2 Азфыстыты 25:1—28

25  Амаси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ дыууын фараст азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йегъоаддан+ ӕмӕ уыд Иерусалимӕй.  Амаси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, фӕлӕ ӕппӕт+ зӕрдӕйӕ нӕ.  Куыддӕр паддзахы бартӕ йӕ къухы сфидар сты, афтӕ амардта+, паддзахы, ома йын йӕ фыды, чи амардта+, уыцы лӕггадгӕнджыты+.  Фӕлӕ сын сӕ фыртты нӕ амардта – уый бакодта, Йегъовӕ сын цы закъон бафӕдзӕхста ӕххӕст кӕнын, уым, ома Моисейы чиныджы+, куыд фыст ис, афтӕ: «Фыд хъуамӕ йӕ фырты тыххӕй ма амӕла+, ӕмӕ фырт дӕр хъуамӕ йӕ фыды тыххӕй ма амӕла+. Алчидӕр хъуамӕ амӕла йӕхи тӕригъӕды тыххӕй»+.  Амаси Иудӕйы адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ Иудӕйы мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг слӕууын кодта сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+ ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта минты хистӕрты+ ӕмӕ сӕдӕты хистӕрты+. Стӕй, дыууын+ азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдоны ныффыста, ӕмӕ уыдысты ӕртӕсӕдӕ мин адӕймаджы. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хуыздӕр хӕстонтӕ, ӕрцытӕ+ ӕмӕ стыр уартытӕ+ чи хаста, ахӕмтӕ.  Уымӕй уӕлдай ма Израилы сӕдӕ ӕвзист талантӕй баххуырста сӕдӕ мин хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстоны.  Ӕмӕ уӕд Амасимӕ ӕрбацыд ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ ӕмӕ йын загъта: «Паддзах, Израилы ӕфсад демӕ ма акӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ нӕй Израилимӕ+, Ефремы ӕппӕт фырттимӕ.  Дӕхӕдӕг ацу ӕмӕ схӕц, у хъӕбатыр+. Кӕннод ӕцӕг Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ знаджы раз фӕцуддзынӕ. Хуыцауӕн йӕ бон у баххуыс кӕнын+ дӕр ӕмӕ фӕцудын кӕнын дӕр»+.  Уӕд Амаси+ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн загъта: «Ӕмӕ, Израилы ӕфсӕдтӕн кӕй радтон, уыцы сӕдӕ таланты та?»+ Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ын дзуапп радта: «Йегъовӕ дын уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн»+. 10  Ӕмӕ уӕд Амаси, Ефремӕй йӕм чи ’рцыд, уыцы ӕфсӕдтӕ фӕхицӕн кодта, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ арвыстаид. Фӕлӕ уыдон Иудӕмӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ сӕхимӕ аздӕхтысты+. 11  Ӕмӕ Амаси ныфсджынӕй рацыд, йӕ адӕмы акодта, ӕмӕ ӕрцыдысты Цӕххы дӕлвӕзмӕ+. Ӕмӕ уым Сеиры+ фырттӕй дӕс мины ныццагъта+. 12  Дӕс мин адӕймаджы та дзы Иудӕйы фырттӕ удӕгасӕй ӕрцахстой. Ӕмӕ сӕ къӕдзӕхы цъупмӕ скодтой ӕмӕ сӕ уырдыгӕй раппӕрстой, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ныппырх сты+. 13  Амаси хӕстмӕ йемӕ кӕй нӕ акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй арвыста, уыцы хӕстонтӕ+ та райдыдтой Иудӕйы горӕттӕм лӕбурын, Самарийӕ+ суанг Беф-Ороны+ онг. Ӕмӕ дзы ныццагътой ӕртӕ мин адӕймаджы ӕмӕ бирӕ фӕллой рахастой. 14  Фӕлӕ Амаси едомӕгты куы ныппырх кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йемӕ ӕрхаста Сеиры фыртты хуыцӕутты+ ӕмӕ сӕ йӕхицӕн сӕвӕрдта, адон мӕ хуыцӕуттӕ уыдзысты+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын райдыдта кувын, сӕ разы йӕ зонгуытыл лӕууыд+ ӕмӕ сын нывӕндты фӕздӕг уагъта+. 15  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы маст ссыгъд Амасимӕ ӕмӕ йӕм иу пехуымпары арвыста ӕмӕ йын загъта: «Уыцы адӕмы хуыцӕуттӕн+ цӕмӕн кувыс?+ Сӕхи адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын сӕ бон куы нӕ баци»+. 16  Пехуымпар йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ йын паддзах загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй сӕвӕрдтам, мыййаг?+ Ныхъхъус у+, кӕннод дӕ мӕлӕт ссардзынӕ». Ӕмӕ пехуымпар дӕр ныхъхъус, ӕрмӕст ма загъта: «Ӕз ӕй зонын, Хуыцау дӕ фесафынвӕнд кӕй скодта+, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ бакодтай+ ӕмӕ мын мӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстай»+. 17  Уый фӕстӕ Иудӕйы паддзах Амаси йӕ уынаффӕгӕнджытимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ Израилы паддзах Иоасмӕ, Ииуйӕн йӕ фырт Иоахазы фыртмӕ, арвыста минӕвӕрттӕ+ ахӕм ныхасимӕ: «Ӕрцу ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлӕм»+. 18  Израилы паддзах Иоас та Иудӕйы паддзах Амасимӕ ахӕм дзуапп арвыста+: «Ливаны сындзкъутӕр Ливаны кедрмӕ арвыста+, дӕ чызджы, дам, мын мӕ лӕппуйӕн ратт+. Фӕлӕ Ливаны хъӕдӕй хъӕддаг сырд+ рацыд ӕмӕ сындзкъутӕр йӕ къӕхты бын ныссӕста. 19  Ды загътай, ӕз едомӕгты ныппырх кодтон+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дӕ зӕрдӕ+ схъал ӕмӕ дӕхицӕн кад агурыс+. Фӕлтау ӕнцад дӕ хӕдзары бад+. Дӕ бон куы ницы у, уӕд хыл цӕмӕн къахыс?+ Дӕхи дӕр ӕмӕ Иудӕйы дӕр цӕмӕн сафыс?»+ 20  Фӕлӕ йӕм Амаси нӕ байхъуыста, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕцӕг Хуыцауӕй уыд+ – Едомы хуыцӕуттӕй ӕххуыс кӕй агуырдтой, уый тыххӕй сӕ знаджы къухмӕ раттынвӕнд скодта+. 21  Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иоас дӕр ӕрцыд+, ӕмӕ Иудӕйы паддзах Амасиимӕ Иудӕйы зӕххыл Вефсамисы+ раз лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлдысты+. 22  Ӕмӕ Израил Иудӕйы ныппырх кодта+, ӕмӕ Иудӕйы адӕм сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты+. 23  Вефсамисы раз Израилы паддзах Иоас ӕрцахста Иудӕйы паддзах Амасийы+, Иоахазӕн йӕ фырт Иоасы фырты. Стӕй йӕ Иерусалиммӕ ӕркодта+ ӕмӕ Иерусалимы къул Ефремы кулдуарӕй+ суанг Фисыны кулдуары+ онг ныппырх кодта – уыди дзы цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины*. 24  Иоас ахаста, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары Овед-Едомы бар цыдӕриддӕр сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ дзауматӕ уыди, уыдон+, стӕй, паддзахы хӕдзары цы хӕзнатӕ уыд, уыдон дӕр+. Йемӕ акодта уацайрӕгтӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрыздӕхт+. 25  Израилы паддзах, Иоахазы фырт Иоас+, куы амард, уый фӕстӕ ма Иудӕйы паддзах Амаси+, Иоасы фырт, фӕцард фынддӕс азы+. 26  Амасийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй+, фыст ис Иудӕйы ӕмӕ Израилы паддзӕхты+ чиныджы+. 27  Амаси Йегъовӕйы коммӕ куы нал каст, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иерусалимы йӕ ныхмӕ кодтой сусӕгвӕнд+. Ӕппынфӕстаг Лахисмӕ алыгъд+, фӕлӕ Лахисмӕ дӕр йӕ фӕдыл арвыстой ӕмӕ йӕ уым амардтой+. 28  Ӕмӕ йын йӕ мард Иудӕйы горӕтмӕ бӕхтыл ӕрластой+ ӕмӕ йӕ уым йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой+.

Фиппаинӕгтӕ

178 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.