2 Азфыстыты 29:1—36

29  Езеки+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ дыууын фараст азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Авийӕ, уыди Захарийы чызг+.  Езеки арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд+, уый, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+.  Паддзах фыццаг аз куы уыд, уӕд фыццаг мӕйы Йегъовӕйы хӕдзары дуӕрттӕ байгом кодта ӕмӕ сӕ сцалцӕг кодта+.  Уый фӕстӕ сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ, скӕсӕнырдыгӕй чи уыди, уыцы фӕзы ӕрӕмбырд кодта+.  Ӕмӕ сын загъта: «Левиттӕ, байхъусут мӕм. Уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар дӕр ссыгъдӕг кӕнут+, сыгъдӕг бынаты цы ӕлгъаг хуыцӕуттӕ ис, уыдон уырдыгӕй рахӕссут+.  Нӕ фыдӕлтӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл гадзрахатӕй цыдысты+ ӕмӕ арӕзтой, йӕ цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Уыдон ӕй ныууагътой+, Йегъовӕйы цатырӕй иуварс азылдысты+ ӕмӕ йӕм сӕ чъылдым сыздӕхтой.  Кувӕндоны мӕсыджы дуӕрттӕ сӕхгӕдтой+ ӕмӕ-иу цырагъдарӕнтӕ не ссыгътой+, нӕ дзы сыгътой буд дӕр+ ӕмӕ сыгъдӕг бынаты Израилы Хуыцауӕн судзинаг нывӕндтӕ нӕ хастой+.  Ӕмӕ Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкодта+, цы сыл ӕрцыд, уый чи федта, уый-иу барызти+ ӕмӕ-иу ныхситт кодта+. Афтӕ кӕй у, уый уӕхи цӕстӕй дӕр уынут.  Нӕ фыдӕлтӕ карды комӕй фӕцагъды сты+, нӕ фыртты, нӕ чызджыты ӕмӕ нын нӕ устыты та уацары акодтой+. 10  Ӕмӕ ныр мӕ зӕрды ис Израилы Хуыцау Йегъовӕимӕ бадзырд саразын+, цӕмӕй нӕм йӕ маст мауал судза. 11  Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ, ӕнцад мауал бадут+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ сымах равзӕрста, цӕмӕй йӕ разы лӕууат ӕмӕ йын лӕггад кӕнат+, о, цӕмӕй уат йӕ лӕггадгӕнджытӕ+ ӕмӕ йын-иу нывӕндты фӕздӕг суадзат»+. 12  Уӕд левиттӕ+ дӕр хъуыддагмӕ бавнӕлдтой. Каафы фырттӕй+ дзы уыди: Амасайы фырт Махаф ӕмӕ Азарийы фырт Иоил. Мерарийы фырттӕй+: Авдийы фырт Кис ӕмӕ Йегаллелелы фырт Азари. Гирсоны фырттӕй+: Зиммӕйы фырт Иоах ӕмӕ Иоахы фырт Едем. 13  Елицафаны фырттӕй+: Шимри ӕмӕ Йеуил. Асафы фырттӕй+: Захари ӕмӕ Матфани. 14  Еманы фырттӕй+: Йехиил ӕмӕ Шимей, ӕмӕ Идифуны фырттӕй+: Шемайӕ ӕмӕ Узиил. 15  Гъемӕ уыдон се ’фсымӕрты ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+. Стӕй, Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ сын паддзах куыд загъта+, афтӕ ӕрбацыдысты Йегъовӕйы хӕдзар ссыгъдӕг кӕнынмӕ+. 16  Сауджынтӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацыдысты, цӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кодтаиккой. Ӕмӕ, Йегъовӕйы кувӕндоны чъизийӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон Йегъовӕйы хӕдзары кӕртмӕ+ рахастой, левиттӕ та сӕ уырдыгӕй ахастой Кедроны дӕлвӕзмӕ+. 17  Сыгъдӕг кӕнынмӕ бавнӕлдтой фыццаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон ӕмӕ мӕйӕн йӕ ӕстӕм бон бахӕццӕ сты Йегъовӕйы кувӕндоны мӕсыгмӕ+. Гъемӕ аст боны сыгъдӕг кодтой Йегъовӕйы хӕдзар ӕмӕ фесты фыццаг+ мӕйӕн йе ’хсӕрдӕсӕм бон. 18  Уый фӕстӕ паддзах Езекимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕйы хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ссыгъдӕг кодтам. Ссыгъдӕг кодтам, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕн+ дӕр ӕмӕ, йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ ис, уыдон, стӕй, нывонд дзултӕ кӕуыл ӕвӕрынц, уыцы стъол+ ӕмӕ, йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ ис, уыдон дӕр. 19  Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд+, уыцы паддзах Ахаз+ кӕй айста ӕмӕ кӕмӕй нӕ архайдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр ӕрцӕттӕ кодтам ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодтам+. Ӕмӕ ныртӕккӕ сты Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз». 20  Уӕд паддзах Езеки+ райсомӕй раджы сыстад+, горӕты кънйӕзты ӕрӕмбырд кодта+ ӕмӕ ацыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ. 21  Уыдон семӕ ӕрбакодтой авд галы+, авд фыры, авд нӕл уӕрыччы, стӕй авд цӕуы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ – хъуамӕ сӕ ӕрхастаиккой паддзахады тыххӕй, кувӕндоны тыххӕй ӕмӕ Иудӕйы адӕмы тыххӕй. Ӕмӕ Езеки сауджынтӕн+, Аароны фырттӕн, загъта, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхастаиккой. 22  Фыццаг уал аргӕвстой+ галты, ӕмӕ сын сауджынтӕ сӕ туг райстой+ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл бапырх кодтой+. Уый фӕстӕ аргӕвстой фырыты+ ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ туг нывондхӕссӕныл бапырх кодтой+. Стӕй та аргӕвстой нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уыдоны туг дӕр нывондхӕссӕныл бапырх кодтой. 23  Фӕстагмӕ сауджынтӕ, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн чи уыд, уыцы цӕуты+ паддзахы ӕмӕ адӕмы размӕ ӕрбакодтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой+. 24  Стӕй сауджынтӕ цӕуты аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ туг нывондхӕссӕныл тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрхастой, цӕмӕй ӕгас Израил дӕр сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаиккой+, уымӕн ӕмӕ паддзах афтӕ загъта, зӕгъгӕ, судзинаг нывонд ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхӕссын хъӕуы+ ӕгас Израилы тыххӕй дӕр+. 25  Уӕдмӕ та Езеки левитты+ ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, хъисфӕндыртимӕ+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ слӕууын кодта Йегъовӕйы хӕдзары раз – Давид+, стӕй Гад+, паддзахӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг чи уыд, уый, ӕмӕ пехуымпар Нафан+ куыд бафӕдзӕхстой, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕдзӕхста Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты+. 26  Гъемӕ левиттӕ лӕууыдысты, Давид кӕй скодта, уыцы музыкалон инструменттимӕ+, сауджынтӕ та лӕууыдысты уадындзтимӕ+. 27  Уӕд Езеки загъта, цӕмӕй нывондхӕссӕныл судзинаг нывонд ӕрхастаиккой. Судзинаг нывонд хӕссын куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕйӕн ныззарыдысты+. Ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй скодта, уыцы музыкалон инструментты цагъдмӕ уадындзтӕ дӕр ныууасыдысты. 28  Ӕмӕ куы зарыдысты+ ӕмӕ уадындзтӕй куы уасыдысты, уӕд адӕм та сӕ сӕртӕй ныллӕг куывтой+. Ӕмӕ афтӕ уыди, цалынмӕ судзинаг нывонд хаст не ’рцыд, уӕдмӕ. 29  Нывонд куы ’рхастой, уӕд паддзах ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+. 30  Уый фӕстӕ паддзах Езеки ӕмӕ кънйӕзтӕ+ левиттӕн загътой, зӕгъгӕ, Давиды+ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Асафы+ псаломтӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнут. Ӕмӕ уыдон дӕр цингӕнгӕйӕ+ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+. 31  Ӕппынфӕстаг Езеки загъта: «Ныр уӕ къухмӕ бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты+ ӕмӕ уӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Гъемӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ нывӕндтӕ+ ӕмӕ арфӕйы+ нывӕндтӕ ӕрхӕссут». Ӕмӕ уӕд адӕм нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой, стӕй ма йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр загъта, уыдон дӕр ӕрбакодтой кусӕрттӕгтӕ судзинаг нывондӕн+. 32  Адӕм судзинаг нывондӕн кӕй ӕрбакодтой, уыцы кусӕрттӕгтӕ уыдысты ӕвдай галы, сӕдӕ фыры ӕмӕ дыууӕсӕдӕ нӕл уӕрыччы – адон иууылдӕр уыдысты судзинаг нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн+. 33  Иннӕ нывӕндтӕ та уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ галы ӕмӕ ӕртӕ мин фысы. 34  Фӕлӕ ӕппӕт уыцы судзинаг нывӕндты+ царм бастигъынӕн сауджынтӕ+ нӕ фаг кодта. Ӕмӕ, цалынмӕ нӕ фесты+ ӕмӕ цалынмӕ сауджынтӕ сӕхи не ссыгъдӕг кодтой+, уӕдмӕ сын ӕххуыс кодтой се ’фсымӕртӕ+, левиттӕ, уымӕн ӕмӕ левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл сауджынтӕй зӕрдиагдӕрӕй архайдтой+. 35  Стӕй дзы тынг бирӕ уыди судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны+ нывӕндты фиу+ дӕр, ӕмӕ ма судзинаг нывӕндтимӕ цы кувинаг нозт+ хастой, уый дӕр бирӕ уыди. Гъемӕ афтӕмӕй ӕппӕт дӕр бацӕттӕ кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнӕн уыдаид+. 36  Ӕмӕ Езеки ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр цин кодтой, ӕцӕг Хуыцау адӕмӕн куыд баххуыс кодта+, ууыл, уымӕн ӕмӕ, афтӕ уыдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ