2 Азфыстыты 28:1—27

28  Ахаз+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. Фӕлӕ, йӕ фыдӕл Давидӕй уӕлдай, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый нӕ арӕзта+.  Ахаз цыди Израилы паддзӕхты фӕндӕгтыл+ ӕмӕ ма Ваалты+ гуымирытӕ+ дӕр сарӕзта.  Уый Енномы фырты дӕлвӕзы+ нывӕндты фӕздӕг уагъта+ ӕмӕ йӕ фыртты арты басыгъта*+ – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта+, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+.  Кувӕн бынӕтты+, къуыбыртыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ нывӕндтӕ хаста+ ӕмӕ-иу уым нывӕндты фӕздӕг суагъта.  Гъемӕ йӕ уый тыххӕй йӕ Хуыцау Йегъовӕ Сирийы паддзахы+ къухмӕ радта+, ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой, йӕ адӕмӕй йын тынг бирӕ уацары акодтой ӕмӕ сӕ ӕркодтой Дамаскмӕ+. Стӕй йӕ Израилы паддзахы+ къухмӕ дӕр радта, ӕмӕ йын уый дӕр йӕ адӕмӕй тынг бирӕ ныццагъта.  Ремалийы+ фырт Факей+ Иудӕйы иу бонмӕ амардта сӕдӕ дыууын мин хъӕбатыр хӕстоны, уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы+.  Ефремы мыггагӕй+ тыхджын хӕстон Зихри та амардта паддзахы фырт Маасейӕйы, стӕй Азрикамы – хӕдзары сӕргъы чи лӕууыд, уый, ӕмӕ Елхъаны – паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕджы.  Уымӕй уӕлдай ма Израилы фырттӕ се ’фсымӕртӕй уацары акодтой дыууӕсӕдӕ мин адӕймаджы – сӕ устыты, сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты. Стӕй сӕ рахастой бирӕ мулк ӕмӕ йӕ Самаримӕ ӕрхастой+.  Уым уыди Йегъовӕйы пехуымпар, Одед, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, Самаримӕ чи здӕхт, уыцы ӕфсады размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы маст ссыгъд+ Иудӕмӕ ӕмӕ уын сӕ уӕ къухмӕ уый тыххӕй радта. Фӕлӕ сӕ сымах афтӕ ӕгъатырӕй фӕцагътат+, ӕмӕ уыцы хабар уӕлӕрвтӕм схӕццӕ+. 10  Ӕмӕ ныр та Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы фырттӕй уӕхицӕн лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ скӕнынмӕ хъавут. Фӕлӕ цымӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз уӕхӕдӕг тӕригъӕд никуы ракодтат? 11  Байхъусут мӕм! Уе ’фсымӕртӕй уацары кӕй ракодтат, уыдоны фӕстӕмӕ арвитут+, уымӕн ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы маст судзы»+. 12  Ӕмӕ уӕд Ефремы фыртты+ хистӕртӕй чидӕртӕ+: Йегъохананы фырт Азари, Мешиллемофы фырт Берехи, Шаллумы фырт Езеки ӕмӕ Хадлайы фырт Амессай – ӕрлӕууыдысты, хӕстӕй чи здӕхт, уыдоны размӕ 13  ӕмӕ сын загътой: «Уацайрӕгты ардӕм ма ӕрбакӕнут, кӕннод Йегъовӕйы раз фӕаххосджын уыдзыстӕм. Нӕ тӕригъӕдтӕм ӕмӕ нын нӕ аххосмӕ ноджыдӕр бафтауынмӕ хъавут? Ӕнӕуи дӕр нӕ тӕригъӕдтӕ нӕ сӕрӕй уӕлдӕр куы сты+ ӕмӕ Израилмӕ Хуыцауы маст куы судзы»+. 14  Уӕд гӕрзифтонг лӕгтӕ+ уацайрӕгты+ ӕмӕ, цы мулк рахастой, уый кънйӕзты+ раз ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз ныууагътой. 15  Ӕмӕ, номгай кӕй ранымадтой+, уыцы лӕгтӕ уацайрӕгты ракодтой, бӕгънӕг* сӕ чи уыд, уыдонӕн, цы мулк рахастой, уырдыгӕй дзаумӕттӕ радтой. Радтой сын дзаумӕттӕ+, стӕй дзабыртӕ дӕр, бахӕрын сын кодтой+, дон сын бадардтой+ ӕмӕ сӕ сойӕ байсӕрстой. Йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, уыдоны та хӕрджытыл сбадын кодтой+ ӕмӕ сӕ ӕркодтой се ’фсымӕртӕм Иерихонмӕ+, пальмӕбӕлӕсты горӕтмӕ+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Самаримӕ ӕрыздӕхтысты+. 16  Уыцы рӕстӕг паддзах Ахаз+ Ассирийы+ паддзӕхтӕм ӕххуысмӕ арвыста. 17  Стӕй ма едомӕгтӕ+ дӕр ӕрбабырстой, Иудӕйы адӕмы ныппырх кодтой ӕмӕ семӕ уацайрӕгты акодтой. 18  Филистимӕгтӕ+ та ӕрбабырстой, Иудӕйы зӕххыл чи ис, уыцы Шефелӕйы+ ӕмӕ Негевы+ горӕттӕм ӕмӕ бацахстой Вефсамис+, Аиалон+, Гедероф+, стӕй Сохо+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Фимнӕ+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ Гимзо ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты. 19  Афтӕ Йегъовӕ Израилы паддзах Ахазы тыххӕй Иудӕйы адӕмы басаста+, уымӕн ӕмӕ сӕ уый сӕхи бар ауагъта+, ӕмӕ фехӕлдысты, стӕй Йегъовӕйы раз стыр тӕригъӕдтӕ арӕзта. 20  Ӕппынфӕстаг ӕм ӕрбацыд Ассирийы паддзах Феглафелласар+ ӕмӕ йӕ фидардӕр нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын йӕ уавӕр ноджы фӕуӕззаудӕр кодта+. 21  Ӕмӕ уӕд Ахаз рахаста, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы+ ӕмӕ кънйӕзты хӕдзары+ цы хӕзнатӕ уыд, уыдон ӕмӕ сӕ Ассирийы+ паддзахӕн балӕвар кодта, фӕлӕ йын уый дӕр нӕ баххуыс кодта. 22  Ассирийы паддзах ын йӕ уавӕр куы фӕуӕззаудӕр кодта, уӕд паддзах Ахаз Йегъовӕйы раз ноджы стырдӕр тӕригъӕд сарӕзта+. 23  Нывӕндтӕ хӕссын райдыдта Дамаскы+ хуыцӕуттӕн+, чи йӕ цагъта, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц+, ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕсдзынӕн, цӕмӕй мӕнӕн дӕр ӕххуыс кӕной»+. Ӕмӕ уыдон йӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилӕн дӕр систы цӕлхдур+. 24  Уымӕй уӕлдай ма, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары цы мигӕнӕнтӕ+ уыд, уыдон ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ныссаста+, Йегъовӕйы хӕдзары дуӕрттӕ сӕхгӕдта+ ӕмӕ йӕхицӕн Иерусалимы алы тигъыл дӕр скодта нывондхӕссӕнтӕ+. 25  Стӕй ӕппӕт горӕтты, Иудӕйы горӕтты, скодта кувӕн бынӕттӕ+, цӕмӕй дзы ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уагътаиккой+, ӕмӕ уымӕй ӕфхӕрдта+ йӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы. 26  Ахазы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй+ ӕмӕ, цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй та, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы+. 27  Ӕппынфӕстаг Ахаз йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой горӕты, Иерусалимы, ӕрмӕст, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уым нӕ+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езеки.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «артыл ахизын кодта».
Кӕнӕ «афтид мидӕггӕгты».