2 Азфыстыты 30:1—27

30  Езеки ӕгас Израилы+ ӕмӕ Иудӕйы адӕммӕ арвыста, стӕй Ефрем+ ӕмӕ Манассийы+ мыггӕгтӕм ныффыста фыстӕджытӕ, зӕгъгӕ, ӕрцӕут Иерусалиммӕ, Йегъовӕйы хӕдзармӕ+, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл Куадзӕн скӕнӕм+.  Фӕлӕ паддзах, йӕ кънйӕзтӕ+ ӕмӕ Иерусалимы адӕм се ’ппӕт дӕр+ бауынаффӕ кодтой, Куадзӕн дыккаг мӕйы кӕй скӕндзысты+,  уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаг мӕйы скӕнын сӕ бон нӕ уыди+ – иуӕй дзы, йӕхи чи ссыгъдӕг кодта, ахӕм сауджынтӕ нӕ уыди фаг+, иннӕмӕй та адӕм Иерусалиммӕ нӕма ӕрӕмбырд сты.  Ӕмӕ уыцы хъуыддаг паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ дӕр раст фӕкаст+.  Гъемӕ сфӕнд кодтой ӕгас Израилы адӕммӕ дӕр фӕдзурын+, Вирсавийӕ+ суанг Даны+ онг, цӕмӕй Иерусалиммӕ ӕрцӕуой ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл Куадзӕн скӕной, уымӕн ӕмӕ-иу уый размӕ уыцы бӕрӕгбонмӕ бирӕйӕ нӕ ӕрӕмбырд сты+ – закъоны куыд фыст уыди, афтӕ нӕ кодтой+.  Ӕмӕ уӕд паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ хабархӕсджытӕ+, паддзахы ӕмӕ йӕ кънйӕзты+ номӕй фыст чи уыд, уыцы фыстӕджытимӕ ӕгас Израил ӕмӕ Иудӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ дзырдтой: «Израилы фырттӕ, раздӕхут+ Авраамы, Исахъы ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ+, цӕмӕй уый дӕр раздӕха, чи ма уӕ баззад+, Ассирийы+ паддзӕхты къухӕй ма уӕ чи аирвӕзт, уыдонмӕ.  Ма ут уӕ фыдӕлты ӕмӕ уе ’фсымӕрты хуызӕн+ – уыдон сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйыл гадзрахатӕй рацыдысты, ӕмӕ сӕ уый дӕр диссагӕн дзуринаг фӕкодта+, ӕмӕ йӕ абон уӕхӕдӕг дӕр уынут.  Уӕ фыдӕлтау хивӕнд ма сут+. Йегъовӕйы коммӕ бакӕсут*+, ӕрбацӕут йӕ кувӕндонмӕ+, ӕнустӕм кӕй ссыгъдӕг кодта+, уыцы кувӕндонмӕ ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут+, цӕмӕй уӕм йӕ маст мауал судза+.  Сымах Йегъовӕмӕ куы раздӕхат+, уӕд, уе ’фсымӕртӕ ӕмӕ уӕ фырттӕ уацары кӕмӕ сты, уыдоны зӕрдӕ сӕм ӕрфӕлмӕн уыдзӕн+, ӕмӕ сӕ бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕрыздӕхын+. Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, ӕмӕ йӕм куы раздӕхат, уӕд уыл йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн»+. 10  Гъемӕ хабархӕсджытӕ+ дарддӕр цыдысты ӕмӕ ӕрзылдысты, Ефрем+ ӕмӕ Манассийы зӕххыл цы горӕттӕ ис, уыдоныл ӕмӕ суанг Завулоны зӕхмӕ дӕр бахӕццӕ сты. Фӕлӕ сыл уым адӕм худтысты ӕмӕ сӕ хынджылӕг кодтой+. 11  Асиры, Манассийы ӕмӕ Завулоны мыггӕгтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ+ ӕрныллӕг кодтой+ сӕхи Хуыцауы раз ӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрцыдысты. 12  Ӕцӕг Хуыцауы къух бӕрӕг уыд Иудӕйы дӕр ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодта+, цӕмӕй, паддзах ӕмӕ кънйӕзтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы бардзырд радтой+, уый ӕмвӕнд-ӕмзондӕй сӕххӕст кодтаиккой+. 13  Ӕмӕ Иерусалимы тынг бирӕ адӕм ӕрӕмбырд+, цӕмӕй дыккаг+ мӕйы скодтаиккой Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Адӕмӕй дзы къух бакӕнӕн нӕ уыди. 14  Гъемӕ уыцы адӕм, Иерусалимы цы нывондхӕссӕнтӕ уыд, уыдон ныппырх кодтой+, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны дӕлвӕзмӕ ныккалдтой+. 15  Ӕмӕ уый фӕстӕ, дыккаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, Куадзӕны нывонд аргӕвстой+. Уӕд сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм худинаг ӕркаст, ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+ ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ судзинаг нывондӕн кусӕрттӕгтӕ ӕрбакодтой. 16  Ӕмӕ сын цы уагӕвӕрд уыди, уымӕ гӕсгӕ, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сӕ бынӕтты лӕууыдысты+. Левиттӕ-иу сауджынтӕм+ туг балӕвӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй уыдон нывондхӕссӕныл бапырх кодтой. 17  Адӕмӕй нырма бирӕтӕ сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, ӕмӕ левиттӕн+ сӕ хӕс уыди, сыгъдӕг чи нӕ уыд, уыдонӕн сӕ Куадзӕны нывӕндтӕ+ аргӕвдын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы раз ссыгъдӕг кодтаиккой. 18  Нырма дзы бирӕ уыди, йӕхи чи не ссыгъдӕг кодта+, ахӕмтӕ – бирӕтӕ дзы уыдысты Ефремы+, Манассийы+, Иссахары ӕмӕ Завулоны+ мыггӕгтӕй. Уыдон бахордтой Куадзӕны нывондӕй, кӕд, закъоны фыст куыд у, уымӕ гӕсгӕ сын не ’мбӕлди+, уӕддӕр. Фӕлӕ Езеки уыдоны тыххӕй скуывта+: «Хӕларзӕрдӕ+ Хуыцау Йегъовӕ ныххатыр кӕнӕд, 19  йӕ зӕрдӕ+ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы агурынмӕ чидӕриддӕр сарӕзта, уыдонӕн, кӕд сӕхи ацы рухс бӕрӕгбонӕн не ссыгъдӕг кодтой, уӕддӕр»+. 20  Ӕмӕ Йегъовӕ фехъуыста Езекийы куывд ӕмӕ адӕмӕн ныххатыр кодта*+. 21  Израилы фырттӕ, Иерусалимы чи уыд, уыдон, авд боны бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон+ ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыди+. Левиттӕ+ ӕмӕ сауджынтӕ+ алы бон дӕр Йегъовӕйы кадджын кодтой – Йегъовӕйы кадӕн музыкалон инструменттӕй хъӕрӕй цагътой+. 22  Ӕмӕ Езеки фӕлмӕнӕй дзырдта+ левиттимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр, Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕрӕн чи уыд, уыдонимӕ+. Гъемӕ авд боны+ адӕм иууылдӕр бӕрӕгбоны фынгтыл минас кодтой, фарны нывӕндтӕ хастой+ ӕмӕ-иу сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы раз сӕ тӕригъӕдтыл басастысты+. 23  Уӕд адӕм иууылдӕр бауынаффӕ кодтой+, бӕрӕгбон ма ноджыдӕр авд боны кӕй ахӕсдзӕн+. Гъемӕ ма ноджыдӕр авд боны бӕрӕгбоны фӕцин кодтой. 24  Иудӕйы паддзах Езеки йӕхӕдӕг адӕмӕн радта+ иу мин галы ӕмӕ авд мин фысы, кънйӕзтӕ+ та сын радтой иу мин галы ӕмӕ дӕс мин фысы. Ӕмӕ сауджынтӕй+ тынг бирӕйӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой. 25  Ӕгас Иудӕйы адӕм+, сауджынтӕ, левиттӕ+, Израилӕй чи ’рцыд, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр+, стӕй, Израилӕй чи ’рцыд+, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ ӕмӕ, Иудӕйы чи цард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ дӕр цин кодтой+. 26  Иерусалимы уыди стыр циндзинад, уымӕн ӕмӕ, Давиды фырт Соломон+ куы уыди Израилы паддзах, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иерусалимы ахӕм хабар никуы уыд+. 27  Фӕстагмӕ левит-сауджынтӕ сыстадысты ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодтой+. Ӕмӕ сӕ Хуыцау фехъуыста, сӕ куывд фӕхӕццӕ уӕлӕрвтӕм, йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Йегъовӕйӕн къух раттут».
Комк. «сдзӕбӕх кодта».