2 Азфыстыты 27:1—9

27  Иофам+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йерушӕ+, уыди Садокы чызг.  Иофам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыд Ози куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+, ӕрмӕст Йегъовӕйы кувӕндонмӕ никуы бацыд+. Фӕлӕ адӕм нырма цыдысты сӕфты фӕндагыл+.  Иофам сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары уӕллаг кулдуар+ ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта Офелы къулыл+ дӕр.  Стӕй ма Иудӕйы+ хӕхбӕсты сарӕзта горӕттӕ+, хъӕдты+ та – фидӕрттӕ+ ӕмӕ мӕсгуытӕ+.  Иофам хӕцыд Аммоны фыртты+ паддзахимӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Гъемӕ йын уыцы аз Аммоны фырттӕ бафыстой сӕдӕ таланты ӕвзист, дӕс мин стыр дурыны*+ мӕнӕу+ ӕмӕ дӕс мин стыр дурыны та – хъӕбӕрхор+. Аммоны фырттӕ йын уыйбӕрц бафыстой дыккаг аз дӕр ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр+.  Иофам кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз цыди раст фӕндагыл*+.  Иофамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та+, куыд хӕцыд ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты чиныджы+.  Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+.  Ӕппынфӕстаг Иофам йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «коры»; иу кор у 220 л.
Комк. «йӕ фӕндӕгтӕ бацӕттӕ кодта».