2 Азфыстыты 31:1—21

31  Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ, израилӕгтӕй дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон+ ацыдысты Иудӕйы горӕттӕм+. Ӕмӕ, ӕгас Иудӕйы+, Вениамины, Ефремы+ ӕмӕ Манассийы+ зӕххыл цы кувӕн дуртӕ+ уыди, уыдон ныссастой, кувӕн цӕджындзтӕ+ афӕлдӕхтой, ныппырх кодтой кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ+ ӕмӕ не ’рлӕууыдысты, цалынмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ нӕ бакодтой, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр аздӕхтысты сӕ горӕттӕм, алчидӕр йӕхи зӕхмӕ.  Стӕй Езеки сауджынты ӕмӕ левитты+ сӕ къордтӕм гӕсгӕ адих кодта+, алы къорд дӕр – сауджынтӕн+ ӕмӕ левиттӕн+ цы хӕстӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ. Уыдон хъуамӕ хастаиккой судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+, хъуамӕ лӕггад кодтаиккой+, Хуыцауӕн арфӕ кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+ Йегъовӕйы хӕдзары кулдуӕртты раз.  Паддзах йӕ исбонӕй лӕвӕрдта+ хай судзинаг нывӕндтӕн+: райсомӕй+ ӕмӕ изӕрӕй кӕй хастой, стӕй сабатбонты+, мӕй-иу куы сног+, уыцы бонты ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+ кӕй хастой, уыцы судзинаг нывӕндтӕн, Йегъовӕйы закъоны куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ+.  Стӕй ма адӕмӕн, Иерусалимы цӕрджытӕн, загъта, цӕмӕй сауджынтӕн+ ӕмӕ левиттӕн+ сӕ хай лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы закъон, куыд ӕмбӕлы+, афтӕ ӕххӕст кодтаиккой+.  Уыцы ныхас йӕ дзыхӕй куы рацыд, уӕд Израилы фырттӕ+ сӕ фыццаг тыллӕгӕй фылдӕр дӕттын райдыдтой: мӕнӕу+, ног сӕн+, сой+, мыд+ ӕмӕ, зӕхх цыдӕриддӕр тыллӕг дӕтты+, уымӕй. Ӕмӕ алцӕмӕй дӕр рӕдауӕй дӕсӕм хай ӕрбахастой+.  Израилы ӕмӕ Иудӕйы фырттӕ, Иудӕйы горӕтты чи цард+, уыдон, дӕсӕм хай ӕрхастой стуртӕй ӕмӕ фыстӕй, стӕй дӕсӕм хай, табуйаг цы уыди+, сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн цы снывонд кодтой, уыдонӕй. Гъемӕ дуне лӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд кодтой.  Лӕвӕрттӕ иу ран ӕмбырд кӕнын райдыдтой ӕртыккӕгӕм+ мӕйы ӕмӕ фесты ӕвдӕм+ мӕйы.  Езеки ӕмӕ кънйӕзтӕ+ куы ’рбацыдысты ӕмӕ, адӕм цас лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уый куы федтой, уӕд Йегъовӕйы скадджын кодтой ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн, Израилӕн+, раарфӕ кодтой+.  Цасдӕры фӕстӕ Езеки сауджынты ӕмӕ левитты бафарста, лӕвӕртты хабар куыд у+, зӕгъгӕ. 10  Уӕд ын хистӕр сауджын Азари+, Садокы+ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уый, загъта: «Йегъовӕйы хӕдзармӕ мысайнӕгтӕ+ кӕдӕй хӕссынц, уӕдӕй нырмӕ адӕм сӕ фаг хӕрынц+, ӕмӕ ма дзы уӕддӕр зайгӕ дӕр бирӕ бакӕны+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн раарфӕ кодта+. Ӕмӕ дзы нырма мӕнӕ цас ис». 11  Уӕд Езеки загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары хӕрӕндӕттӕ+ бацӕттӕ кодтаиккой, ӕмӕ сӕ бацӕттӕ кодтой. 12  Ӕмӕ мысайнӕгтӕ+, дӕсӕм хӕйттӕ+ ӕмӕ, табуйаг цы уыд, уыдон уырдӕм ӕрбахастой ӕмӕ уыцы хъуыддаг бакодтой ӕнӕзӕрдӕхудтӕй+. Уыцы мысайнӕгтӕ уыдысты левит Хонанийы бар, йӕ фӕстӕ та сын дзуапп лӕвӕрдта йе ’фсымӕр Шимей. 13  Паддзах Езекийы бардзырдмӕ гӕсгӕ Хонанийӕн ӕмӕ йе ’фсымӕр Шимейӕн ӕххуыс кодтой Йехиил, Азази, Нахаф, Асаил, Йеримоф, Иозавад, Елиил, Исмахи, Махаф ӕмӕ Ванейӕ. Азари+ та уыди хистӕр ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары. 14  Скӕсӕнырдыгӕй+ дуаргӕс+ чи уыд, уыцы левит Корӕйӕн, Имнӕйы фыртӕн, йӕ бар уыдысты, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хастой+, уыцы нывӕндтӕ. Уый хъуамӕ уӕрстаид, Йегъовӕйӕн мысайнагӕн+ цы хастой, уыдон ӕмӕ уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕ+. 15  Сауджынты+ горӕтты йӕ дӕлбар уыдысты Едем, Миниамин, Йешуа, Шемайӕ, Амари ӕмӕ Шехани. Уыдон хъуамӕ+ се ’фсымӕртӕн сӕ къордтӕм гӕсгӕ лӕвӕрдтаиккой хӕринаг+ – хистӕртӕн дӕр ӕмӕ кӕстӕртӕн дӕр иухуызон+. 16  Хӕринаг сын лӕвӕрд цыд, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды чи уыди фыст+, уыдонӕй уӕлдай. Уыцы номхыгъды уыдысты, сӕ къордтӕм гӕсгӕ сыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ алы бон дӕр чи ’рбацыд, уыдон иууылдӕр. Номхыгъды фыст уыдысты, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд+, уыцы нӕлгоймӕгтӕ. 17  Ай у сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъд+, стӕй левитты+ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъд, дыууын+ азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдоныл сӕ къордтӕм гӕсгӕ цы хӕстӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ+. 18  Уыцы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды фыст уыдысты сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ, сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ дӕр – левиттӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕ иууылдӕр, уымӕн ӕмӕ левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, сӕ бар+ цы табуйаг хъуыддаг уыд, уый ӕххӕст кӕнын. 19  Стӕй ма дзы уыди Аароны фыртты+ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъд дӕр – сӕ горӕтты алыварс цы зӕххытӕ* ис, уым цы сауджынтӕ цӕры+, уыдоны номхыгъд. Алы горӕты дӕр ӕвӕрд уыди, номгай кӕй ранымадтой, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыдон хӕринаг лӕвӕрдтой, сауджынты мыггагӕй чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ, левиттӕй хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды фыст чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн. 20  Ӕмӕ Езеки афтӕ бакодта ӕгас Иудӕйы дӕр. Уый арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз+ ӕмӕ раст+ цы уыд, уый ӕмӕ йыл уыди иузӕрдион+. 21  Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ+, закъонимӕ+ ӕмӕ фӕдзӕхстытимӕ баст хъуыддӕгтӕй цӕмӕфӕнды ма бавнӕлдтаид – арӕзта йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ уыд ӕнтыстджын+. Ӕппӕт уыдӕттӕ Езеки уымӕн арӕзта, ӕмӕ йӕ Хуыцауы агуырдта+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хизӕнтӕ».