӕмӕ къустӕ+, стӕй сызгъӕрин+ ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ. Ӕмӕ цалынмӕ Иодай ӕгас уыд, уӕдмӕ Йегъовӕйы хӕдзары ӕдзухдӕр хастой судзинаг нывӕндтӕ+. 15  Уӕдмӕ Иодай базӕронд ӕмӕ цардӕфсӕстӕй амард+. Куы амард, уӕд ыл цыди сӕдӕ ӕртын азы. 16  Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты паддзӕхты фарсмӕ+, уымӕн ӕмӕ Иодай Израилӕн бирӕ хӕрзты бацыд+, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ хӕдзары тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта. 17  Иодайы мӕлӕты фӕстӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ+ паддзахмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ паддзах хъуыста уыдоны зондмӕ+. 18  Ӕмӕ сабыргай сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар ныууагътой ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕн+ ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+. Ӕмӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ Хуыцауы маст ссыгъд+. 19  Йегъовӕ сӕм ӕрвыста пехуымпарты+, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ йӕхимӕ раздӕхтаид. Ӕмӕ сӕ уыдон фӕдзӕхстой, фӕлӕ сӕм хъусӕг нӕ уыд+. 20  Иухатт сауджын Иодайы+ фырт Захарийыл+ ӕрцыд+ Хуыцауы тых*+, ӕмӕ Захари адӕмы раз бӕрзонддӕр ран слӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы ӕцӕг Хуыцау: „Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты сӕрты цӕмӕн хизут? Уый уӕ хорзмӕ не ’ркӕндзӕн+. Йегъовӕйы кӕй ныууагътат, уый тыххӕй уӕ уый дӕр ныууадздзӕн“»+. 21  Ӕппынфӕстаг Захарийы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+ ӕмӕ йӕ паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой+. 22  Паддзах Иоас, Захарийы фыд Иодай йӕ цы ӕнувыд уарзтӕй уарзта, уый дӕр не ’рхъуыды кодта+, ӕмӕ йын йӕ фырты амардта. Ӕмӕ Захари куы мард, уӕд ма загъта: «Йегъовӕ дын ӕй ма ныббарӕд»+. 23  Иннӕ азы райдианы+ Сирийы ӕфсад+ Иоасы ныхмӕ рацыд+ ӕмӕ Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрбабырста. Сириӕгтӕ адӕмы кънйӕзты+ се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ дзы мулкӕй цыдӕриддӕр рахастой, уый Дамаскы+ паддзахӕн арвыстой. 24  Чи ’рбабырста, уыцы сириӕгты ӕфсад стыр нӕ уыд+, фӕлӕ сын Йегъовӕ Иудӕйы стыр ӕфсад сӕ къухмӕ радта+, уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы. Ӕмӕ сириӕгтӕ сӕххӕст кодтой, Иоасӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый+. 25  Сириӕгтӕ йӕ тынг рынчынӕй ныууагътой+, ӕмӕ куы ацыдысты, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+, цӕмӕй дзы сауджын Иодайы+ фыртты* туг райстаиккой+. Ӕмӕ йӕ йӕ хуыссӕны амардтой+. Уый фӕстӕ йӕ Давиды горӕты бавӕрдтой+, фӕлӕ, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уым нӕ+. 26  Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты аммонаг сылгоймаг Шимеафӕйы фырт Завад+ ӕмӕ моаваг сылгоймаг Шимрифӕйы фырт Йегъозавад. 27  Йӕ фыртты тыххӕй ӕмӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ ныхӕстӕ ӕрцыд загъд+, стӕй, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд сцалцӕг кодта+, уыдӕтты тыххӕй фыст ис, Паддзӕхты чиныг кӕм ӕмбарын кӕнынц, уым+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амаси+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ӕвдисӕнады».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Иуӕй-иу рагон тӕлмацты (LXX, Vg) у «фырт». Дзут. тексты бирӕон нымӕцы кӕй ис, уый, ӕвӕц., амоны, Иодайы фырт Захарийӕн, пехуымпарӕн ӕмӕ сауджынӕн, цы стыр кад ӕмӕ цыт уыд, уымӕ.